Ӕхца уӕм раздӕрау куы нал ӕфта, уӕд цы бакӕнӕн ис?
ОВИД цӕры Африкӕйы стыр горӕттӕй иуы, ис ын дыууӕ фырты. Дӕс азы дӕргъы фӕкуыста йӕ горӕты ӕппӕты хуыздӕр гостиницӕтӕй иуы ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бинонтӕ ӕхца цух никуы уыдысты. Суанг ма-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ сӕ бӕстӕйы ӕппӕты хуыздӕр бынӕттӕм улӕфынмӕ дӕр ацыдысты. Фӕлӕ Овид ӕнӕ куыстӕй баззад ӕмӕ йӕ ӕнӕмӕт цардӕн кӕрон ӕрцыд, уымӕн ӕмӕ сӕ гостиницӕмӕ раздӕрау бирӕ адӕм нал цыд.
Стивен иу стыр банчы фӕкуыста 22 азы ӕмӕ дзы ӕппынфӕстаг хицауӕй кусын райдыдта. Хорз мызд кӕй иста, уымӕй уӕлдай ма йын радтой стыр хӕдзар, машинӕ, хӕдзары йын уыд лӕггадгӕнджытӕ, йӕ сывӕллӕттӕ та ахуыр кӕнын райдыдтой ӕппӕты хуыздӕр скъолаты. Фӕлӕ уыцы банчы стыр ивддзинӕдтӕ куы ’рцыд, уӕд йӕ бынатӕй фӕхауд. «Мӕ бинонтӕ иууылдӕр арвы цӕфау фесты,– загъта Стивен.– Фидӕнӕй мӕ ныфс нал уыд, афтӕ мӕм каст, цыма мыл сайдӕй рацыдысты ӕмӕ, дарддӕр куыд цӕрдзыстӕм, ӕрмӕст уыцы хъуыдыйӕ дӕр-иу барызтӕн».
Ахӕм цаутӕ иу ӕмӕ дыууӕ не сты. Дунейы алы ран дӕр царды уавӕртӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕнынц, уый аххосӕй, раздӕр хорз мызд чи иста, уыдонӕй милуантӕ ӕнӕ куыстӕй баззадысты. Бирӕтӕ ныллӕууыдысты, гыццыл мызд кӕм фидынц, ахӕм куысты, кӕд ӕргътӕ бонӕй-бонмӕ хӕрдмӕ цыдысты, уӕддӕр. Иу бӕстӕйы цӕрджытӕн дӕр, хъӕздыг бӕстӕ уа ӕви мӕгуыр, сӕ бон афтӕ зӕгъын нӕу, зӕгъгӕ, дунейы экономикон уавӕр махыл нӕ фӕзындзӕн.
Зондӕй архай
Адӕймаг ӕнӕ куыстӕй куы баззайы кӕнӕ йӕм ӕхца раздӕрау куы нал фефты, уӕд тынг фӕмӕт кӕны. Ахӕм уавӕры адӕймаг кӕй фӕтыхсы, уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ кӕддӕр иу зондджын адӕймаг загъта: «Зын сахат дӕ ныфс куы асӕтта, уӕд дӕм тых кӕцӕй уыдзӕн?» (Ӕмбисӕндтӕ 24:10). Уӕдӕ махӕн дӕр нӕ царды уавӕртӕ цӕхгӕр куы фӕивой, уӕд хъуамӕ ӕгӕр ма тыхсӕм, фӕлӕ, Хуыцауы Ныхасы цы «куырыхон зонд» ис, уый агурӕм, ома йын йӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайӕм (Ӕмбисӕндтӕ 2:7).
Кӕд Библийы ӕхцаимӕ баст алыхуызон фарстаты тыххӕй бирӕ фыст нӕй, уӕддӕр дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон ӕнӕхъӕн дунейы тынг бирӕ адӕмӕн баххуыс кодтой. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.
Дӕ хӕрдзтӕ-иу банымай. Лукайы 14:28 стихы фыст сты Чырыстийы ныхӕстӕ: «Сымахӕй исчи мӕсыг самайын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕн ӕмӕ, йӕ саразынӕн цас бахъӕудзӕн, уый нӕ банымайдзӕн, цӕмӕй йӕ зона, йӕ саразыны фаг ӕм ис ӕви нӕ?» Ацы ныхӕстӕй нӕ бон зондӕн райсын цы у? Хъуамӕ нӕ хӕрдзтӕ пълан кӕнӕм, цӕмӕй не ’хца ӕндӕр истӕуылты ма хардз кӕнӕм. Фӕлӕ Овид куыд зӕгъы, афтӕмӕй уый ӕнцон хъуыддаг нӕу. Овид загъта: «Кусгӕ ма куы кодтон, уӕд-иу нӕ ӕнӕмӕнгӕй цы нӕ хъуыд, уыдӕттӕ дӕр арӕх ӕлхӕдтам. Нӕ хӕрдзтӕ никуы пълан кодтам, уымӕн ӕмӕ нӕм афтӕ каст, ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уыдӕтты фаг нӕм ӕхца алкӕддӕр уыдзӕн». Фӕлӕ адӕймаг йӕ хӕрдзтӕ пълан кӕнын куы сахуыр уа, уӕд ӕм цы ’фты, уымӕй фылдӕр нӕ хардз кӕндзӕн.
Дӕ цард дӕ ног уавӕртӕм гӕсгӕ ив. Адӕймагмӕ кӕд раздӕрау ӕхца нал ӕфты, уӕд хъуамӕ сахуыр уа ног уавӕрты цӕрын, кӕд уый зын уыдзӕн, уӕддӕр. Стивен загъта: «Цы ’хца нӕм ӕфтыд, уый нын цӕмӕй фаг кодтаид,
уый тыххӕй ацыдыстӕм къаддӕр ӕмӕ, кӕронмӕ цалцӕггонд чи нӕ уыд, ахӕм хӕдзармӕ. Сывӕллӕтты та раивтам, афтӕ бирӕ фидын кӕм нӕ хъуыд, фӕлӕ хорзыл нымад чи уыд, ахӕм скъолатӕм».Цӕмӕй ног уавӕрты цӕрын сахуыр уат, уый тыххӕй бинонтӕ хъуамӕ кӕрӕдзиимӕ уынаффӕ кӕной. Фараст азы банчы чи фӕкуыста ӕмӕ стӕй йӕ куыстӕй кӕй арвыстой, уыцы нӕлгоймаг, Остин, зӕгъгӕ, загъта: «Мӕ бинойнагимӕ ӕрбадтыстӕм ӕмӕ ныффыстам, ӕцӕгдӕр нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Мах бауынаффӕ кодтам, зынаргъ хӕринӕгтӕ ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕнг чи нӕ хъуыд, ахӕм дзаумӕттӕ кӕй нал ӕлхӕндзыстӕм, стӕй, бирӕ ӕхца фидын кӕм хъуыд, ахӕм рӕттӕм дӕр улӕфынмӕ кӕй нал цӕудзыстӕм. Тынг ӕхсызгон мын у, ууыл мӕ бинонтӕ иууылдӕр кӕй сразы сты». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттӕ бынтон хорз нӕ фембарынц, раздӕр куыд цардыстут, афтӕ цӕуылнӕуал цӕрут, уый. Фӕлӕ сын сымах, ныййарджытӕ, ӕмбарын кӕнут, афтӕ цӕмӕн рауад, уый.
Алы куыст дӕр дӕ сӕрмