Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Динтӕ баиу уой, уый Хуыцауы цӕсты раст у?

Динтӕ баиу уой, уый Хуыцауы цӕсты раст у?

«Дин адӕмы иу кӕны ӕви сӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ кӕны?» – ахӕм фарста радтой газет «Сидней морнинг геральд»-ы кӕсджытӕм. Сӕ фылдӕр – иу 89 проценты бӕрц – загътой, дин адӕмы кӕрӕдзийы ныхмӕ кӕй кӕны.

ФӔЛӔ динтӕ баиу кӕныны сӕрыл чи дзуры, уыдон афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц. «Кӕцы динӕй ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ ӕххуысхъуаг чи у, уыдонӕн нӕ тӕригъӕд кӕны... ӕрдз цы уавӕры ис, ууыл нӕ тыхсы... уазӕгуарзондзинадыл нӕ дзуры?» – загъта, динтӕ баиу кӕныныл чи архайы, иу ахӕм фӕсивӕдон организацийы бындурӕвӕрӕг Эбу Патель.

Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, буддисттӕ, католиктӕ, протестанттӕ, индуисттӕ, пысылмӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр динтыл хӕст адӕм хаттӕй-хатт сӕ тыхтӕ баиу кӕнынц, цӕмӕй мӕгуырдзинадыл фӕуӕлахиз уой, адӕмӕн ӕмхуызон бартӕ уа, иу бӕстӕйы дӕр минӕтӕ мауал уа, стӕй фӕархайынц адӕмы ӕргом ӕрдз чъизи кӕныны фарстамӕ раздахыныл. Алыхуызон динты минӕвӕрттӕ ӕрӕмбырд вӕййынц, цӕмӕй-иу аныхас кӕной, сӕ бон цы у саразын кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарынӕн ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс бафтауынӕн. Алыхуызон динтыл хӕст кӕй сты, уый сӕ кӕрӕдзи ӕмбарын кӕй нӕ хъыгдары, уый равдисыны тыххӕй саразынц бӕрӕгбӕттӕ, зӕгъӕм, фӕцӕуынц судзгӕ сойын цырӕгътимӕ, фӕцӕгъдынц, фӕзарынц, фӕкувынц ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Динтӕ куы баиу уой, уӕд кӕрӕдзийы ныхмӕ нал цӕудзысты? Хуыцау дӕр афтӕ зӕгъы, ӕмӕ, динтӕ кӕй баиу уыдзысты, цард уый фӕрцы фӕхуыздӕр уыдзӕн?

ИУДЗИНАД – ФӔЛӔ ЦӔЙ АРГЪӔЙ?

Динтӕ баиу кӕныны тыххӕй арӕзт чи ’рцыд, уыцы организацитӕй ӕппӕты стырдӕр йӕхицӕй сӕрыстыр у, уымӕн ӕмӕ уыцы организацийы ис 200 алыхуызон дины минӕвӕрттӕ ӕмӕ сӕ куыст кӕнынц 76 бӕстӕйы. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй сӕ нысан у уыцы хъуыддагӕн «ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй алыхуызон динты ’хсӕн фидар иудзинад уа ӕмӕ алы бон дӕр ӕмгуыст кӕной». Фӕлӕ йӕ зӕгъын куыд ӕнцон у, йӕ аразын афтӕ ӕнцон нӕу. Зӕгъӕм, уыцы организацийӕн бындур чи ӕрӕвӕрдта, уыдон сӕ устав фысгӕйӕ алы ныхасыл дӕр лӕмбынӕг хъуыды кодтой, цӕмӕй йыл йӕ къухтӕ чи ӕрфыста, уыцы бирӕ динты минӕвӕрттӕй мачи фӕхъыг уыдаид. Цӕмӕн? Иу аххосаг уыд, Хуыцауы тыххӕй уставы фыссын хъӕуы ӕви нӕ, уый фӕдыл сӕ бон иу хъуыдымӕ ӕрцӕуын кӕй нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ уставы Хуыцауӕн йӕ кой кӕнгӕ дӕр не скодтой.

