Нӕ кӕсджытӕн
Журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» мыхуыры цӕуын райдыдта 1879 азы июлы мӕйӕ. Уӕдӕй нырмӕ рӕстӕг ивта, ивта ацы журнал дӕр. (Кӕс къамтӕм уӕлейӕ.) Ацы номырӕй фӕстӕмӕ бафиппайдзынӕ, цыдӕртӕ дзы кӕй фӕивта. Цы дзы фӕивта?
Фылдӕр кӕнынц, исты информаци ссарыны тыххӕй Интернетӕй чи пайда кӕны, ахӕм адӕм, уымӕн ӕмӕ Интернеты фӕрцы иу секундмӕ дӕр ссарӕн ис тынг бирӕ информаци. Абон Интернеты кӕсӕн ис бирӕ чингуытӕ, журналтӕ ӕмӕ газеттӕ.
Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр нӕ сайт jw.org рацарӕзтам, цӕмӕй уа аивдӕр ӕмӕ дзы ӕнцондӕр пайда кӕнӕн уа. Нӕ публикацитӕ дзы сты 430 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Ацы мӕйӕ райдайгӕ Интернеты ссарӕн уыдзӕн, раздӕр журналы мыхуыргонд чи цыд, уыцы рубрикӕтӕй иуӕй-иутӕ бирӕ ӕвзӕгтыл.
Ацы мӕйӕ фӕстӕмӕ, уацамынды кӕй парахат кӕнӕм, уыцы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» 32 фарсы нал уыдзӕн, фӕлӕ 16 фарсы. Ныридӕгӕн ацы журнал мыхуыргонд цӕуы 204 ӕвзагыл. Журналы къаддӕр сыфтӕ кӕй уыдзӕн, уый фӕрцы йӕ тӕлмац кӕнӕн уыдзӕн фылдӕр ӕвзӕгтӕм.
Ныфс нӕ ис, афтӕмӕй нӕ бон кӕй бауыдзӕн фылдӕр адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй базоной, Библийы фыст чи ис ӕмӕ сӕ цард кӕмӕй кӕнгӕ у, уыцы диссаджы хабар. Махӕн ис, Библийӕн чи аргъ кӕны ӕмӕ дзы бӕлвырдӕй цы фыст ис, уый базонын кӕй фӕнды, бирӕ ахӕм кӕсджытӕ. Уымӕ гӕсгӕ амӕй фӕстӕмӕ дӕр архайдзыстӕм, цӕмӕй нӕ журналы дӕр ӕмӕ нӕ сайты дӕр алы хатт дӕр уа ног ӕмӕ ӕнцонкӕсӕн информаци.
Мыхуыры йӕ чи уадзы, уыдон