Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Мӕ сӕйраг куыст – Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын

Мӕ сӕйраг куыст – Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын

1937 азы январы скъола каст фӕдӕн ӕмӕ бацыдтӕн Айовӕйы университетмӕ. Университет уыд, кӕм цардыстӕм, уырдӕм хӕстӕг. Цӕргӕ та кодтам Америкӕйы Иугонд Штатты астӕуккаг-ныгуылӕн хайы. Мӕ ахуырӕн мӕ фидын кӕй хъуыд, уымӕ гӕсгӕ кусгӕ дӕр кодтон, ӕмӕ мын рӕстӕг ӕндӕр ницӕмӕн фаг кодта. Мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ мӕ фӕндыд, бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕ ӕмӕ ауындзгӕ хидтӕ куыд аразынц, уый базонын.

Уый уыди 1942 азы райдианы, Америкӕйы Иугонд Штаттӕ Дыккаг дунеон хӕсты архайын куы райдыдтой, уымӕй гыццыл раздӕр. Уӕд фӕндзӕм аз ахуыр кодтон университеты инженер-архитекторыл, ӕмӕ мӕ бакалавры къӕпхӕн райсынмӕ цалдӕр мӕйы йеддӕмӕ нал хъуыди. Кӕимӕ цардтӕн, уыцы дыууӕ лӕппуйӕ мын иу загъта, цӕмӕй аныхас кодтаин, «бинаг уӕладзыджы чи цӕры, уыцы лӕппутӕм чи ӕрбацӕуы, уыцы адӕймагимӕ». Афтӕмӕй базонгӕ дӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн Джон (Джонни) Бремеримӕ. Джон-иу мын мӕ алы фарстайӕн дӕр Библийы дзуапп куыд тагъд ацагуырдта, уый мӕм тынг диссаг фӕкаст. Уый мӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон. Ӕмӕ фӕстӕдӕр, фадат-иу мын куыддӕр фӕзынд, афтӕ-иу йемӕ хорз хабар хъусын кӕнынмӕ ацыдтӕн.

Джоннийы фыд Отто Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сси, горӕт Уолнаты (штат Айовӕ) банчы хицау куы уыд, уӕд. Отто йӕ куыст ныууагъта, цӕмӕй йӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай адӕмӕн хорз хабар хъусын кодтаид. Йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр Хуыцауы хъуыддаджы тынг фӕзминаг уыдысты, ӕмӕ уыдонмӕ кӕсгӕйӕ ӕз дӕр рахастон ахсджиаг уынаффӕ.

РӔСТӔГ УЫНАФФӔ РАХӔССЫНӔН

Иухатт мын нӕ декан загъта, ӕвзӕрдӕр ахуыр кӕнын кӕй райдыдтон ӕмӕ, ныронг хорз кӕй ахуыр кодтон, уый фаг кӕй нӕу диплом райсынӕн. Хъуыды ма кӕнын, Йегъовӕмӕ куыд зӕрдиагӕй куывтон, цӕмӕй мын бацамыдтаид, куыд бакӕнон, уый. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр мӕм фӕдзырдта, инженеры куыстыл нӕ чи ахуыр кодта, уыцы профессор ӕмӕ мын загъта, кӕмдӕр инженер кӕй хъӕуы ӕмӕ сӕм телеграммӕ кӕй ӕрбарвыстой. Профессор сын ӕнӕ мӕн бафӕрсгӕйӕ дзуапп радта, ӕз разы кӕй дӕн. Бузныг ын загътон, фӕлӕ йын бамбарын кодтон, кӕй аскъуыддзаг кодтон, мӕ сӕйраг куыст кӕй уыдзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ ахӕм уынаффӕ цӕмӕн рахастон, уый. 1942 азы 17 июны донаргъуыд райстон ӕмӕ гыццыл фӕстӕдӕр райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын – афтӕ хонынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй йӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай адӕмӕн хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдоны.

Уыцы аз мӕм фӕстӕдӕр ӕфсадмӕ фӕсидтысты, ӕмӕ къамисы раз ӕрлӕууыдтӕн, цӕмӕй бамбарын кодтаин, хӕстмӕ цӕуылнӕ цӕуын, уый. Равдыстон сын, колледжы профессортӕ мын цы гӕххӕтт радтой, уый дӕр. Уым фӕст уыд, бирӕ хорз миниуджытӕ мӕм кӕй ис ӕмӕ курдиатджын инженер кӕй дӕн. Фӕлӕ мӕ уӕддӕр 10 000 доллӕры фӕивар кодтой ӕмӕ мын фондз азы радтой. Арвыстой мӕ Левенуэрты ахӕстонмӕ, штат Канзасмӕ.

