Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм хорз миниуджытӕ – уырнындзинад

Нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕм хорз миниуджытӕ – уырнындзинад

АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У:

  • Уырнындзинад ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм (Дзт 11:6).

  • Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл куы ӕууӕндӕм, уӕд фӕлварӕнты фидар лӕудзыстӕм (1Пт 1:6, 7).

  • Фаг уырнындзинад нӕм куы нӕ уа, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ тӕригъӕд саразӕм (Дзт 3:12, 13).

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН:

  • Кув, цӕмӕй дӕм фылдӕр уырнындзинад уа (Лк 11:9, 13; Га 5:22).

  • Хуыцауы Ныхас кӕс ӕмӕ йыл хъуыды кӕн (Ро 10:17; 1Тм 4:15).

  • Йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уыдонимӕ арӕхдӕр ныхас кӕн (Ро 1:11, 12).

Мӕ бон куыд у мӕ уырнындзинад фидар кӕнын ӕмӕ мӕ бинонтӕн дӕр уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕнын?

БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ИУЗӔРДИОН КӔЙ ФӔРЦЫ УЫДЗЫСТУТ, УЫЦЫ МИНИУДЖЫТЫЛ КУСУТ – УЫРНЫНДЗИНАД УӔМ УӔД» ӔМӔ АНЫХАС КӔНУТ АЦЫ ФАРСТАТЫЛ:

  • Цы у «ӕнӕхин уырнындзинад»? (1Тм 1:5).

  • Цӕмӕй нын фидар уырнындзинад уа, уый тыххӕй нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

  • Стыр бӕллӕхы рӕстӕг нӕ уырнындзинад цӕмӕн хъӕудзӕн? (Дзт 10:39).