Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Йегъовӕ зонд куы амона, уӕд ӕй ма хъыгдар – уымӕй бӕрӕг уыдзӕн дӕ уарзондзинад

Йегъовӕ зонд куы амона, уӕд ӕй ма хъыгдар – уымӕй бӕрӕг уыдзӕн дӕ уарзондзинад

Йӕ тӕригъӕдыл чи не ’рфӕсмон кӕны, ахӕм адӕймаджы ӕмбырдӕй куы ацух кӕнынц, уӕд уый фӕрцы ӕмбырд вӕййы сыгъдӕг, стӕй афтӕмӕй Йегъовӕ адӕймагӕн зонд бацамоны (1Кр 5:6, 11). Ӕмӕ Йегъовӕ уый фӕдыл цы ӕгъдау сфидар кодта, уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг вӕййы нӕ уарзондзинад. Фӕлӕ цымӕ уый уарзондзинадыл дзурӕг куыд у, кӕд ӕмӕ иннӕтӕ, зӕгъӕм, адӕймаджы бинонтӕ ӕмӕ, ахӕм уынаффӕ чи рахӕссы, уыцы барадон комитеты ӕфсымӕртӕ, фӕмаст кӕнынц?

Сӕйраджыдӕр, афтӕмӕй мах ӕвдисӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, йӕ ном фӕчъизи кӕнын нӕ кӕй нӕ фӕнды ӕмӕ, сыгъдӕгыл цы нымайы, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм (1Пт 1:14–16). Стӕй ма афтӕмӕй равдисӕм, кӕй ацух кодтой, уыцы адӕймаджы дӕр кӕй уарзӕм. Адӕймагӕн зонд куы бацамонынц ӕмӕ йӕ ӕмбырдӕй куы ацух кӕнынц, уӕд ӕм хъыг фӕкӕсы. Фӕлӕ фӕстӕдӕр уый, гӕнӕн ис, «ӕрхӕсса фарны тыллӕг – раст хъуыддӕгтӕ» (Дзт 12:5, 6, 11). Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой кӕнӕ ӕмбырдыл йӕ къух чи систа, ахӕм адӕймагимӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы хъыгдардзыстӕм – нӕ йӕ уадздзыстӕм уыцы адӕймагӕн зонд амонын. Рох нӕ ма уӕд: Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зонд бацамоны, «куыд хъӕуы, афтӕ» (Йер 30:11). Мах ныфс вӕййы, адӕймаг нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыдмӕ кӕй раздӕхдзӕн. Уӕдмӕ та уал хъуамӕ, Йегъовӕ цы ӕгъдау сфидар кодта, уымӕ гӕсгӕ архайӕм ӕмӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм (Ис 1:16–18; 55:7).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ИУЗӔРДИОН У» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Чырыстон ныййарджытӕ цы фенкъарынц, сӕ сывӕллоны сын ӕмбырдӕй куы ацух кӕнынц, уӕд?

  • Ӕмбырды иннӕтӕн сӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын, кӕй ацух кодтой, уымӕн йӕ бинонтӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уыдонӕн?

  • Библийӕ цавӕр хабарӕй у бӕрӕг, адӕймаг Йегъовӕйыл йӕ бинонтӕй ӕнувыддӕр кӕй хъуамӕ уа?

  • Нӕ бон куыд у ӕвдисын, Йегъовӕйыл нӕ бинонтӕй ӕнувыддӕр кӕй стӕм?