124 ЗАРӔГ
Алкӕд ӕнувыд, иузӕрдион уӕм
-
1. Стыр Хуыцауыл стӕм ӕнувыд,
Тынг ӕй уарзӕм не ’ппӕт дӕр.
Мах йӕ закъон ’мӕ йӕ фӕндтӕ
’Ххӕст кӕндзыстӕм алкӕддӕр.
У пайда йӕ фӕдзӕхст махӕн,
Хъусӕм ын йӕ амындтӕм.
Уый йӕхӕдӕг у ӕнувыд.
Мах дӕр иузӕрдион уӕм!
-
2. Цӕй ’мӕ не ’мбырд алкӕд уарзӕм,
Уӕм ӕнувыд ууыл дӕр.
Уӕм рӕвдауаг ӕмӕ ’ууӕнкджын,
Алкӕд уӕм хӕларзӕрдӕ.
Кад кӕнӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ
Мах нӕ хотӕ, ’фсымӕртӕн.
Бонӕй-бонмӕ уӕм ӕнгомдӕр,
’Ххуыс кӕнӕм кӕрӕдзийӕн.
-
3. Уӕм ӕнувыд, ӕмӕ хъусӕм
Абон не ’фсымӕртӕм, цӕй!
Махӕн раттынц хорз уынаффӕ,
Цӕмӕй архайӕм рӕстӕй.
Арфӕ нын кӕндзӕн Йегъовӕ
’Мӕ нын хъарутӕ дӕтдзӕн.
Кӕд мах алкӕд уӕм ӕнувыд,
Уӕд Йегъовӕ цин кӕндзӕн.
(Ноджыдӕр кӕс Пс. 149:1; 1 Тим. 2:8; Дзут. 13:17.)