Хуыцау мӕ ӕфсады
Рафыссын
1. Уыд рӕстӕг, ӕмӕ царды фӕндаг равзарын нӕ уыд ӕнцон.
У йедзаг ацы фыддуне рӕдыд хъуыдытӕй,
Мӕ мидӕг цыд тох.
Фӕлӕ загътон: «Мӕн хъӕуы ӕмбарын, раст цы у,
Стыр бӕласау ауадзын арф уидӕгтӕ».
Уый уыди мӕ фӕнд.
1-АГ БАЗАРД
Ӕфсадын ӕз мӕхи ӕдзух,
Цӕмӕй уынон Хуыцауы рухс.
Фӕкувын, фидар уа мӕ ныфс.
Ратты мын Хуыцау рӕдауӕй мӕ куывдӕн дзуапп.
Ӕфсады мӕн
Уый алкӕддӕр,
Ӕфсады мӕн.
2. Зонын ӕз, Хӕйрӕг бакуырм кодта адӕмӕн сӕ сӕрызонд.
Ӕмӕ хъуамӕ лӕмбынӕг ӕз кӕсон мӕхимӕ
’Мӕ мӕ зонд хъахъхъӕнон.
Сайды нӕ фӕуыдзынӕн, куы уа мӕ ныфс Хуыцау.
Йӕ ныхасыл ӕууӕнк ис алкӕддӕр –
Мӕ фидӕн у цӕттӕ!
1-АГ БАЗАРД
Ӕфсадын ӕз мӕхи ӕдзух,
Цӕмӕй уынон Хуыцауы рухс.
Фӕкувын, фидар уа мӕ ныфс.
Ратты мын Хуыцау рӕдауӕй мӕ куывдӕн дзуапп.
Ӕфсады мӕн
Уый алкӕддӕр,
Ӕфсады мӕн.
2-АГ БАЗАРД
Мӕ зӕрдыл куы ’рбалӕууынц зонгӕ стихтӕ,
Нӕ зарджытӕ ӕмӕ хорз хъуыдытӕ,
Уӕд афтӕмӕй фенын мӕ куывдтытӕн дзуапп
Ӕз алы хатт.
1-АГ БАЗАРД
Ӕфсадын ӕз мӕхи ӕдзух,
Цӕмӕй уынон Хуыцауы рухс.
Фӕкувын, фидар уа мӕ ныфс.
Фӕдӕтты мын Хуыцау рӕдауӕй мӕ куывдтытӕн дзуапп.
Ӕфсады мӕн
Уый алкӕддӕр,
Ӕфсады мӕн.
Ӕфсады мӕн
Уый алкӕддӕр,
Ӕфсады мӕн.