Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Къӕсӕргӕрон уӕздан уӕм

Къӕсӕргӕрон уӕздан уӕм

Чырыстӕттӕм «ӕгас дуне... кӕсы диссагмӕ кӕсӕгау» (1Кр 4:9). Уӕдӕ нӕм исчи рудзынгӕй куы кӕса кӕнӕ нӕм дуары мидӕгӕй куы хъуса, уӕд хъуамӕ дис ма кӕнӕм. Иуӕй-иу хӕдзӕртты ма суанг камерӕтӕ ӕмӕ микрофонтӕ дӕр ис, ӕмӕ нӕм адӕймагӕн йӕ бон вӕййы кӕсын, хъусын ӕмӕ нӕ камерӕмӕ исын. Дӕлдӕр фыст ис, нӕ бон куыд у къӕсӕргӕрон нӕхи уӕздан дарын (2Кр 6:3).

УАГАХАСТ (Фп 1:27)

  • Хӕдзармӕ искӕуылты бакӕсыныл ма архай. Дуары раз куы лӕууай, уӕд хӕргӕ ӕмӕ нуазгӕ ма кӕн, кӕнӕ телефонӕй ма дзур ӕмӕ смс-тӕ дӕр ма фысс

НЫХАС КӔНЫН (Еф 4:29)

  • Дуары раз лӕугӕйӕ ахӕмӕй мацы зӕгъ, хӕдзары хицауӕн цы нӕ зӕгъис. Иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ ма суанг сӕ ныхас кӕнын дӕр ныууадзынц, цӕмӕй-иу ахъуыды кӕной, адӕймагӕн цы зӕгъдзысты, ууыл

Цавӕр хъуыддӕгты ма у мӕ бон къӕсӕргӕрон уӕздандзинад равдисын?