Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Зӕдтӕн сӕ бон у адӕмӕн ӕххуыс кӕнын?

Рагзаманты зӕдтӕ иузӕрдион пехуымпар Данелӕн куыд баххуыс кодтой, афтӕ абон дӕр адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй хорз хабар фехъусой

Адӕмы сфӕлдисыны размӕ Йегъовӕ Хуыцау сфӕлдыста милуангай зӕдты (Иов 38:4, 7). Зӕдтӕ – хъомысджын ӕнӕуынгӕ удгоймӕгтӕ – ӕххӕст кӕнынц Хуыцауы фӕндон. Хатт сӕ Хуыцау рарвиты, цӕмӕй йын йӕ зӕххон лӕггадгӕнджыты бахъахъхъӕной ӕмӕ сын баххуыс кӕной (Псалом 91:10, 11). Абон зӕдтӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц – Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты сӕм барвитынц, цӕмӕй сын хорз хабар фехъусын кӕной. (Бакӕс Раргомад 14:6, 7.)

Цымӕ зӕдтӕм хъуамӕ ӕххуысы тыххӕй кувӕм? Нӕ. Кувын хъӕуы ӕрмӕстдӕр Хуыцаумӕ (Раргомад 19:10). Зӕдтӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ ӕххӕст кӕнынц, адӕм сын цы дзурынц, уый нӕ, фӕлӕ сын Хуыцау цы бахӕс кӕны, уый. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ кувӕм ӕрмӕстдӕр Хуыцаумӕ Чырыстийы уылты. (Бакӕс Псалом 103:20, 21; Матфейы 26:53.)

Ӕвзӕр зӕдтӕ дӕр ис?

Хуыцау зӕдты дӕр адӕмау схайджын кодта сӕрибардзинадӕй, цӕмӕй-иу алы хъуыддаджы дӕр куыд бакӕной, уый фӕдыл уынаффӕ сӕхӕдӕг рахастаиккой. Фӕлӕ, хъыгагӕн, зӕдтӕй бирӕтӕ рацыдысты Хуыцауы ныхмӕ (2 Петры 2:4). Уыдонӕй фыццаг уыд Сайтан. Йӕ фӕдыл ацыдысты иннӕ зӕдтӕ дӕр, ӕмӕ систы дӕлимонтӕ. Цасдӕр рӕстӕджы размӕ Сайтан ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты. (Бакӕс Раргомад 12:7–9.)

1914 азӕй фӕстӕмӕ фыддзинад ӕмӕ тыхми тынг кӕй сарӕх сты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ тагъд Хуыцау Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ дӕлимонты фесафдзӕн. Уый фӕстӕ Хуыцау, райдианы йӕм зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый сӕххӕст кӕндзӕн. (Бакӕс Раргомад 12:12; 21:3, 4.)