Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Ионӕйы чиныгӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Ионӕйы чиныгӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Йегъовӕ Библийы ныффыссын кодта йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты царды хабӕрттӕ, цӕмӕй сӕ цӕвиттонтӕй ахуыр кӕнӕм (Ро 15:4). Ионӕйы чиныгӕй цӕуыл сахуыр дӕ? Бакӕс видеороликмӕ «Бинонты ахуыр. Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад Ионӕйӕн зонды хос фӕци» ӕмӕ ацы фарстатӕн дзуапп ратт.

  • Видеороликы ӕртӕ хъусынгӕнӕджы цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты?

  • Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын куы бауайдзӕф кӕной кӕнӕ нӕ кадджын хӕстӕй ӕнӕхай куы фӕуӕм, уӕд нӕ Ионӕйы чиныг куыд бафидар кӕндзӕн? (1См 16:7; Ион 3:1, 2).

  • Ионӕйы хабар нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ территорийы цӕрӕг адӕммӕ раст цӕстӕй кӕсӕм? (Ион 4:11; Мф 5:7).

  • Уӕззау низӕй рынчын куы уӕм, уӕд нӕ Ионӕйы хабар ныфс куыд бауадздзӕн? (Ион 2:1, 2, 7, 9).

  • Библи кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын ахсджиаг кӕй у, уый ацы видеороликӕй куыд зыны?