145 ЗАРӔГ
Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, зӕххыл дзӕнӕт кӕй уыдзӕн
-
1. Нӕ Хуыцау нын зӕрдӕ ӕвӕры:
Ӕгас зӕххыл уыдзӕн дзӕнӕт.
Нӕ уыдзӕн уӕд нӕдӕр тӕригъӕд,
Нӕдӕр цӕссыг, нӕдӕр мӕлӕт.
БАЗАРД
Зӕххыл дзӕнӕт уыдзӕни тагъд.
Ныр дӕр уынӕм нӕ фидӕн мах.
Ӕххӕст кӕндзӕн Чырысти уӕд
Ӕгас зӕххыл Хуыцауы фӕнд.
-
2. Чи амард, уый цӕрдзӕни ногӕй.
Хуыцау зӕгъы: уый ’цӕг уыдзӕн.
Чырысти тагъд цард ратдзӕн мӕрдтӕн,
Йӕ ныхас уӕд ӕххӕст кӕндзӕн.
БАЗАРД
Зӕххыл дзӕнӕт уыдзӕни тагъд.
Ныр дӕр уынӕм нӕ фидӕн мах.
Ӕххӕст кӕндзӕн Чырысти уӕд
Ӕгас зӕххыл Хуыцауы фӕнд.
-
3. Дзӕнӕт уыдзӕн, Чырысти загъта.
Ныр Паддзах у, йӕ дӕлбар стӕм.
Хуыцауӕн мах зӕгъӕм стыр бузныг
’Мӕ йын йӕ ном бӕрзонд кӕнӕм.
БАЗАРД
Зӕххыл дзӕнӕт уыдзӕни тагъд.
Ныр дӕр уынӕм нӕ фидӕн мах.
Ӕххӕст кӕндзӕн Чырысти уӕд
Ӕгас зӕххыл Хуыцауы фӕнд.
(Ноджыдӕр кӕс Матф. 5:5; 6:10; Иоан. 5:28, 29.)