Йегъовӕйӕн кӕцыдӕр нывӕндтӕ хастой, бузныг дзы кӕй уыдысты, уый тыххӕй
Израилӕгтӕ фарны нывӕндтӕ кӕй хастой, уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, ахсджиаг кӕй у Йегъовӕйӕн бузныг дзурын ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй дӕр ӕвдисын, бузныг дзы кӕй стӕм (Фп 4:6, 7; Кл 3:15).
-
Йегъовӕйӕн цавӕр хъуыддӕгты тыххӕй у нӕ бон бузныг дзурын? (1Фс 5:17, 18).
-
Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, уый куы ’вдисӕм, уӕд уый нӕхицӕн цы пайда уыдзӕн?
-
Афтӕ куыд рауайдзӕн, ӕмӕ адӕймаг «хӕйрӕджыты фынгӕй» хӕрдзӕн? Уый ууыл дзурӕг цӕмӕн уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйӕ бузныг нал у? (1Кр 10:20, 21).