НӔ КӔСДЖЫТӔ ФӔРСЫНЦ...
Цымӕ Чырысти фыдгӕнӕгӕн зӕрдӕ уӕларвон цардӕй бавӕрдта?
Адӕймагмӕ ахӕм фарста уымӕн фӕзыны, ӕмӕ Чырысти, йӕ фарсмӕ цы фыдгӕнӕг ауыгъд уыд, уымӕн зӕрдӕ бавӕрдта, фидӕны дзӕнӕты кӕй цӕрдзӕн, уымӕй. Чырысти йын загъта: «Ӕцӕг дын зӕгъын абон: уыдзынӕ мемӕ Дзӕнӕты» (Лукайы 23:43). Дӕ хъус-ма ӕрдар, дзӕнӕт кӕм уыдзӕн, уый тыххӕй Чырысти кӕй ницы загъта, уымӕ. Цымӕ Чырыстийы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ уыцы фыдгӕнӕг йемӕ уӕлӕрвты уыдзӕн?
Фыццаг уал базонӕм, уыцы фыдгӕнӕг уӕларвон царды аккаг уыд ӕви нӕ, уый. Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон донаргъуыд райсынц ӕмӕ сыгъдӕг тыхӕй схайджын вӕййынц, ӕмӕ афтӕмӕй нымад ӕрцӕуынц Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтыл ӕмӕ Хуыцауы фырттыл (Иоанны 3:3, 5). Уымӕй уӕлдай ма уыдон хъуамӕ Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрой ӕмӕ уой ӕууӕнкджын, ӕнаипп ӕмӕ иннӕты рыст ӕмбарой (1 Коринфӕгтӕм 6:9–11). Стӕй хъуамӕ Хуыцауыл ӕмӕ Чырыстийыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайой (Лукайы 22:28–30; 2 Тимофеймӕ 2:12). Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй равдисдзысты, уый аккаг кӕй сты, цӕмӕй райгас уой. Стӕй ма сӕм ахӕм миниуджытӕ дӕр кӕй ис, цӕмӕй сӕм уӕлӕрвты цы кадджын хӕстӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон ӕххӕст кӕной, ома Чырыстиимӕ мин азы сауджынтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ уой ӕмӕ уӕлӕрвтӕй адӕмӕн разамынд дӕттой (Раргомад 20:6).
Чырыстийы фарсмӕ цы фыдгӕнӕг уыд, уый та кодта фыдхъуыддӕгтӕ ӕмӕ мӕлгӕ дӕр йӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй акодта (Лукайы 23:32, 39–41). Фӕлӕ йӕ ныхӕстӕй, «Паддзах куы суай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн», зӕгъгӕ, равдыста, Йесойӕн кӕй кад кӕны (Лукайы 23:42). Ӕмӕ кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр уыцы фыдгӕнӕг донаргъуыд нӕ райста ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинаг нӕ уыд. Стӕй йӕ цардӕй дӕр нӕ равдыста, рӕстгӕнӕг ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг кӕй уыд, уый. Уӕдӕ, Чырысти йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕн уӕларвон цардӕй зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ уыцы фыдгӕнӕгӕн дӕр куы бавӕрдтаид, уӕд уый ӕмбаргӕ ми схонӕн уыдаид? (Ромӕгтӕм 2:6, 7)
Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Исчи дӕ хатыр куы ракурид, де ’хца дын кӕй адавта, уый тыххӕй, уӕд ыл, чи зоны, тӕрхондонмӕ нӕ бахъаст кӕнис. Фӕлӕ йӕ цымӕ дӕ куысты хицауӕй сӕвӕрис кӕнӕ йын дӕ бинонты йӕ бӕрны бакӕнис? Ӕвӕццӕгӕн равзарис, тынг кӕуыл ӕууӕндыс, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймаджы. Афтӕ, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон дӕр хъуамӕ бирӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕй равдисой, ӕууӕндӕн сыл кӕй ис, уый ӕмӕ, уӕлӕрвтӕй зӕххӕн разамынд куы дӕттой, уӕд Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ кӕй архайдзысты (Раргомад 2:10). Уыцы фыдгӕнӕг дӕр кӕд Чырыстийӕн йӕ царды фӕстаг минут сыгъдӕг зӕрдӕйӕ балӕгъстӕ кодта, уӕддӕр ӕрмӕст уый фаг нӕ уыди, цӕмӕй йын ахӕм стыр хъуыддӕгтӕ йӕ бӕрны бакӕнӕн уыдаид.
Фӕлӕ бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Чырысти уыцы фыдгӕнӕгӕн загъта, тӕккӕ уыцы бон кӕй уыдзӕн йемӕ дзӕнӕты. Уымӕн гӕнӕн нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ, Чырысти йӕхӕдӕг дӕр уӕлӕрвтӕм уыцы бон нӕ ацыд. Йесо ӕртӕ боны уыди «зӕххы хуылфы», ома ингӕны (Матфейы 12:40; Марчы 10:34). Куы райгас, уӕд дӕр ма цыппор боны дӕргъы уыд зӕххыл, цалынмӕ уӕлӕрвтӕм нӕ ацыд, уӕдмӕ (Хъуыддӕгтӕ 1:3, 9). Уӕдӕ уый гӕнӕн нӕ уыд, цӕмӕй уыцы фыдгӕнӕг тӕккӕ уыцы бон Чырыстиимӕ уӕлӕрвтӕм ацыдаид.
Ӕмӕ уӕд цавӕр дзӕнӕты хъуамӕ уыдаид уыцы фыдгӕнӕг? Куы райгас уа, уӕд цӕрдзӕн дзӕнӕты зӕххыл, Чырысти уӕлӕрвтӕй разамынд кӕмӕн дӕтдзӕн, уыцы адӕмимӕ (Хъуыддӕгтӕ 24:15; Раргомад 21:3, 4). Кӕд дӕ уыцы дзӕнӕты тыххӕй ӕмӕ Хуыцауы закъӕтты тыххӕй фылдӕр базонын фӕнды, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕимӕ аныхас кӕн.