46 ЗАРӔГ
Стыр бузныг дын, Йегъовӕ
-
1. Стыр бузныг, Йегъовӕ, зӕгъӕм мах дӕуӕн –
Рӕдауӕй дӕ рухс радтай не ’ппӕтӕн.
Стыр бузныг, кӕй нын скодтай ахӕм стыр кад –
Ды хъусыс нӕ куывдтытӕм алы хатт.
-
2. Стыр бузныг, Йегъовӕ, кӕй ӕрцыд дӕ Фырт –
Фӕуӕлахиз уый ацы дунейыл.
Стыр бузныг, дӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнӕм.
Дӕ фӕрцы нӕ ныхасӕн хицау стӕм.
-
3. Стыр бузныг, кӕй дын хӕссӕм абон дӕ ном,
Дӕ рӕстдзинад хъусын кӕнӕм ӕргом.
Стыр бузныг, кӕй нал уыдзӕн ацы фыдцард,
Дӕ хӕрзтӕ ныл таудзӕн дӕ Паддзахад.
(Ноджыдӕр кӕс Пс. 50:14; 95:2; 147:7; Кол. 3:15.)