Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесо Петры усы мадмӕ бацыд ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта (Матфейы 8:14, 15; Марчы 1:29–31)

Чырыстон дины разамонджытӕн ус курыны бар нӕй?

Чырыстон дины разамонджытӕн ус курыны бар нӕй?

ДИНЫ разамонджытӕн ӕмӕ сауджынтӕн ус курыны бар нӕй, дунейы цы динтӕ ис, уыдоны, зӕгъӕм, Ромаг католикон аргъуаны, алыхуызон православон аргъуанты, буддизмы ӕмӕ иннӕ динты. Фӕлӕ бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, дам, фӕстаг рӕстӕг алыхуызон динты сауджынтӕ ӕнӕгъдау митӕ кӕй кӕнынц, уый, дам, у уыцы ӕгъдауы аххосӕй.

Уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕры фарста: чырыстон дины разамонджытӕн ус курыны бар Библимӕ гӕсгӕ нӕй? Уый базоныны тыххӕй ӕркӕсӕм, ацы ӕгъдау куыд ӕмӕ кӕд фӕзынд ӕмӕ йӕм Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы, уымӕ.

КӔД ӔМӔ КУЫД ФӔЗЫНД

2006 азы католикты хистӕр сауджын Бенедикт Ӕхсӕрдӕсӕм йӕ раныхасы Ромаг курийы раз загъта, чырыстон дины разамонджытӕн ус курыны бар кӕй нӕй, уый баст кӕй у, апостолты мӕлӕтӕй гыццыл фӕстӕдӕр цы ӕгъдау фӕзындис, уыимӕ.

Фӕлӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм ахӕм ӕгъдау нӕ уыди. Апостол Павел дӕр уыцы рӕстӕг цард ӕмӕ чырыстӕтты фӕдзӕхста, кӕй фӕзындзӕн, «адӕймаджы зонд чи зыгъуыммӕ кӕны, ахӕм пехуымпар-ныхӕстӕ» чи кӕны, ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ кӕй «нӕ уадздзысты бинонтӕ кӕнын» (1 Тимофеймӕ 4:1–3).

Дины разамонджытӕн ус курыны бар кӕй нӕй, уыцы ӕгъдау фӕзынд дыккаг ӕнусы, фӕстӕдӕр Ромаг католикон аргъуан кӕмӕй равзӕрд, уыцы «чырыстон» аргъуанты. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ «буары монцтыл хӕцын Ромы паддзахады бирӕтӕ растыл нымайын райдыдтой» (Celibacy and Religious Traditions).

Фӕстӕдӕр ӕнусты дӕр чырыстон аргъуаны разамонджыты ӕмбырдты ӕмӕ, чырыстон аргъуаны ахуырӕдты бындурӕвӕрджытӕ кӕй хонынц, уыдон архайдтой уыцы ӕгъдау ӕрфидар кӕныныл, цӕмӕй дины разамонджытӕ устытӕ ма куырдтаиккой. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуын уыд чъизи хъуыддаг ӕмӕ дины разамонджытӕн, цы хӕстӕ ӕххӕст кодтой, уымӕ гӕсгӕ сӕхи чъизи кӕныны бар нӕ уыд. Фӕлӕ иу энциклопедийы фыст ис: «Дӕсӕм ӕнусы онг сауджынтӕй бирӕтӕн, стӕй суанг иуӕй-иу епископтӕн дӕр устытӕ уыди» (Encyclopӕdia Britannica).

Чырыстон дины разамонджытӕн ус курыны бар кӕй нӕй, уыцы ӕгъдау ӕрфидар кодтой, 1123 азы ӕмӕ 1139 азы Ромы латерайнаг аргъуаны разамонджытӕн цы ӕмбырдтӕ уыди, уыдоны. Ӕмӕ Ромаг католикон аргъуан уыцы ӕгъдауыл хӕст у абон дӕр. Афтӕмӕй аргъуанӕн йӕ фӕнд йӕ къухы бафтыд: уый фӕрцы йын йӕ бартӕ ӕмӕ йӕ исбонӕн фесафынӕй тӕссаг нал уыд, уымӕн ӕмӕ-иу бинонтӕ кӕмӕн уыд, уыцы сауджынтӕ-иу сӕ аргъуаны бынтӕ сӕ цотӕн ныууагътой.

ХУЫЦАУ ӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫ

Чырыстон дины разамонджытӕн ус курыны бар ис ӕви нӕ, уымӕ Хуыцау цы цӕстӕй кӕсы, уый базонӕн ис Библийӕ. Уым бакӕсӕн ис, Йесо кӕй дзырдта, уыйау «уӕларвон паддзахады тыххӕй» ус чи нӕ куырдта, уыдоны тыххӕй (Матфейы 19:12). Апостол Павел дӕр дзырдта, чи йӕ фӕзмыдта ӕмӕ «хорз хабары тыххӕй» бинонтӕ чи не скодта, уыцы чырыстӕтты тыххӕй (1 Коринфӕгтӕм 7:37, 38; 9:23).

Фӕлӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн ус курыны бар кӕй нӕй, уый тыххӕй нӕдӕр Йесо загъта, нӕдӕр Павел. Йесо дзырдта, алкӕй бон кӕй нӕу, цӕмӕй ус ма ракура. Уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ се ’ппӕт иунӕджытӕ не сты. Павел «ӕнӕцыд чызджытӕ ӕмӕ ӕнӕус лӕппуты» кой куы скодта, уӕд уый фӕстӕ фидарӕй загъта: «Хицау ницы бафӕдзӕхста, фӕлӕ сын ӕз зӕгъын мӕ хъуыды» (Матфейы 19:11; 1 Коринфӕгтӕм 7:25).

Уымӕй уӕлдай Библийӕ нӕ бон базонын у, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй бирӕтӕн, уыдонимӕ апостол Петрӕн дӕр, кӕй уыд устытӕ (Матфейы 8:14; Марчы 1:29–31; 1 Коринфӕгтӕм 9:5). Уыцы рӕстӕг Ромы паддзахады ӕнӕгъдау митӕ тынг парахат кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ Павел ныффыста, зӕгъгӕ, чырыстон цӕстдарӕгӕн хъуамӕ «иу ус йеддӕмӕ ма уа» ӕмӕ хъуамӕ «йӕ сывӕллӕттӕ уой коммӕгӕс» (1 Тимофеймӕ 3:2, 4).

Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ сын кӕд устытӕ уыди, уӕддӕр-иу семӕ ӕмуат не ’рцыдысты, уымӕн ӕмӕ Библи ӕргом зӕгъы, зӕгъгӕ, «лӕг [хъуамӕ] ӕххӕст кӕна, йӕ усы раз ыл цы хӕс ис, уый» ӕмӕ лӕг ӕмӕ ус уыцы хъуыддаджы хъуамӕ сӕ «кӕрӕдзийӕн „нӕ“ ма дзурой» (1 Коринфӕгтӕм 7:3–5). Бӕлвырд у, Хуыцау кӕй нӕ домы, цӕмӕй чырыстон дины разамонджытӕ устытӕ ма курой, стӕй уый нӕ домы иннӕ чырыстӕттӕй дӕр.

ХОРЗ ХАБАРЫ ТЫХХӔЙ

Кӕд бинонтӕ скӕныны бар алкӕмӕн дӕр ис, уӕд Йесо ӕмӕ Павел хорз хъуыддагыл цӕмӕн нымадтой, адӕймаг бинонтӕ ма скӕна, уый? Уымӕн ӕмӕ адӕймаг иунӕг куы уа, уӕд ын фылдӕр фадӕттӕ ис иннӕтӕн хорз хабар хъусын кӕнынӕн. Ахӕмтӕн сӕ бон фылдӕр у аразын, уымӕн ӕмӕ, бинонджынтӕ цӕуылты фӕмӕт кӕнынц, уыдӕттӕй хызт сты (1 Коринфӕгтӕм 7:32–35).

Ӕркӕсӕм Дэвиды хабармӕ. Дэвид Мехикойы йӕ хорз куыст ныууагъта ӕмӕ ацыд Коста-Рикӕмӕ, цӕмӕй уым хъӕуты адӕмӕн Библийы хорз хабар хъусын кодтаид. Цымӕ йын бинонтӕ кӕй нӕ уыд, уый йын исты пайда фӕци? Дэвид загъта: «Дзырд дӕр ыл нӕй. Ног ӕгъдӕуттыл ӕмӕ ӕндӕр уавӕрты цӕрын сахуыр уай, уый зын у. Фӕлӕ мӕн мӕхи йеддӕмӕ тыхсын никӕуыл хъуыди ӕмӕ мын уымӕ гӕсгӕ бирӕ ӕнцондӕр уыд».

Клаудийӕ, моймӕдзыд чи нӕу, ахӕм чырыстон сылгоймаг, ацыд, хорз хабар хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ. Клаудийӕ загъта: «Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнын, уый мын стыр циндзинад хӕссы. Мӕ уырнындзинад бафидар ӕмӕ Хуыцаумӕ баввахсдӕр дӕн, уымӕн ӕмӕ уынын, куыд мыл тыхсы, уый».

«Бинонтӕ дын ис ӕви иунӕг дӕ, уый уӕлдай нӕу. Амондджын уыдзынӕ, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый Хуыцауӕн куы дӕттай, уӕд» (Клаудийӕ)

Уӕдӕ адӕймагӕн цардӕмбал куы нӕ уа, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ницӕмӕй фӕрухс кӕны. Клаудийӕ ма ноджыдӕр загъта: «Бинонтӕ дын ис ӕви иунӕг дӕ, уый уӕлдай нӕу. Амондджын уыдзынӕ, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый Хуыцауӕн куы дӕттай, уӕд» (Псалом 119:1, 2).