АХӔСТОНЫ

Левенуэрты ахӕстон абон. Бадтыстӕм дзы иу-230 ӕфсымӕрӕй

230 ӕрыгон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнӕй фылдӕры сбадын кодтой Левенуэрты паддзахадон ахӕстоны, бӕлвырдӕй та, Левенуэрты хъӕууонхӕдзарадон ахӕстон кӕй хуыдтой, уыцы хайы. Уым алыхуызон куыстытӕ кодтам, цалдӕр хъахъхъӕнӕджы та-иу нӕм сӕ хъус дардтой. Уыдонӕй чидӕртӕ зыдтой, нӕ къухмӕ хӕцӕнгарз кӕй нӕ исӕм, фӕлӕ нӕм уый тыххӕй ӕвзӕр цӕстӕй нӕ кастысты.

Мах архайдтам, цӕмӕй-иу нын алы хатт дӕр ӕмбырд уыдаид. Ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кодтой цалдӕр хъахъхъӕнӕджы. Уыдоны фӕрцы нӕм-иу ахӕстонмӕ ӕрбахауд Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ дӕр. Ахӕстоны хъахъхъӕнджытӕй ма иуӕй-иутӕ рафыстой, абон «Пробудитесь!» чи хуыйны, уыцы журнал дӕр.

АХӔСТОНӔЙ РАЦЫДТӔН ӔМӔ МИССИОНЕРӔЙ ЛӔГГАД КӔНЫН

Ахӕстонӕй мӕ рауагътой 1946 азы 16 февралы, Дыккаг дунеон хӕст куы фӕци, уымӕй цалдӕр мӕйы фӕстӕ – цы фондз азы мын радтой, уыдонӕй ӕртӕ азы куы фӕбадтӕн, уӕд. Ӕз та уайтагъд пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтон. Снысан мӕ кодтой, уӕдмӕ кӕм уыдтӕн, уыцы горӕтмӕ, Левенуэртмӕ. Раст зӕгъгӕйӕ, уырдӕм ацӕуынмӕ мӕ ныфс нӕ хастон, уымӕн ӕмӕ уымы адӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ цӕуын райдыдтой. Куыст ссарын дзы тынг зын уыд, ноджы зындӕр та дзы уыд цӕрӕнбынат ссарын.

Хъуыды ма кӕнын, иухатт хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ мӕ раздӕры хъахъхъӕнджытӕй иуыл куыд амбӕлдтӕн ӕмӕ мыл хъӕр кӕнын куыд райдыдта: «Фесӕф мӕ хӕдзарӕй!» Йӕ къухы йын бейсболӕй хъазӕн лӕдзӕг куы ауыдтон, уӕд мӕ улӕфт ахгӕдта ӕмӕ уайтагъд ацыдтӕн. Ӕндӕр хӕдзарӕй та мӕм иу сылгоймаг ракаст ӕмӕ мын загъта, иу минут-ма фӕлӕуу, зӕгъгӕ, ӕмӕ дуар рахгӕдта. Ӕз бынӕй лӕууыдтӕн. Уалынмӕ уӕлейӕ рудзынг фегом, ӕмӕ мыл уыцы сылгоймаг чъизи дон расӕххӕтт кодта. Фӕлӕ уӕддӕр мӕ лӕггады арфӕдзинӕдтӕ дӕр бирӕ уыди. Фӕстӕдӕр базыдтон, литературӕ мӕ чи райста, уыдонӕй чидӕртӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй систы.

1943 азы Нью-Йорчы цӕгатаг хайы байгом кодтой миссионерты скъола. Уырдӕм мӕ 10-ӕм къласмӕ ахуыр кӕнынмӕ фӕхуыдтой, ӕмӕ йӕ 1948 азы 8 февралы каст фӕдӕн. Уыцы скъола схуыдтой Галаады скъола. Скъолайы фӕстӕ мӕ снысан кодтой Сызгъӕрин Былгӕронмӕ (Золотой Берег), ныртӕккӕ хуыйны Ганӕ.

