«Ӕцӕг цард»
Рафыссын
1. Ацы сӕрдыгон диссаджы хурбон зӕрдӕ зары хъӕлдзӕгӕй.
Алчи – фӕрнӕйдзаг, ’мӕ алкӕм – сабыр цард.
Райгонд дӕн ӕз алцӕмӕй.
Цӕй ссӕуӕм хӕхты цъуппытӕм ’мӕ афӕлгӕсӕм,
Йегъовӕйы стыр лӕвӕрттыл фӕцин кӕндзыстӕм.
БАЗАРДЫ РАЗМӔ
Зонын, фендзынӕн ахӕм фидӕн ӕз тагъд.
1-АГ БАЗАРД
Куы ралӕууа ног дуне,– алы бон нын хӕсдзӕн стыр циндзинад.
Уым, зӕрдӕ цы зӕгъа, ратдзӕн алцы уарзӕгой Хуыцау.
Уый у ’цӕг цард!
2. Куыст райдыдта, ’мӕ алчи бавнӕлдта зӕхх ысрӕсугъд кӕнынмӕ.
Стӕм арфӕйаг, ис нын алцы парахат. Хъуысынц зарӕджы зӕлтӕ.
Ныссӕрфта алкӕй цӕссыг дӕр нӕ диссаджы Хуыцау!
Ӕнӕмаст, амондджын цард у стыр лӕвар, лӕвар.
1-АГ БАЗАРД
Куы ралӕууа ног дуне,– алы бон нын хӕсдзӕн стыр циндзинад.
Уым, зӕрдӕ цы зӕгъа, ратдзӕн алцы уарзӕгой Хуыцау.
Уый у ’цӕг цард!
2-АГ БАЗАРД
Зонын ӕз, цӕй диссаджы рӕстӕг уыдзӕн зӕххыл тагъд.
Ралӕудзӕн, кӕмӕ бӕллӕм мах рагӕй дӕр, уыцы цард.
1-АГ БАЗАРД
Куы ралӕууа ног дуне,– алы бон нын хӕсдзӕн стыр циндзинад.
Уым, зӕрдӕ цы зӕгъа, ратдзӕн алцы уарзӕгой Хуыцау.
1-АГ БАЗАРД
Ралӕудзӕн ног дуне,– алы бон нын хӕсдзӕн стыр циндзинад.
Уым, зӕрдӕ цы зӕгъа, ратдзӕн алцы уарзӕгой Хуыцау.
Уый у ’цӕг цард!
КӔРОНБӔТТӔН
Уый у ’цӕг стыр лӕвар –
Ӕцӕг цард!
Уый у ’цӕг стыр лӕвар –
Ӕцӕг цард!
Уый у ’цӕг стыр лӕвар –
Ӕцӕг цард!
Уый у ’цӕг стыр лӕвар –
Ӕцӕг цард!