Кӕд сӕм Хуыцауӕн бынат нал ис, уӕд ма динӕн йӕ кой кӕнын дӕр цӕмӕн хъӕуы? Уымӕй уӕлдай ма уӕд, динтӕ баиу кӕныны сӕрыл чи тох кӕны, уыдон цӕмӕй хицӕн кӕнынц мӕгуыртӕн ӕххуысгӕнӕг ӕндӕр организацитӕй? Уӕдӕ раст у, уӕлдӕр цы организацийы кой кодтам, уый йӕхи динон организаци кӕй нӕ хоны, фӕлӕ динтӕн ӕмгуыст кӕнынӕн чи ӕххуыс кӕны, ахӕм организаци.

ХОРЗ МИНИУДЖЫТӔ ЙӔДДӔМӔ НИЦЫ ХЪӔУЫ?

«Динтӕн сӕ фылдӕры ахуырӕдты сӕйраг хъуыды у иу: уарзондзинад, иннӕты рыст ӕмбарын ӕмӕ хатыр кӕнын зонын»,– загъта Далай-ламӕ, зындгонд тохгӕнӕг динтӕ баиу кӕныны сӕрыл. Стӕй ма загъта: «Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ уыцы миниуджытӕ хъуамӕ ӕвдисӕм нӕ царды алы бон дӕр».

Ӕцӕгдӕр, уарзондзинад, иннӕты рыст ӕмбарын ӕмӕ хатыр кӕнын сты, зӕгъӕн дӕр куыд нӕй, ахӕм ахсджиаг миниуджытӕ. «Алы хъуыддаджы дӕр [уӕ] куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр»,– загъта Чырысти (Матфейы 7:12). Фӕлӕ раст дины нысан ӕрмӕст уый у, цӕмӕй хорз миниуджытӕм разӕнгард кӕна?

Йӕхи Хуыцауы лӕггадгӕнӕг чи хуыдта, уыдонӕй бирӕты тыххӕй апостол Павел загъта: «Уыдоны тыххӕй мӕ бон зӕгъын у, ӕмӕ Хуыцауыл тынг ӕнувыд сты, фӕлӕ, чи у, уый бӕлвырдӕй нӕ зонынц». Хабар цӕй мидӕг уыд, уый Павел бамбарын кодта: «Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый нӕ зыдтой, фӕлӕ архайдтой, сӕхӕдӕг рӕстгӕнджытӕ кӕй сты, уый равдисыныл» (Ромӕгтӕм 10:2, 3). Хуыцау сӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уый кӕй нӕ зыдтой, уый тыххӕй се ’нувыддзинад, стӕй сӕ уырнындзинад дӕр уыдысты дзӕгъӕлы (Матфейы 7:21–23).

ДИНТӔ БАИУ УОЙ, УЫЙ ТЫХХӔЙ БИБЛИ ЦЫ ЗӔГЪЫ?

Йесо Чырысти загъта: «Амондджын сты, иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры, уыдон» (Матфейы 5:9). Чырысти алыхуызон динтыл хӕст адӕмы разӕнгард кодта, цӕмӕй фыддзинад аразынӕй сӕхи хызтаиккой ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй цардаиккой, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр цард, уыдоны цӕмӕ разӕнгард кодта, уымӕ гӕсгӕ (Матфейы 26:52). Йӕ ныхӕстӕ-иу ын йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, уыдоны кӕрӕдзийыл баста ӕцӕг уарзондзинад (Колоссӕгтӕм 3:14). Фӕлӕ цымӕ Чырыстийӕн йӕ нысан ӕрмӕстдӕр уый уыд, цӕмӕй алыхуызон динтыл хӕст адӕмы ’хсӕн фарн уыдаид? Цымӕ-иу, ӕндӕр динтыл хӕст чи уыд, уыдонимӕ сӕ дины ӕгъдӕутты архайдта?

Фарисейты ӕмӕ саддукейты сектӕты разамонджытӕ Чырыстийы ныхмӕ цыдысты, суанг ма йӕ марынмӕ дӕр хъавыдысты. Цымӕ Чырысти уыцы уавӕры куыд бакодта? Йӕ апостолтӕн загъта: «Уадзут сӕ. Уыдон сты куырм разамонджытӕ» (Матфейы 15:14). Чырысти уый фарс никуы уыди, цӕмӕй ахӕм адӕмимӕ сӕ динтӕ баиу уыдаиккой.

