115 ЗАРӔГ
Бузныг стӕм Хуыцауы фӕразондзинады тыххӕй
-
1. Кадджын Йегъовӕ, хъомысджын дӕ,
Архайыс алкӕддӕр рӕстӕй.
Фӕлӕ фыддзинад сарӕх ныр.
Риссы нӕ зӕрдӕ ууыл тынг.
Зонӕм ӕй, ды нӕ кӕныс фӕстӕ,–
Ралӕудзӕн тагъд тӕрхоны рӕстӕг.
БАЗАРД
Размӕ ныфсджынӕй мах кӕсӕм.
Кадджын Йегъовӕ, бузныг дӕ стӕм!
-
2. Мин азы сты дӕуӕн, о Хуыцау,
Чи атахт, ахӕм иу бонау.
Де стыр бон тынг тагъд ралӕудзӕн,
Растдӕр йӕ афоныл уыдзӕн.
Фадат дӕттыс фыдгӕнджытӕн ды,
’Рфӕсмон кӕной сӕ тӕригъӕдтыл.
БАЗАРД
Размӕ ныфсджынӕй мах кӕсӕм.
Кадджын Йегъовӕ, бузныг дӕ стӕм!
(Ноджыдӕр кӕс Неем. 9:30; Лук. 15:7; 2 Пет. 3:8, 9.)