НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Куыд ис хъусын кӕнӕн, видеокамерӕ кӕнӕ домофон кӕм ис, ахӕм хӕдзӕртты
УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У. Ног технологитӕ кӕй фӕзыны ӕмӕ фыдракӕндтӕ кӕй сарӕх сты, уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ сӕ хӕдзӕртты сӕвӕрынц видеокамерӕтӕ ӕмӕ домофонтӕ. Чи зоны, нӕ ныфс нӕ хӕссӕм, мах чи уыны, фӕлӕ нӕхӕдӕг кӕй нӕ уынӕм, ахӕм адӕймагӕн хъусын кӕнын. Дӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ис, уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ахӕм хӕдзӕртты ныфсджындӕрӕй хъусын кӕнӕм.
УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН:
-
Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ дӕм адӕм нӕ хъусдзысты. Йӕ хӕдзары видеокамерӕ кӕнӕ домофон кӕмӕн ис, уыдонӕй бирӕтӕ сразы вӕййынц немӕ аныхас кӕныныл.
-
Дӕ зӕрдыл дар, иуӕй-иу видеокамерӕтӕ фыссын кӕй райдайынц, адӕймаг дзӕнгӕрӕгыл нӕма ныххӕцы, афтӕмӕй. Ӕмӕ, хӕдзары чи уа, уый дӕ, гӕнӕн ис, уына ӕмӕ дӕ хъуса, йӕ дуармӕ куы ӕрбахӕстӕг кӕнай, уӕд.
-
Адӕймаг дӕм видеокамерӕйӕ кӕнӕ домофонӕй куы сдзура, уӕд-иу йемӕ ныхас кӕн, лӕгӕй-лӕгмӕ куыд ныхас кӕнис йемӕ, афтӕ. Дӕ мидбылты-иу худ ӕмӕ-иу дӕхи дар, ӕнӕуи куыд фӕдарыс дӕхи, афтӕ. Дӕ ныхас-иу райдай, дуарӕй куы ракастаид, уӕд ын цы загътаис, уымӕй. Дуарыл видеокамерӕ куы уа, уӕд-иу ӕм ӕгӕр хӕстӕг ма лӕуу. Дзуапп дын куы ничи ратта, уӕд, цы зӕгъинаг уыдтӕ, уый камерӕмӕ дзурын нӕ хъӕуы.
-
Дӕ ныхас куы фӕуай, уӕд-иу дӕ рох ма уӕд, адӕймаг дӕм, гӕнӕн ис, нырма кӕй кӕсы ӕмӕ дӕ кӕй хъусы.