5 ЗАРӔГ
Хуыцауы диссаджы хъуыддӕгтӕ
-
1. Йегъовӕ, зоныс ды ӕппӕт дӕр,
Кӕмфӕнды ма уон,– алкӕм мӕ уыныс.
Ды сгарыс арф мӕ хъуыдытӕ, мӕ фӕндтӕ,
Фӕзоныс рагацау, цы зӕгъинаг дӕн ӕз.
Уыдтай мӕ, сусӕг ран куы уыдтӕн,
Нӕ уыди ’мбӕхст мӕ иу уӕнг дӕр дӕуӕй.
Ӕрцыди фыст дӕ чиныджы ӕппӕт дӕр.
Кӕнын дын кад дӕ бирӕ диссӕгты тыххӕй.
Хуыцау, дӕ зонд ӕцӕгдӕр дисы ’фтауы.
Кӕрон ын нӕй, ӕмбары уый мӕ уд.
Куы тӕрсон ӕз, кӕй мыл ӕртыхсдзӕн талынг,
Уӕд дӕр уыдзӕн дӕ сыгъдӕг тых мӕ рухс.
Кӕм бамбӕхсдзынӕн ӕз, Йегъовӕ,
Ӕмӕ кӕдӕм фӕлидздзынӕн дӕуӕй?
Нӕдӕр арф ингӕны, нӕдӕр уӕлӕрвты,
Нӕдӕр ӕхсӕвы тары ахӕм бынат нӕй.
(Ноджыдӕр кӕс Пс. 66:3; 94:19; Йер. 17:10.)