ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Елифазы хабар нын зондзонӕн куыд у
Елифаз Иовӕн загъта, зӕгъгӕ, дам, адӕймагӕн йӕ бон никуы бауыдзӕн Хуыцауы хорзӕх ссарын (Иов 15:14–16; w05-U 15/9 26 ф., 4, 5 абз.).
Йӕ ныхӕстӕй афтӕ уади, ӕмӕ Иов фыдхъуыддӕгтӕ арӕзта, ӕмӕ хъизӕмар дӕр уый тыххӕй кодта (Иов 15:20).
Елифаз Иовы ныфс нӕ бауагъта (Иов 16:1, 2).
Елифазы ныхӕстӕ мӕнг уыдысты. Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, йӕ хъуыддаджы цы аразӕм, уымӕн (Пс 149:4). Зындзинӕдтӕ се ’ппӕт дӕр ӕвзарынц, суанг рӕстгӕнджытӕ дӕр (Пс 34:19).
АХЪУЫДЫ КӔН: «Ныфссаст чи у, уыдоны нӕ бон куыд у ныхасӕй рӕвдауын?» (1Фс 5:14; w15 15/2 9 ф., 16 абз.).