Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ныхас райдайӕн куыд ис

Ныхас райдайӕн куыд ис

ФЫЦЦАГ БАЦЫД

Фарста. Дӕумӕ гӕсгӕ, зындӕр цы у – бинонтӕ скӕнын ӕви, бинонты цард ма фехӕла, ууыл архайын?

Стих. Кл 3:13

Дарддӕр цы ис зӕгъӕн. Бинонтӕ гыццыл ницӕй тыххӕй кӕрӕдзимӕ маст куы нӕ хӕссой, уӕд къаддӕр быцӕу кӕндзысты. Куыд дӕ ис ссарӕн, уый мын куы зӕгъис, уӕд иннӕ хатт аныхас кӕниккам, Библийы уынаффӕтӕ лӕг ӕмӕ усӕн куыд ӕххуыс кӕнынц кӕрӕдзиимӕ афтӕ ныхас кӕнын, цӕмӕй уый сӕ дыууӕйӕн дӕр циндзинад хӕсса.

ДЫККАГ БАЦЫД

Фарста. Бинонтӕ кӕрӕдзиимӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ куы нӕ ныхас кӕной, уӕд ӕнгом ӕмӕ амондджын нӕ уыдзысты, афтӕ нӕу?

Стих. Иак 1:19

Дарддӕр цы ис зӕгъӕн. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийӕн уайдзӕфтӕ куы нӕ кӕной, фӕлӕ кӕрӕдзимӕ хъусын куы зоной, уӕд сын ӕхсызгондӕр уыдзӕн ныхас кӕнын. Интернеты дын иу чиныг ссардтон, ис дзы ахӕм сӕргонд, «Кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнын», зӕгъгӕ, ӕмӕ уым ацы фарстайы фӕдыл ноджыдӕр цалдӕр хорз уынаффӕйы ссардзынӕ. Иннӕ хатт та нӕ бон у аныхас кӕнын, лӕг ӕмӕ ус ӕмхуызон кӕй нӕ вӕййынц, уый сӕ цардыл хуыздӕрырдӕм куыд фӕзыны, ууыл.

РӔСТДЗИНАД АМОН

Фарста. Цымӕ искуы афтӕ уыдзӕн, ӕмӕ адӕм нал мӕлдзысты?

Стих. 1Кр 15:26

Рӕстдзинад. Йегъовӕ Хуыцау мӕлӕт ӕнустӕм фесафдзӕн.

ДӔХӔДӔГ НЫХАС КУЫД РАЙДАИС

Ам цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ ӕрхъуыды кӕн, уацамынды дӕхӕдӕг ныхас куыд райдайдзынӕ, уый.