Фӕстӕдӕр Грецийы горӕт Коринфы фӕзынд чырыстон ӕмбырд. Уыцы горӕт зындгонд уыд, бирӕ алыхуызон философитӕ ӕмӕ дзы динтӕ кӕй уыди, уымӕй. Цымӕ уыцы уавӕрты чырыстӕттӕ куыд хъуамӕ кодтаиккой? Апостол Павел сӕм ныффыста: «Уӕхи ӕнӕуырнджытимӕ иу ӕфсондзы ма баифтындзут». Цымӕ сын афтӕ цӕмӕн загъта? Павел бамбарын кодта: «Чырыстийӕн Сайтанимӕ иумӕйагӕй цы хъуамӕ уа? Кӕнӕ уырнӕг адӕймагӕн – ӕнӕуырнӕгимӕ?» Уый фӕстӕ сын радта ахӕм уынаффӕ: «Уӕдӕ се ’хсӕнӕй рацӕут ӕмӕ сӕ уӕхи фӕхицӕн кӕнут» (2 Коринфӕгтӕм 6:14, 15, 17).

Куыд уынӕм, афтӕмӕй Библи комкоммӕ зӕгъы, чырыстӕттӕ динтӕ баиу кӕныныл архайой, уый раст кӕй нӕу. Фӕлӕ, чи зоны, ахъуыды кӕнай, уӕдӕ адӕмы ’хсӕн фарн цӕй фӕрцы уыдзӕн, зӕгъгӕ.

ИУДЗИНАД – ЦӔЙ ФӔРЦЫ?

Зӕххы алыварс чи зилы, уыцы станцӕ (уырыссагау «Международная космическая станция») саразыныл бафыдӕбон кодтой 15 бӕстӕйы минӕвӕрттӕ. Цавӕр пъланмӕ гӕсгӕ йӕ хъуамӕ сарӕзтаиккой, уый фӕдыл иу хъуыдымӕ куы не ’рцыдаиккой, уӕд цымӕ уый сӕ къухы бафтыдаид?

Абон динтӕ баиу кӕныныл кӕй архайынц, уымӕн дӕр йӕ хабар афтӕ у. Кӕд ӕмгуыст кӕныны ӕмӕ кӕрӕдзийӕн аргъ кӕныны тыххӕй бирӕ дзурынц, уӕддӕр, сӕ уырнындзинад цавӕр «пъланмӕ» гӕсгӕ араздзысты, уый фӕдыл сӕ бон иу хъуыдымӕ ӕрцӕуын нӕу. Уымӕ гӕсгӕ уаг ӕмӕ ӕгъдауы фарстаты, стӕй дины ахуырӕдты фӕдыл сӕ ныхас кӕрӕдзийыл нӕ бады.

Библийы фыст сты Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ сты бӕлвырд пъланы хуызӕн, ӕмӕ нӕ бон у нӕ цард, Библи цы зӕгъы, уымӕ гӕсгӕ аразын. Библийы уагӕвӕрдтӕ чи базыдта, уыдон нал кӕсынц, адӕймаг цавӕр адӕмыхаттӕй у ӕмӕ цавӕр диныл хӕст у, уымӕ ӕмӕ сахуыр сты иумӕ фӕрнӕй цӕрын. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй Хуыцау рагзаманты загъта: «Ӕз адӕмтӕн ратдзынӕн сыгъдӕг ӕвзаг, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр Йегъовӕмӕ йӕ номӕй кувой ӕмӕ йын уӕхски-уӕхск лӕггад кӕной». Уыцы адӕмы ’хсӕн фарн ис, «сыгъдӕг ӕвзагыл» кӕй дзурынц, ома, Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ йын кӕй лӕггад кӕнынц, уый фӕрцы (Софони 3:9; Исай 2:2–4).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕ се ’мбырдтӕм зӕрдиагӕй хонынц, цӕмӕй, се ’хсӕн цы диссаджы фарн ӕмӕ иудзинад ис, уый дӕхи цӕстӕй фенай (Псалом 133:1).