Сызгъӕрин Былгӕроны хорз хабар хъусын кодтон хицауады кусджытӕн ӕмӕ европӕйӕгтӕн. Сабаты ӕмӕ хуыцаубоны та-иу уыдтӕн ӕмбырдимӕ ӕмӕ-иу хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кодтон. Уымӕй уӕлдай ма бӕрӕг кодтон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй хибар рӕтты чи цард, уыдоны ӕмӕ сын амыдтон, хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый. Стӕй ма лӕггад кодтон цӕуӕг цӕстдарӕгӕй Пылыстӕджы Былгӕронмӕ ’ввахс (Берег Слоновой Кости), ныр хуыйны Кот-д’Ивуар.

Уыцы бынӕтты лӕггад кӕнгӕйӕ сахуыр дӕн бынӕттон адӕмау цӕрын – ӕлыгӕй сӕрст халагъуды фынӕй кодтон, къухӕй хордтон, мӕхи хъуыдыйы та цыдтӕн, израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры куыд цыдысты, афтӕ (Дыккаг закъон 23:12–14). Миссионертӕ иууылдӕр афтӕ кӕй цардысты, уый фӕрцы нӕм адӕм хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой. Бынӕттон хицӕутты устытӕй кӕимӕдӕрты Библи ахуыр кодтам, ӕмӕ, нӕ ныхмӕ чи цыд, уыдон-иу хицауадӕй куы домдтой, цӕмӕй нӕ сӕ бӕстӕйӕ арвыстаиккой, уӕд-иу уыцы сылгоймӕгтӕ сӕ лӕгтимӕ аныхас кодтой, ӕмӕ-иу не знӕгтӕн сӕ фӕндтӕй ницы рауад!

Африкӕйы цы миссионертӕ уыд, уыдонӕй бирӕтау ӕз дӕр фӕрынчын дӕн тӕфсӕгӕй (малярия). Куы-иу ихӕн кодтон, куы та-иу артау сыгътӕн, ӕмӕ-иу сӕнттӕ цагътон. Хатт-иу мӕ бинаг ӕфсӕрыл ныххӕцыдтӕн, цӕмӕй-иу мын ма зыр-зыр кодтаид. Фӕлӕ мын мӕ лӕггад уӕддӕр циндзинад хаста ӕмӕ дзы мӕ зӕрдӕ рухс кодта.

Африкӕмӕ ацӕуыны размӕ базонгӕ дӕн Евӕ Халкуистимӕ. Ӕмӕ куы ацыдтӕн, уӕд фыццаг цыппар азы кӕрӕдзимӕ писмотӕ фыстам. Ӕз базыдтон, Евӕ Галаады скъолайы 21-ӕм кълас каст кӕй фӕуыдзӕн ӕмӕ сӕ къласӕн уый фӕдыл программӕ кӕй уыдзӕн 1953 азы 19 июлы, Нью-Йорчы стадион «Янки»-йы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн цы ӕхсӕнадӕмон конгресс уыдзӕн, уым. Америкӕмӕ ӕрцӕуынӕн мӕм ӕхца нӕ уыд, ӕмӕ уый тыххӕй иу науы капитанимӕ баныхас кодтон, фӕндаггаджы бӕсты науыл исты куыстытӕ кӕй кӕндзынӕн.

22 боны фӕцыдыстӕм Америкӕмӕ. Хатт-иу денджызы уылӕнтӕ нау къӕцӕлау раппар-баппар кодтой. Куы ӕрхӕццӕ дӕн, уӕд мӕ фӕндаг акодтон Бруклиныл, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайадыл, цӕмӕй Евӕимӕ фембӕлдаин. Сӕйраг хайады агъуысты сӕрӕй Нью-Йорчы наулӕууӕн ӕмӕ, арв ӕмӕ зӕхх кӕм баиу вӕййынц, уыцы хахх афтӕ рӕсугъд зынынц, ӕмӕ сӕм адӕймаг кӕсынӕй не ’фсӕды. Раст уыцы ран Евӕйӕн мӕ зӕрдӕ раргом кодтон ӕмӕ йын загътон, нӕ цард баиу кӕнӕм, зӕгъгӕ. Фӕстӕдӕр мӕм Евӕ Сызгъӕрин Былгӕронмӕ ӕрцыд, ӕмӕ иумӕ лӕггад кодтам.

ӔХХӔСТ КӔНӔМ НӔ ХӔСТӔ НӔ БИНОНТЫ РАЗ

Африкӕйы цалдӕр азы куы фӕлӕггад кодтам, уӕд мӕ мадӕй писмо райстон. Ныффыста мӕм, мӕ фыдмӕ рак кӕй ис ӕмӕ бирӕ кӕй нал ахӕсдзӕн. Евӕимӕ ацӕуыны тыххӕй бар ракуырдтам ӕмӕ Америкӕмӕ ӕрыздӕхтыстӕм. Мӕ фыд бонӕй-бон ӕвзӕрдӕр кодта ӕмӕ гыццыл фӕстӕдӕр амард.

Фӕстӕмӕ Ганӕмӕ куы ацыдыстӕм ӕмӕ дзы цыппар азы бӕрц куы фестӕм, уӕд базыдтам, мӕ мад тынг рынчын кӕй у. Не ’мбӕлттӕй нын чидӕртӕ бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй Евӕимӕ ӕрцыдаиккам ӕмӕ йӕм фӕкастаиккам. Нӕ царды нӕ уымӕй зындӕр уынаффӕ никуы бахъуыд рахӕссын. 15 азы миссионерӕй фӕлӕггад кодтон, уыдонӕй иуӕндӕс азы Евӕимӕ, ӕмӕ ныр фӕстӕмӕ Америкӕмӕ ӕрыздӕхтыстӕм.

Бынӕттон хицауимӕ Сызгъӕрин Былгӕроны

Мӕ мадмӕ кастыстӕм цалдӕр азы. Йӕ бон-иу куы уыд, уӕд-иу ӕй ӕмбырдмӕ акодтам. 1976 азы 17 январы, 86 азы йыл куы цыд, уӕд, амард. Уымӕй фараст азы куы рацыд, уӕд ныл сӕмбӕлд ноджы уӕззаудӕр цӕф – Евӕмӕ ссардтой рак. Нӕ бон куыд уыд, афтӕ тох кодтам, фӕлӕ уӕддӕр низ йӕ кӕнон кодта, ӕмӕ 1985 азы 4 июны, 70 азы йыл куы цыд, уӕд, йӕ цардӕй ахицӕн.

СТЫРДӔР ИВЫНДЗИНӔДТӔ МӔ ДИССАДЖЫ КУЫСТЫ

1988 азы Ганӕйы филиалы ног агъуыстытӕ Йегъовӕйӕн куы нывонд кодтой, уӕд мӕн дӕр фӕхуыдтой. Уыцы хабарӕн ферох кӕнӕн нӕй! 40 азы размӕ Галаады скъолайы фӕстӕ Ганӕмӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд уыцы бӕстӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 735 йеддӕмӕ нӕ уыдысты, 1988 азы уыдысты 34 000 фылдӕр, ныр та сты 114 000 бӕрц!

Ганӕмӕ мӕ куы фӕхуыдтой, уымӕй дыууӕ азы фӕстӕ, 1990 азы 6 августы, мӕ цард баиу кодтон Евӕйы хорз ӕмбал Бетти Миллеримӕ. Нӕ дыууӕйӕн дӕр цӕрӕнбонты нӕ куыст уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ ныр дӕр уыцы куыст иумӕ кӕнӕм. Мах тынг бӕллӕм, нӕ ныййарджыты, уыдоны ныййарджыты ӕмӕ Евӕйы ногӕй зӕххыл дзӕнӕты куы фендзыстӕм, уыцы бонмӕ (Хъуыддӕгтӕ 24:15).

Йегъовӕ мӕ ахӕм стыр кадӕй кӕй схайджын кодта, цӕмӕй йын 70 азӕй фылдӕр лӕггад кӕнон, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕ цӕстытӕ доны разилынц. Мӕ сӕйраг куыст цӕрӕнбонты уыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ӕмӕ йын арӕх бузныг фӕзӕгъын, ахӕм уынаффӕ рахӕссынӕн мын кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй. Кӕд мыл ныр 90 азӕй фылдӕр цӕуы, уӕддӕр мын Йегъовӕ, ӕппӕты хуыздӕр инженер Дун-дунейы, тых ӕмӕ ныфс дӕтты, ӕмӕ абоны онг дӕр мӕ куыст кӕнын – лӕггад ын кӕнын.