Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ЧИ СТЫ ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔ?

Цӕуыл ӕууӕндынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ?

Цӕуыл ӕууӕндынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уырны, Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй у Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ пайда кӕй у (2 Тимофеймӕ 3:16). Библийы фӕрцы нӕ бон у не Сфӕлдисӕджы хуыздӕр базонын ӕмӕ дзы цы амындтӕ ис, уыдоны фӕрцы зӕрдӕрайгӕ цард кӕнын.

Фыстады ис ахӕм ныхӕстӕ: «Адӕм зонӕнт, ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды кӕй дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн» (Псалом 83:18). Уымӕ гӕсгӕ мах кувӕм ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ Хуыцауӕн ӕмӕ, йӕ Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ архайӕм, цӕмӕй йын иннӕтӕ дӕр йӕ ном базоной (Исай 43:10–12).

Мах, Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты, уырны, Йесо, «Хуыцауы Фырт» *, зӕхмӕ кӕй ӕрцыд ӕмӕ Мессийӕ кӕй сси (Иоанны 1:34, 41; 4:25, 26). Йесойы йӕ мӕлӕты фӕстӕ Хуыцау уӕларвон цардмӕ райгас кодта (1 Коринфӕгтӕм 15:3, 4). Фӕстӕдӕр та сси Хуыцауы Паддзахады Паддзах (Раргомад 11:15). Уыцы Паддзахад у уӕларвон хицауад ӕмӕ тагъд зӕххӕй ногӕй Дзӕнӕт сараздзӕн (Данел 2:44). «Сабыр адӕм... зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты»,– фыст ис Библийы (Псалом 37:11, 29).

«Библи кӕсгӕйӕ дызӕрдыг нӕ фӕкӕнынц, афтӕмӕй Хуыцау семӕ кӕй дзуры, ууыл. Царды цыфӕнды зындзинадыл ма сӕмбӕлой, уӕддӕр разамынд фӕагурынц Хуыцауы Ныхасы. [...] Хуыцауы Ныхас сын абоны онг дӕр удӕгас у» (католикон сауджын Бенджамин Чераят, газет «Мюнстерлэндише фольксцайтунг», Германи).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уырны, Библийы уагӕвӕрдтӕ абон дӕр адӕмӕн пайда кӕй сты (Исай 48:17, 18). Уымӕ гӕсгӕ мах архайӕм уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрыныл. Зӕгъӕм, Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нын нӕ буар ӕмӕ нӕ зонд цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уыдӕттӕй нӕхи хизӕм, ӕмӕ уый тыххӕй тамако нӕ дымӕм ӕмӕ наркотиктӕ нӕ кӕнӕм (2 Коринфӕгтӕм 7:1). Уымӕй уӕлдай ма нӕхи хизӕм, Библи ӕвзӕр цы хъуыддӕгтӕ хоны, уыдонӕй, зӕгъӕм, фыднозт кӕнынӕй, хӕлд митӕй ӕмӕ давынӕй (1 Коринфӕгтӕм 6:9–11).

^ 5 абз. Библи ма Чырыстийы хоны «Хуыцауы иунӕг Фырт» дӕр, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ ӕппӕты фыццаг уый сфӕлдыста, стӕй йӕ йӕхӕдӕг иунӕгӕй сфӕлдыста (Иоанны 3:18; Колоссӕгтӕм 1:13–15).