НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Куыд пайда кӕнӕм брошюрӕйӕ «Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?»
Брошюрӕ «Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?» рауагътой, цӕмӕй-иу ыл, Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнӕм, уыдонимӕ аныхас кӕнӕм ахуыры райдианы кӕнӕ ахуыры кӕрон *. 1–4 сӕртӕй ахуыргӕнинаг хуыздӕр базоны, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи сты; 5–14 сӕртӕй базоны, цы аразӕм ӕмӕ 15–28 сӕрты фены, нӕ организаци куыд архайы, уый. Хуыздӕр вӕййы сӕртыл фӕд-фӕдыл ныхас кӕнын. Фӕлӕ адӕймаджы ӕндӕр фарста куы цымыдис кӕна, уӕд аныхас кӕнӕн уыдзӕн ӕндӕр сӕрыл дӕр. Брошюрӕйӕн йӕ алы фарсыл дӕр ис иу сӕр ӕмӕ йыл ахуыргӕнинӕгтӕй сӕ фылдӕримӕ аныхас кӕнӕн вӕййы 5–10 минуты бӕрц.
-
Йӕ хъус ын ӕрдар, сӕргонды райдианы цы фарста ис, уымӕ
-
Сӕр ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ хайгай иумӕ бакӕсут
-
Цы бакӕсат, ууыл-иу аныхас кӕнут. Пайда кӕн къамтӕй, ӕмӕ сӕры кӕрон цы фарстатӕ ис, уыдонӕй. Рагацау-иу ахъуыды кӕн, цы стихтӕ дзы ис, уыдонӕй кӕцытӕ бакӕсдзыстут ӕмӕ кӕцытыл аныхас кӕндзыстут, ууыл. Йӕ хъус-иу ын ӕрдар, ставдӕй фыст дӕлсӕргӕндтӕ сӕргондӕн дзуапп куыд дӕттынц, уымӕ.
-
Кӕд дзы рамкӕ «Фылдӕр базон» ис, уӕд ӕй иумӕ бакӕсут, ӕмӕ стӕй ахуыргӕнинагӕн зӕгъ, цӕмӕй дзы куыд фыст ис, афтӕ бакӕна.
^ 3 абз. Ацы брошюрӕ интернеты ис фӕстаг ивындзинӕдтимӕ.