Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

142 зарӕг

Хъусын кӕнӕм алыхуызон адӕмӕн

Хъусын кӕнӕм алыхуызон адӕмӕн

(1 Тимофеймӕ 2:4)

  1. Фӕнды нӕ тынг Йегъовӕйы фӕзмын,

    Уый хъулон никӕй кӕны, зонӕм мах.

    Йӕхимӕ хоны ’ппӕт адӕмы дӕр,

    Цӕмӕй ӕнустӕм алчидӕр цӕра.

    БАЗАРД

    Бакаст нӕ, фӕлӕ зӕрдӕ

    У сӕйрагдӕр алкӕддӕр.

    Мах алкӕмӕн дӕр дзурӕм хорз хабар.

    Уарзӕм адӕмы, ӕмӕ

    Хъуамӕ алкӕмӕн зӕгъӕм:

    «Дӕ бон у, суай Хуыцауы хорз хӕлар».

  2. Кӕм цӕры адӕймаг, уый нӕу сӕйраг,

    Нӕдӕр, фыццаг цы цӕстӕй ракӕсы.

    Сӕйрагдӕр у, йӕ зӕрдӕйы цы ис,–

    Хуыцау Йегъовӕ зӕрдӕтӕм кӕсы.

    БАЗАРД

    Бакаст нӕ, фӕлӕ зӕрдӕ

    У сӕйрагдӕр алкӕддӕр.

    Мах алкӕмӕн дӕр дзурӕм хорз хабар.

    Уарзӕм адӕмы, ӕмӕ

    Хъуамӕ алкӕмӕн зӕгъӕм:

    «Дӕ бон у, суай Хуыцауы хорз хӕлар».

  3. Йегъовӕ алкӕддӕр фӕцин кӕны,

    Рӕстдзинад чи равзары, уыдоныл.

    Фӕнды нӕ алы адӕймагӕн дӕр

    Хуыцауы хабар фехъусын кӕнын.

    БАЗАРД

    Бакаст нӕ, фӕлӕ зӕрдӕ

    У сӕйрагдӕр алкӕддӕр.

    Мах алкӕмӕн дӕр дзурӕм хорз хабар.

    Уарзӕм адӕмы, ӕмӕ

    Хъуамӕ алкӕмӕн зӕгъӕм:

    «Дӕ бон у, суай Хуыцауы хорз хӕлар».