9–15 январы
ИСАЙ 29–33
103 зарӕг ӕмӕ куывд
Разныхас (3 мин. кӕнӕ къаддӕр)
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
«Паддзах архайдзӕн рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» (10 мин.)
Ис 32:1. Рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ чи архайдзӕн, уыцы паддзах у Йесо Чырысти (bw543 6 ф., 13 абз.)
Ис 32:2. Паддзах Чырысти кънйӕзтӕ радта, цӕмӕй йын йӕ дзугмӕ кӕсой (ip-1-U 25 сӕр, 332–334 фф., 7, 8 абз.)
Ис 32:3, 4. Йегъовӕ йӕ адӕмы ахуыр кӕны, цӕмӕй, раст куыд у, афтӕ кӕной (ip-1-U 25 сӕр, 334, 335 фф., 10, 11 абз.)
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай (8 мин.)
Ис 30:21. Йегъовӕ йӕ адӕмимӕ куыд ныхас кӕны? (bw549 21 ф., 2 абз.)
Ис 33:22. Йегъовӕ Израилы адӕмӕн Тӕрхонгӕнӕг, Закъонӕвӕрӕг ӕмӕ Паддзах кӕд ӕмӕ куыд сси? (bw551 14 ф., 4 абз.)
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдонӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтон?
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдонӕй уацамынды цавӕр хъуыдытӕй спайда кӕндзынӕн?
Библийӕ бакӕсинаг (4 мин. кӕнӕ къаддӕр): Ис 30:22–33
АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН
Фыццаг бацыд (2 мин. кӕнӕ къаддӕр): брошюрӕ «Библи дын фылдӕр пайда кӕд ӕрхӕсдзӕн?», ӕддаг цъар. Ныхас кӕныс, мӕстыйӕ дӕм чи сдзырдта, ахӕм адӕймагимӕ.
Дыккаг бацыд (4 мин. кӕнӕ къаддӕр): брошюрӕ «Библи дын фылдӕр пайда кӕд ӕрхӕсдзӕн?», ӕддаг цъар. Стихтӕ бакӕс смартфонӕй кӕнӕ планшетӕй.
Библийы ахуыр (6 мин. кӕнӕ къаддӕр): lv 34–35 фф., 12, 13 абз. Равдис, адӕймӕгӕн йӕ зӕрдӕмӕ фӕндаг куыд ссарӕн ис, уый.
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
«Дымгӕйӕ кӕм бамбӕхсай... ахӕм бынат» (Ис 32:2) (9 мин.). Равдис нӕ интернет-телеуынынадӕй ацы видеоролик.
«Ӕмбырдты лӕмбынӕг хъус» (6 мин.). Равдис нӕ интернет-телеуынынадӕй ацы мультфильм. Уый фӕстӕ сценӕмӕ цалдӕр сывӕллоны фӕхон ӕмӕ сӕ бафӕрс: «Ӕмбырды дӕ лӕмбынӕг хъусын цы фӕхъыгдары? Йегъовӕ Нойӕн куы дзырдта, нау аразын куыд хъӕуы, уый, уӕд ӕм Ной лӕмбынӕг куы нӕ хъуыстаид, уӕд цы ӕрцыдаид? Сывӕллӕттӕ ӕмбырды рӕстӕг лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ хъусой?»
Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ (30 мин.): kr 6 сӕр, 16–24 абз. ӕмӕ рамкӕ «Хуыцауы Паддзахад кӕй архайы, уый бӕлвырдӕй уыныс?»
Ацы ӕмӕ иннӕ къуырийы ахсджиаг хъуыдытӕ (3 мин.)
21 зарӕг ӕмӕ куывд