Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ЧИ АМАРД, УЫДОНӔН НИЦЫУАЛ НЫФС ИС?

Чи амард, уыдонӕн ныфс ис!

Чи амард, уыдонӕн ныфс ис!

Вифани уыд иу гыццыл хъӕу, Иерусалимӕй иу-3 километры дарддӕр (Иоанны 11:18). Йесо Чырыстийы мӕлӕтӕй цалдӕр къуырийы размӕ уым ӕрцыд иу ӕвзӕр хабар. Лазӕр, Йесойы хуыздӕр ӕмбӕлттӕй иу, ӕвиппайды ӕрбарынчын ӕмӕ амард.

Йесойӕн хабар куы фехъусын кодтой, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, Лазӕр кӕй бафынӕй ӕмӕ йӕ райхъал кӕнынмӕ кӕй цӕуы (Иоанны 11:11). Фӕлӕ йӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ бамбӕрстой. Ӕмӕ сын уӕд Йесо ӕргом загъта: «Лазӕр амард» (Иоанны 11:14).

Зиан куы бавӕрдтой, уымӕй цыппар боны фӕстӕ Йесо ӕрцыд Вифанимӕ. Тынг ӕй фӕндыд, цӕмӕй йын йӕ хойӕн, Марфӕйӕн, йӕ зӕрдӕйы рыст ӕрсабыр кодтаид. Марфӕ йын загъта: «Хицау, ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид» (Иоанны 11:17, 21). Ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта: «Ӕз дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард. Мӕныл чи ’ууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн» (Иоанны 11:25).

«Лазӕр, ӕддӕмӕ рацу!»

Йесо афтид ныхӕстӕ нӕ кодта. Зӕппадзмӕ бацыд ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Лазӕр, ӕддӕмӕ рацу!» (Иоанны 11:43). Уым чи уыди, уыдон куыннӕ бадис кодтаиккой, мард куы рацыд, уӕд!

Уымӕй размӕ ма Йесо райгас кодта дыууӕ адӕймаджы. Иу дзы уыд Иаиры гыццыл чызг. Ӕмӕ уыцы чызгӕй дӕр афтӕ загъта, фынӕй у, зӕгъгӕ (Лукайы 8:52).

Дӕ хъус-ма ӕрдар, Лазӕр дӕр ӕмӕ Иаиры чызг дӕр куы амардысты, уӕд сӕ дыууӕйы дӕр Йесо фынӕй адӕймагимӕ кӕй абарста. Ӕмӕ уый раст у. Цӕмӕн? Адӕймаг фынӕй куы фӕкӕны, уӕд ницы фембары, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, уыцы рӕстӕгмӕ йӕ рыст ӕмӕ йӕ хъизӕмӕрттӕй фервӕзы (Екклесиаст 9:5; кӕс рамкӕ  «Мӕлӕт абарӕн ис, адӕймаг тарффынӕй куыд кӕна, уыимӕ»). Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ зыдтой, мард адӕймаг кӕй ницы фембары, уый. «Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн мард адӕймаг фынӕй адӕймагӕй уӕлдай нӕ уыд, ингӕн та нымадтой фӕлладуадзӕн бынатыл... йӕ мӕлӕты онг Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыдонӕн» *,– фыст ис иу энциклопедийы (Encyclopedia of Religion and Ethics).

Адӕймаг куы амӕлы, уӕд мӕрдон фынӕй кӕй фӕкӕны ӕмӕ кӕй нӕ фӕхъизӕмар кӕны, уый зонын нын ӕхсызгон куыннӕ у! Зонӕм ӕй, куы амӕлӕм, уӕд кӕй ницыуал ӕмбардзыстӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мӕлӕтӕй нӕ тӕрсӕм.

«АДӔЙМАГ КУЫ АМӔЛА, УӔД МА НОГӔЙ ЦӔРДЗӔН?»

Адӕймаг ӕхсӕвы хорз куы баулӕфа, уӕд ӕй ӕнустӕм фынӕй кӕнын фӕнддзӕн? Цымӕ нӕ фидарӕй цӕмӕн уырны, ингӕнты мӕрдон фынӕй чи кӕны, уыдон дӕр Лазӕр ӕмӕ Иаиры чызгау кӕй райгас уыдзысты?

