Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Хуымӕтӕг цард кӕй кӕнӕм, уый фӕрцы Хуыцауы кадджын кӕнӕм

Хуымӕтӕг цард кӕй кӕнӕм, уый фӕрцы Хуыцауы кадджын кӕнӕм

Абон адӕймаг мулк ӕмбырд кӕныныл ӕнцонтӕй свӕййы ӕмӕ йӕхӕдӕг йӕхицӕн йӕ цард фӕзындӕр кӕны. Цӕмӕй дуканитӕм цӕуай, истытӕ ӕлхӕнай, пайда сӕ кӕнай ӕмӕ сӕм зилай, уымӕн хъӕуы рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ. Чырысти кодта хуымӕтӕг цард, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон уыд Хуыцауӕн ӕнӕкъуылымпыйӕ лӕггад кӕнын (Мф 8:20).

Уӕ бон у уӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын, цӕмӕй фылдӕр рӕстӕг лӕггад кӕнат? Гыццыл истытӕ куы фӕиват, уӕд, чи зоны, уӕ бинонтӕй искӕмӕн йӕ бон суа пионерӕй лӕггад кӕнын. Кӕд ныридӕгӕн дӕр пионертӕй лӕггад кӕнут, уӕд, мыййаг, мулк ӕмбырд кӕныныл нӕ систут, ӕмӕ уый тыххӕй уӕ цард нӕ фӕзындӕр? Адӕймаг хуымӕтӕг цард куы кӕна ӕмӕ йӕм цы ис, уый фагыл куы нымайа, уӕд Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕндзӕн (1Тм 6:7–9).

Ныффысс, дӕ цард дӕ бон куыд у фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын: