Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Ахуыр сӕ кӕнут ӕдзухдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын

Ахуыр сӕ кӕнут ӕдзухдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын

Ног хъусынгӕнджытӕй райдианы зӕрдиагӕй ӕмӕ ӕдзух хъусын кӕнын кӕй фӕахуыр кӕнынц, уыдонӕй арӕх ӕнтыстджын хъусынгӕнджытӕ рауайы (Ӕм 22:6; Фп 3:16). Ӕркӕс цалдӕр уынаффӕмӕ, дӕ бон куыд у дӕ ахуыргӕнинагӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй дзы хорз хъусынгӕнӕг рауайа.

  • Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый куыддӕр хъусынгӕнӕг суа, афтӕ йӕ ахуыр кӕнын райдай (km 8/15 1). Бамбарын ын кӕн, ахсджиаг кӕй у алы къуыри дӕр хъусын кӕнын (Фп 1:10). Кӕм хъусын кӕнут, уыцы территорийы тыххӕй ӕвзӕрӕй мацы дзур (Фп 4:8). Баразӕнгард ӕй кӕн, цӕмӕй къорды цӕстдарӕгимӕ ӕмӕ иннӕ хъусынгӕнджытимӕ уацамынды цӕуа, ӕмӕ фӕлтӕрдджындӕр кӕна (Ӕм 1:5; km 10/12 6 ф., 3 абз.).

  • Дӕ ахуыргӕнинаг донаргъуыд куы райса, уӕддӕр-иу ӕй хъусын кӕнынмӕ разӕнгард кӕн ӕмӕ йӕ ахуыр кӕн, уӕлдайдӕр та кӕд, адӕмимӕ Библи кӕй фӕрцы фӕахуыр кӕнӕм, уыцы чингуытӕй дыккаг нӕ фестут, уӕд (km 12/13 7).

  • Ног хъусынгӕнӕгимӕ куы хъусын кӕнай, уӕд-иу дӕ ныхас хуымӕтӕгӕй райдай. Ӕмӕ стӕй уый куы аныхас кӕна искӕимӕ, уӕд-иу дзы зӕрдиагӕй раппӕл. Арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнынӕн ын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ йын ратт (km 5/10 7).