Баввахс у Хуыцаумӕ
Дӕ ном Хуыцауы «зӕрдылдарӕн чиныджы» фыст у?
ЦЫМӔ Йегъовӕ, йӕ лӕггадгӕнджытӕ йын йӕ зӕрдӕ барухс кӕныныл кӕй фӕархайынц, уый фӕуыны? Куыннӕ! Фӕлӕ сын сӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йӕ куыд фӕкадджын кӕнынц, ӕрмӕст уый нӕ фӕуыны. Йегъовӕ фӕзоны, куы йыл фӕхъуыды кӕнынц, суанг уый дӕр. Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕ никуы ферох кӕндзӕн йӕ адӕмы ӕмӕ, йӕ номы тыххӕй цы аразынц, уый. Уый нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна? Ацы фарстайӕн дзуапп базондзыстӕм, пехуымпар Малахи цы загъта, уымӕй. (Бакӕс Малахийы 3:16.)
Нӕ эрӕйы размӕ фӕндзӕм ӕнусы, Малахи адӕмӕн Хуыцауы ныхас куы хъусын кодта, уӕд Израилы адӕмӕн се ’гъдау ӕмӕ сӕ уырнындзинад уыдысты тынг ӕвзӕр уавӕры. Сауджынтӕ сӕ хӕстӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кастысты, адӕм та бафтыдысты, Хуыцауы чи ӕгад кодта, ахӕм хъуыддӕгтыл, зӕгъӕм, кӕлӕнтӕ кодтой, хӕтыдысты ӕмӕ сайдтой (Малахи 2:8; 3:5). Фӕлӕ уӕддӕр се ’хсӕн уыди, Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, ахӕм адӕм. Уыдон та цы куыстой?
«Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдон кӕрӕдзиимӕ ныхас кодтой»,– загъта Малахи. Хуыцауӕй тӕрсын хорз миниуӕг у. Малахи ам кӕны, Хуыцауӕн стыр кад чи кодта ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕхудты бацӕуынӕй чи тарст, уыцы израилӕгты кой. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йегъовӕйӕ чи тарст, уыдон «кӕрӕдзиимӕ [кӕй] ныхас кодтой». Ӕвӕццӕгӕн-иу иумӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ-иу Йегъовӕйы тыххӕй ныхас кодтой, кӕрӕдзи фидар кодтой, цӕмӕй сӕ ныфс ма асастаид ӕмӕ, цы хӕлд адӕмы ’хсӕн цардысты, уыдоны хуызӕн ма суыдаиккой.
Уыцы израилӕгтӕ Йегъовӕйӕ кӕй тарстысты, уый ма бӕрӕг у ӕндӕр хъуыддагӕй дӕр. Уыдон ын «йӕ номыл... хъуыды кодтой». Ацы ныхӕстӕ ӕндӕр тӕлмацы та сты афтӕ: «Йӕ номӕн ын аргъ кодтой». Уыцы израилӕгтӕ Йегъовӕйӕн кад кодтой сӕ зӕрдӕйы мидӕг дӕр, ома сӕ хъуыдыты дӕр. Хъуыды кодтой Йегъовӕйыл ӕмӕ йе стыр номыл, бузныг дзы кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Цымӕ Йегъовӕ уыдӕттӕ зыдта?
Малахи загъта: «Йегъовӕ та сӕм лӕмбынӕг хъуыста». Йегъовӕ-иу йӕ лӕггадгӕнджытӕм йӕ бӕрзонд цӕрӕнбынатӕй, уӕларвӕй, йӕхи ӕркъул кодта ӕмӕ-иу кӕрӕдзийӕн цы дзырдтой, уый хъуыста. Стӕй-иу ӕнӕуи дӕр цӕуыл хъуыды кодтой, уый дӕр зыдта (Псалом 94:11). Фӕлӕ-иу цӕуыл дзырдтой ӕмӕ-иу цӕуыл хъуыды кодтой, уый ӕрмӕст зонгӕ нӕ кодта.
«Йӕ разы фыст цыд зӕрдылдарӕн чиныг»,– загъта Малахи. Уыцы чиныджы фыст сты Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты нӕмттӕ. Дӕ хъус-ма ӕрдар, уыцы чиныг «зӕрдылдарӕн чиныг» кӕй хуыйны, уымӕ *. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ никуы ферох кӕндзӕн, иузӕрдионӕй йын чи лӕггад кӕны, уыдоны ӕмӕ йын йӕ ном кадджын кӕнынӕн цы аразынц, уый – сӕ алы хорз хъуыддаг, сӕ алы хорз ныхас ӕмӕ сӕ алы хорз хъуыды дӕр. Фӕлӕ сӕ Хуыцау хуымӕтӕджы нӕ дары йӕ зӕрдыл. Йегъовӕ нын фидарӕй зӕгъы, йӕ «зӕрдылдарӕн чиныджы» кӕй нӕмттӕ фыст сты, уыдоны ӕнусон цардӕй кӕй схайджын кӕндзӕн (Псалом 37:29) *.
Куыд ӕхсызгон нын у, Йегъовӕ, йӕ зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ йын кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕн кӕй аргъ кӕны! Малахийы 3:16 стихы ныхӕстыл нӕ хъӕуы лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын. Хорз уаид, нӕхимӕ ахӕм фарста куы раттиккам: «Цымӕ мӕ ном Хуыцауы „зӕрдылдарӕн чиныджы“ фыст у?» Нӕ нӕмттӕ дзы фыст уыдзысты, алы бон дӕр нӕ хъуыддӕгтӕ, нӕ ныхӕстӕ ӕмӕ нӕ хъуыдытӕ ахӕмтӕ куы уой, цӕмӕй сӕ Йегъовӕйы йӕ зӕрдыл бадарын бафӕнда.
Декабры Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 6 абз. Дзырд «зӕрдылдарӕн»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый ӕрмӕст цыдӕр ӕрхъуыды кӕнынмӕ нӕ амоны. Уый нысан кӕны, зӕрдыл цы лӕууы, уый тыххӕй ма исты саразын дӕр.
^ 6 абз. Хуыцау ӕнусон цардӕй зӕрдӕ кӕй ӕвӕры, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 3 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.