Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕрбаввахс у мӕнмӕ

Ӕрбаввахс у мӕнмӕ

Рафыссын

  1. 1. Тыхст ӕмӕ ныфссаст

    Раздӕр ӕз уыдтӕн, ныфс мӕ ницӕмӕй уыди.

    Федта мын Йегъовӕ ме стыр маст.

    Уый мӕ уарзӕгой Фыд ысси.

    Радта удӕнцой мӕнӕн,

    Равдыста уый йе стыр уарзт.

    1-АГ БАЗАРД

    Уый дзуры: «’Рбаввахс у ды мӕнмӕ,

    Бакӕн дӕхи мӕ бар.

    Мӕ зӕрдӕ дӕ рухс кӕны.

    Уыдзынӕн ӕз де ’ввахс Хӕлар.

    ’Рбаввахс у цӕй мӕнмӕ».

  2. 2. Нӕй мӕнӕн ӕнцой,

    ’Рбафты хатт зӕрдыл, раздӕр ӕз куыд цардтӕн, уый.

    Нал вӕййы мӕ сагъӕстӕн кӕрон.

    Фехъусы Хуыцау уӕд мӕ куывд.

    Йӕ фӕлмӕн уарзтӕй барӕвдауы мӕн,

    Ратты фарн ’мӕ удӕнцой.

    1-АГ БАЗАРД

    Уый дзуры: «’Рбаввахс у ды мӕнмӕ,

    Бакӕн дӕхи мӕ бар.

    Мӕ зӕрдӕ дӕ рухс кӕны.

    Уыдзынӕн ӕз де ’ввахс Хӕлар.

    ’Рбаввахс у цӕй мӕнмӕ».

    2-АГ БАЗАРД

    Куы нӕ зыдтон Хуыцауы ӕз,

    Зыдта мӕ уый уӕд дӕр.

    Ӕз ме Скӕнӕгӕн кувдзынӕн

    Ныр дӕр, ӕнустӕм дӕр.

    1-АГ БАЗАРД

    Уый дзуры: «’Рбаввахс у ды мӕнмӕ,

    Бакӕн дӕхи мӕ бар.

    Мӕ зӕрдӕ дӕ рухс кӕны.

    Уыдзынӕн ӕз де ’ввахс Хӕлар.

    ’Рбаввахс у цӕй мӕнмӕ».