Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

 СӔЙРАГ ТЕМӔ | БАВВАХС У ХУЫЦАУМӔ

Хуыцау дын цы дзуры, уый аразыс?

Хуыцау дын цы дзуры, уый аразыс?

«Цы дӕ фӕнды? Ӕрмӕст ӕй зӕгъ, ӕмӕ дын ӕй сараздзынӕн». Ӕвзӕр кӕнӕ ӕппындӕр кӕй нӕ зоныс, ахӕм адӕймагӕн ахӕм ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, нӕ зӕгъдзынӕ. Ахӕм ныхӕстӕ зӕгъдзынӕ ӕрмӕстдӕр ӕввахс ӕмбалӕн. Хорз ӕмбӕлттӕн зын нӕ вӕййы кӕрӕдзийӕн лӕггад кӕнын.

Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй Йегъовӕ арӕх фӕаразы, йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕхсызгон цы вӕййы, уый. Ӕмӕ йӕ хорз фӕзоны, уыцы хъуыддаг сын ӕхсызгон кӕй уыдзӕн. Зӕгъӕм, паддзах Давид, Йегъовӕйы ӕввахс ӕмбал, загъта: «Бирӕ хъуыддӕгтӕ сарӕзтай, о Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, бирӕ сты дӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ дӕм бирӕ хъуыдытӕ ис мах тыххӕй. [...] Уыйбӕрц сты, ӕмӕ сӕ мӕ бон банымайын нӕ бауыдзӕн» (Псалом 40:5). Уымӕй уӕлдай-ма, Йегъовӕ бирӕ хорздзинӕдтӕ аразы, нырма йӕ чи нӕ зоны, суанг уыдонӕн дӕр, дӕтты сын «парахатӕй хӕринаг ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсады» (Хъуыддӕгтӕ 14:17).

Кӕй уарзӕм ӕмӕ кӕмӕн аргъ кӕнӕм, уыдонӕн ӕнӕзивӕгӕй балӕггад кӕнӕм

Йегъовӕйӕн ӕхсызгон у йӕ хӕлӕрттӕн исты хорздзинад аразын. Фӕлӕ хӕлардзинад ӕрмӕст иуырдӕм нӕ вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ, кӕд адӕймаджы фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлар суа, уӕд ын хъуамӕ истӕмӕй «йӕ зӕрдӕ рухс кӕна» (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Дӕуӕн та дӕ бон куыд у Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын? Библи зӕгъы: «Ма рох кӕнут хорздзинад аразын ӕмӕ уӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын, уымӕн ӕмӕ ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон сты» (Дзуттӕгтӕм 13:16). Уӕдӕ, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм, уый тыххӕй искӕмӕн хорздзинад аразӕм ӕмӕ рӕдаудзинад ӕвдисӕм, ӕрмӕст уый фаг у?

«Ӕнӕ уырнындзинадӕй та Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй» (Дзуттӕгтӕм 11:6). Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Авраам «Йегъовӕйы хӕлар» хуынд ӕрцыд, Йегъовӕйыл куы «баууӕндыд», ӕрмӕст уый фӕстӕ (Иаковы 2:23). Йесо Чырысти дӕр дзырдта, Хуыцауыл ӕууӕндын ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй нын арфӕ кӕна (Иоанны 14:1). Уӕдӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм уырнындзинад нӕ удыхъӕды куыд сфидар кӕнӕм? Фыццаг уал хъуамӕ ӕдзухдӕр Хуыцауы Ныхас Библи ахуыр кӕнай. Уый фӕрцы йын «йӕ фӕндон бӕлвырдӕй зондзынӕ» ӕмӕ сахуыр уыдзынӕ, цӕмӕй йын «алцӕмӕй дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай». Йегъовӕйы тыххӕй бӕлвырддӕр куы базонай ӕмӕ йын йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы архайай, уӕд ыл тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ ӕмӕ дӕм ноджы ӕввахсдӕр суыдзӕн (Колоссӕгтӕм 1:9, 10).