Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Цӕуыл ӕууӕндыс, уый дӕ бон у бамбарын кӕнын?

Цӕуыл ӕууӕндыс, уый дӕ бон у бамбарын кӕнын?

Исчи дӕ куы бафӕрса, алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уый дӕ цӕмӕн уырны, зӕгъгӕ, уӕд ын цы зӕгъдзынӕ? Цӕмӕй фидарӕй дзуапп раттай, уый тыххӕй дӕ хъӕуы дыууӕ хъуыддаджы саразын. Фыццаг, хъуамӕ дӕхицӕн сбӕлвырд кӕнай, алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста (Ро 12:1, 2). Дыккаг, хъуамӕ ахъуыды кӕнай, цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн куыд бамбарын кӕндзынӕ, ууыл (Ӕм 15:28).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКТӔМ «ХИРУРГ-ОРТОПЕД ДЗУРЫ ЙӔ УЫРНЫНДЗИНАДЫ ТЫХХӔЙ» ӔМӔ «ЗООЛОГ ХУЫЦАУЫЛ КУЫД БАУУӔНДЫД?» ӔМӔ БАЗОН, УЫЦЫ ДЫУУӔ АДӔЙМАДЖЫ ЦӔМӔН УЫРНЫ, АЛЦЫДӔР ХУЫЦАУ КӔЙ СФӔЛДЫСТА, УЫЙ ӔМӔ СТӔЙ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Ирен Хоф Лорансо эволюцийыл цӕуылнӕ ӕууӕнды, фӕлӕ, алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уый йӕ цӕмӕн уырны?

  • Ярослав Довганич эволюцийыл цӕуылнӕ ӕууӕнды, фӕлӕ, алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уый йӕ цӕмӕн уырны?

  • Алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уый дӕ цӕмӕн уырны, уый иннӕтӕн куыд бамбарын кӕндзынӕ?

  • Йегъовӕйы организаци де ’взагыл цавӕр ӕрмӕг рауагъта, цӕмӕй, алцыдӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уый дӕ бон уа дӕхицӕн сбӕлвырд кӕнын ӕмӕ уый фӕдыл иннӕтӕн дӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссын?