Хуыздӕр базон куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцауы
АФТӔ чи дзуры, ӕз Хуыцауыл ӕууӕндын, зӕгъгӕ, уыдонӕй бирӕтӕн сӕ бон бамбарын кӕнын нӕу, цӕмӕн ыл ӕууӕндынц, уый. Стӕй сӕ бон зӕгъын нӕу, динты аххосӕй бӕллӕхтӕ цӕмӕн цӕуы кӕнӕ Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы, уый дӕр. Уыдонӕн сӕ бон у ӕрмӕстдӕр кувын, кӕд, кӕмӕ кувынц, уыцы Хуыцауы зонгӕ нӕ кӕнынц, уӕддӕр.
Дӕуӕн дӕр дӕ бон у, цӕмӕй Хуыцауы базонай ӕмӕ йе ’мбал суай. Куы йӕ базонай, уӕд дӕм уырнындзинад фӕзындзӕн, бауарздзынӕ йӕ ӕмӕ йын кад кӕндзынӕ. Ӕцӕг уырнындзинад ӕнцайы бӕлвырдгӕнӕнтыл (Дзуттӕгтӕм 11:1). Хуыцау чи у ӕмӕ йӕм цы миниуджытӕ ис, уый куы базонай, уӕд дӕ бон уыдзӕн йемӕ хорз ӕмбалау ныхас кӕнын. Бакӕс-ма, дӕ хорзӕхӕй, Хуыцау кӕй ис, ууыл чи дызӕрдыг кодта, фӕлӕ йӕм уӕддӕр чи куывта, уыцы адӕмӕй иуӕй-иутӕ цы дзурынц.
▪ Фыццаг статьяйы кӕй кодтам, уыцы Патришӕ радзырдта: «Иухатт иу-дӕс ӕмбалӕй иумӕ куы бадтыстӕм, уӕд дины кой кӕнын райдыдтой. Ӕз сын загътон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй нӕм иу кӕй ӕрбацыд, ӕмӕ уый тыххӕй хӕдзарӕй кӕй рацыдтӕн. Мӕ фыд атеист у, ӕмӕ йемӕ куыд ныхас кодтаид, уымӕ хъусын мӕ нӕ фӕндыд. Уӕд ме ’мбӕлттӕй иу афтӕ бакодта: „Уӕд та-ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ раст сты“.
Иннӕ та загъта: „Ӕмбырдмӕ-ма сӕм ацӕуӕм, ӕмӕ йӕ нӕхӕдӕг базонӕм“. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ бакодтам. Кӕд цӕуылдӕрты дызӕрдыг кодтам, уӕддӕр ма уый фӕстӕ дӕр цалдӕрӕй ӕмбырдтӕм цыдыстӕм, уымӕн ӕмӕ-иу ныл Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тынг бацин кодтой.
Фӕлӕ иу хуыцаубон ӕмбырды цы фехъуыстон, уый фӕрцы „мӕ цӕстытӕ байгом сты“. Раныхас кӕмӕн уыд, уыцы ’фсымӕр бамбарын кодта, адӕм цӕмӕн удхар кӕнынц, уый. Раздӕр никуы фехъуыстон, фыццаг адӕймаг ӕххӕст кӕй уыд, стӕй иу адӕймагӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт ӕппӕт адӕмыл дӕр кӕй ахӕлиу сты. Стӕй ма бамбарын кодта, Чырысти йӕ цард кӕй радта, цӕмӕй адӕм ногӕй схайджын уой, фыццаг адӕймаг йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты дӕр ӕнӕхай кӕмӕй фӕкодта, уыцы хорздзинӕдтӕй * (Ромӕгтӕм 5:12, 18, 19). Уыцы хабӕрттӕ фехъусгӕйӕ алцыдӕр бамбӕрстон. Ӕз ахъуыды кодтон: „Хуыцау ӕцӕгдӕр ис ӕмӕ ныл тыхсы“. Уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕр Библи ахуыр кодтон ӕмӕ гыццыл фӕстӕдӕр,– мӕ царды мидӕг фыццаг хатт,– бамбӕрстон, удӕгас Хуыцаумӕ кӕй кувын».
▪ Фыццаг статьяйы ма цы Алланы кой кодтам, уый загъта: «Иу бон нӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ
ӕрбацыдысты, ӕмӕ сӕ мӕ ус мидӕмӕ ӕрбахуыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, ӕнусон царды тыххӕй йын цы загътой, уый. Ӕз смӕсты дӕн. Уазджыты фӕуагътон, мӕ усмӕ фӕдзырдтон ӕмӕ йын загътон: „Ӕдылы ма у! Ахӕм ныхӕстыл куыд ӕууӕндыс?!“Уӕд мын загъта: „Хорз, уӕдӕ ацу, ӕмӕ сын дӕхӕдӕг бамбарын кӕн, раст кӕй не сты, уый“.
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иу бӕлвырдгӕнӕн ӕрхӕссын дӕр мӕ бон нӕ баци. Фӕлӕ мемӕ тынг фӕлмӕнӕй ныхас кодтой ӕмӕ мын ныууагътой иу чиныг. Уым дзырд цыди, цард Хуыцау сфӕлдыста ӕви йӕхихъӕдӕй фӕзынд, ууыл. Уыцы чиныг алцыдӕр афтӕ ӕнцонтӕй ӕмбарын кодта ӕмӕ дзы ахӕм фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ уыд, ӕмӕ мӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын бафӕндыд. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ бамбӕрстон, цы фыст дзы ис, уый тынг кӕй хицӕн кӕны, раздӕр дины тыххӕй цы хъуыды кодтон, уымӕй. Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр куы базыдтон, уӕд мӕ куывдтытӕ фӕивтой – иумӕйаг ныхӕстӕ нал кодтон, фӕлӕ бӕлвырд хъуыддӕгты тыххӕй кувын райдыдтон. Уыди мӕм ӕвзӕр миниуджытӕ, ӕмӕ уый тыххӕй дӕр Йегъовӕмӕ куывтон. Кӕй мӕ фехъуыста, ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын».
▪ Эндрю, Английы цӕрӕг нӕлгоймаг, дзуры: «Наукӕ мӕ тынг цымыдис кодта, стӕй мын
мӕ хъуыды аивын афтӕ ӕнцон нӕ уыд. Эволюцийыл ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй ӕууӕндыдтӕн, ӕмӕ йӕ иннӕтӕ раст хуыдтой. Хуыцауыл та ӕппындӕр не ’ууӕндыдтӕн, уымӕн ӕмӕ уыдтон, дунейы бирӕ фыддзинад кӕй ис, уый.Фӕлӕ-иу иуӕй-иу хатт хъуыды кодтон: „Кӕд Хуыцау ис, уӕд адӕймаджы цӕмӕн сфӕлдыста? Зӕххыл уыйбӕрц фыддзинад ӕмӕ хӕстытӕ цӕмӕн ис?“ Ӕмӕ-иу мын тынг зын куы уыд, уӕд-иу скуывтон, фӕлӕ кӕмӕ, уый нӕ зыдтон.
Иухатт мын мӕ усӕн чидӕр радта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд трактат, „Ацы дуне фервӕздзӕн?“, зӕгъгӕ. Ацы фарстайыл-иу арӕх хъуыды кодтон. Трактаты йын дзуапп лӕвӕрд уыд Библийӕ. Ӕмӕ уӕд ахъуыды кодтон: „Цымӕ, Библийы цы фыст ис, уыдӕттӕ иууылдӕр ӕцӕг сты?“ Фӕстӕдӕр, отпусчы куы уыдтӕн, уӕд мын чидӕр радта чиныг „Библия: слово Бога или человека?“ *. Куы йӕ базыдтон, Библи наукӕйы ныхмӕ кӕй нӕу, уӕд мӕ бафӕндыд Библи хуыздӕр базонын. Ӕмӕ мын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи ахуыры кой куы скодтой, уӕд сразы дӕн. Йегъовӕйы фӕндон куы базыдтон, уӕд ӕй бамбӕрстон, удӕгас Хуыцау кӕй у ӕмӕ, мӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый йын мӕ бон дзурын кӕй у».
▪ Лондоны чи цӕры ӕмӕ протестантты бинонты ’хсӕн чи схъомыл, уыцы сылгоймаг, Джан, зӕгъы: «Ӕз уыдтон, аргъуанты цы цӕстмӕмитӕ кӕнынц, стӕй адӕм куыд хъизӕмар кӕнынц, уый, ӕмӕ мын уый тыххӕй динтӕ иууылдӕр фенад сты. Стӕй мӕ ахуыр ныууагътон, ӕмӕ цӕмӕй мӕхи фӕдардтаин, уый тыххӕй райдыдтон зарын ӕмӕ гитарӕйыл цӕгъдын. Уыцы рӕстӕг базонгӕ дӕн Пэтимӕ. Пэтӕн та йӕ бинонтӕ уыдысты католиктӕ. Уый дӕр раздӕр Хуыцауыл ӕууӕндыд, фӕлӕ стӕй мӕнау фыдӕнхъӕл фӕци.
Махау йӕ ахуыр чи ныууагъта ӕмӕ Скӕсӕн бӕстӕты динтӕ кӕй зӕрдӕмӕ цыдысты, цалдӕр ахӕм адӕймагимӕ цардыстӕм иу ӕдзӕрӕг хӕдзары. Адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый тыххӕй-иу суанг ӕмбисӕхсӕвтӕм дӕр фӕныхас кодтам. Кӕд мӕн дӕр ӕмӕ Пэты дӕр нӕ уырныдта, Хуыцау кӕй ис, уый, уӕддӕр нӕм афтӕ каст, ӕмӕ цард йӕхихъӕдӕй кӕй нӕ фӕзынд.
Цӕгат Англимӕ куыст агурӕг ацыдыстӕм – фӕндыд нӕ музыканттӕй кусын. Уыцы рӕстӕг нын райгуырд лӕппу. Иу ӕхсӕв нын фӕрынчын, ӕмӕ кӕд Хуыцауыл не ’ууӕндыдтӕн, уӕддӕр ӕм скуывтон. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ хӕдзарӕй ацыдтӕн ӕмӕ сывӕллоны дӕр мемӕ акодтон, уымӕн ӕмӕ Пэтимӕ нӕ цард нал цыд. Ӕмӕ та уӕд ногӕй скуывтон, зӕгъын, кӕд уӕлейы исчи ис, уӕд мӕ кӕд фехъусид. Уый фӕстӕ куыд базыдтон, афтӕмӕй уыцы рӕстӕг Пэт дӕр куывта.
Фӕстӕдӕр уыцы бон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй дӕууӕйӕ Пэтмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын Библийӕ цалдӕр хорз уынаффӕйы бакастысты. Пэт мӕм телефонӕй ӕрбадзырдта, ӕмӕ мӕ бафарста, нӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнӕм, зӕгъгӕ. Ахуыр кӕнын куы райдыдтам, уӕд базыдтам, нӕ къухтӕ ӕрфыссын нӕ кӕй хъӕуы, уымӕн ӕмӕ уый у Хуыцауы фӕндон. Фӕлӕ кӕрӕдзи кӕй нал ӕмбӕрстам, уымӕ гӕсгӕ нӕм уый тынг зын каст.
Пэтимӕ нӕ фӕндыд фылдӕр базонын, Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ, Хуыцауы Паддзахад цы у, уый. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ ӕмбарын райдыдтам, Хуыцау адӕмыл кӕй тыхсы, ӕмӕ нӕ бафӕндыд йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын, ӕмӕ уӕд нӕ къухтӕ ’рфыстам. Хуыцауы Ныхасы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон нын баххуыс кодтой не ’ртӕ сывӕллоны схъомыл кӕнынӕн. Ныр ӕй фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй фехъуыста».
Хуыцау кӕй ис, уый дӕхицӕн сбӕлвырд кӕн
Ацы статьяйы кӕй кой цӕуы, уыдонӕн ӕмӕ ма милуангай ӕндӕр адӕмӕн мӕнг дин сӕ зонд не схӕццӕ кодта. Уыдон базыдтой, абон адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц, уый. Ӕвӕццӕгӕн ӕй бафиппайдтай, уыцы адӕмӕй алчидӕр бӕлвырдӕй кӕй базыдта, Библийы цы фыст ис, уый, ӕмӕ уый руаджы кӕй бамбӕрстой, Йегъовӕ сын сӕ куывдтытӕ кӕй хъусы.
Дӕу дӕр фӕнды, Хуыцау ӕцӕгдӕр кӕй ис, уымӕн цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдон раиртасын? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Хуыцауы хуыздӕр базонай ӕмӕ, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцауы» ӕмбал суай (Псалом 65:2).
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 6 абз. Чырыстийы нывонд нын цы пайда у, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 5-ӕм сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
^ 12 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
[Хицӕнгонд текст 10 фарсыл]
«Йегъовӕйы фӕндон куы базыдтон, уӕд ӕй бамбӕрстон, удӕгас Хуыцау кӕй у ӕмӕ, мӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уый йын мӕ бон дзурын кӕй у»
[Ныв 9 фарсыл]
Ӕцӕг уырнындзинад ӕнцайы бӕлвырдгӕнӕнтыл, ӕмӕ ма уымӕй уӕлдай адӕймаджы хъуамӕ фӕнда Хуыцауы хуыздӕр базонын