Раджы заманты Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иов мӕлӕты къахыл куы лӕууыд, уӕд бафарста: «Адӕймаг куы амӕла, уӕд ма ногӕй цӕрдзӕн?» (Иов 14:14).

Афтӕ бафарста Иов Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы, фӕлӕ йӕ фарстайӕн йӕхӕдӕг радта дзуапп: «Ды мӕм фӕдзурдзынӕ, ӕмӕ дын ӕз дзуапп ратдзынӕн. Дӕ къухтӕ кӕуыл фӕфыдӕбон кодтой, уый фенынмӕ бӕлдзынӕ» (Иов 14:15). Иов нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ кӕй бӕллы, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кӕд райгас кӕндзӕн, уыцы бонмӕ. Цымӕ Иовы, гӕнӕн цӕмӕн нӕ уыд, уый фӕндыд? Хъуыддаг уый мидӕг нӕй.

Чырысти кӕйдӕрты кӕй райгас кодта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ Йесойӕн ахӕм хъару радта, цӕмӕй мӕлӕтыл йӕ бар цӕуа. Библийы фыст ис, «ингӕны дӕгъӕлтӕ» ныр Чырыстимӕ кӕй сты (Раргомад 1:18). Чырыстийӕн Лазӕры райгас кӕнынӕн куыд уыд лӕвӕрд тых, афтӕ йын лӕвӕрд ис тых, цӕмӕй фидӕны иннӕты дӕр райгас кӕна.

Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй Библийы бирӕ рӕтты ис фыст. Зӕд пехуымпар Данелӕн загъта: «Ды ӕрӕнцайдзынӕ, фӕлӕ бонты кӕрон рабаддзынӕ, цӕмӕй дӕ хал райсай» (Данел 12:13). Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл чи не ’ууӕндыд, уыцы дзуттаг дины разамонджытӕн, саддукейтӕн, Чырысти загъта: «Сымах рӕдийут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр Фыстад зонут, нӕдӕр, Хуыцаумӕ цы тых ис, уый» (Матфейы 22:23, 29). Апостол Павел дӕр загъта: «Ӕз мӕ ныфс дарын Хуыцауыл... кӕй райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15).

МӔРДТӔ КӔД РАЙГАС УЫДЗЫСТЫ?

Кӕд райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджытӕ? Зӕд рӕстгӕнӕг Данелӕн загъта, кӕй райгас уыдзӕн «бонты кӕрон». Марфӕйы дӕр уырныдта, йе ’фсымӕр Лазӕр кӕй «райгас уыдзӕн фӕстаг бон, мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд» (Иоанны 11:24).

Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй уыцы «фӕстаг бон» уыдзӕн, Чырысти Паддзах куы уа, уыцы рӕстӕг. Апостол Павел ныффыста: «Чырысти паддзах уыдзӕн, цалынмӕ йын Хуыцау йе знӕгты се ’ппӕты дӕр йӕ къӕхты бын не ’рӕвӕра, уӕдмӕ. Сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг дӕр – мӕлӕт» (1 Коринфӕгтӕм 15:25, 26). Уӕдӕ куыннӕ хъуамӕ кувӕм, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа ӕмӕ Хуыцауы фӕндон сӕххӕст уа зӕххыл! *

Иов зыдта, Хуыцауы фӕндон кӕй у, цӕмӕй мӕрдтӕ райгас уой. Уыцы бон куы ралӕууа, уӕд мӕлӕт сӕфт ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ уӕд никуыуал ничи бафӕрсдзӕн: «Чи амард, уыдонӕн ницыуал ныфс ис?»

^ 8 абз. Дзырд «уӕлмӕрдтӕ»-й цы грекъаг дзырд тӕлмац кӕнынц, уый нысан кӕны «адӕймаг фынӕй кӕм кӕны, ахӕм бынат».

^ 18 абз. Кӕд дӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 8 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.