Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ

Чи сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ?

Чи сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ?

«Майкы рагӕй зонын, у Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Фӕлӕ цӕуыл ӕууӕнды, уый не ’мбӕрстон. Чи у Йегъовӕ? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бӕрӕгбӕттӕ цӕуылнӕ кӕнынц? Мыййаг, Майк исты сектӕмӕ бахауд?» (Беки, Калифорни, АИШ).

«Мӕ сыхӕгтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтой, уӕд ахъуыды кодтон: „Цымӕ уыцы ном цы нысан кӕны? Дин афтӕ схон!“» (Зенон, Онтарио, Канадӕ).

«Мӕ цардӕмбалимӕ нӕ аргъуанӕй фӕфыдӕнхъӕл стӕм. Ӕмӕ нӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕуын куы райдыдтой, уӕд нӕм афтӕ каст, ӕмӕ нӕ сӕхирдӕм фӕкӕнынмӕ хъавынц. Мах та хъуыды кодтам, зӕгъгӕ, цы агуырдтам, уый кӕд сӕйраг аргъуанты не ссардтам, уӕд ма нын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сектӕ цӕмӕй баххуыс кӕндзӕн?» (Кент, Вашингтон, АИШ).

«Раст зӕгъгӕйӕ, чи сты ӕмӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уый зонгӕ дӕр нӕ кодтон» (Сесилия, Эсбьерг, Дани).

Ӕвӕццӕгӕн, искуы федтай хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕнӕ, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты куыд хъусын кӕнынц, Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ адӕмӕн куыд дӕттынц ӕмӕ сын Библи ахуыр кӕныны тыххӕй куыд дзурынц. Ацы брошюрӕ дӕр дын, ӕвӕццӕгӕн, уыдон радтой. Фӕлӕ дӕ уӕддӕр, чи зоны, фӕнды базонын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи сты, уый. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ды дӕр, уӕлдӕр кӕй ныхӕстӕ ӕрхастам, уыдонӕй искӕйау хъуыды кӕныс.

Уӕдӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй цы фарстатӕ ӕвзӕры, уыдонӕн раст дзуаппытӕ кӕм ис ссарӕн? Цӕуыл ӕууӕндынц? Цы куыст кӕнынц, уымӕн сӕм ӕхца кӕцӕй цӕуы? Хӕдзармӕ дӕм цӕмӕн ӕрбацӕуынц ӕмӕ алы рӕтты адӕмимӕ цӕмӕн фӕныхас кӕнынц?

«Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй Интернеты бирӕ цыдӕртӕ бакастӕн,– дзуры, уӕлдӕр кӕй ныхӕстӕ ӕрхастам, уыцы Сесилия.– Алы дам-думтӕ ӕмӕ сӕ алы фауӕн ныхӕстӕ хъуыстон. Гъемӕ сӕм ӕз дӕр тынг ӕвзӕр цӕстӕй кастӕн». Фӕлӕ фӕстӕдӕр йӕхӕдӕг семӕ аныхас кодта ӕмӕ йӕ фарстатӕн дзуапп ссардта.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй дӕм цы фарстатӕ ис, уыдонӕн дӕ раст дзуапп базонын нӕ фӕнды? Кӕд о, уӕд бафӕрс, ацы брошюрӕ чи мыхуыр кӕны, уыдонӕн сӕхи, ома Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты, уымӕн ӕмӕ сӕ сӕхицӕй хуыздӕр ничи зоны (Ӕмбисӕндтӕ 14:15). Ныфс нӕ ис, ацы брошюрӕйы дарддӕр цы статьятӕ ис, уыдон дын кӕй баххуыс кӕндзысты, чи стӕм, цӕуыл ӕууӕндӕм, стӕй цы куыст кӕнӕм, уый базонынӕн.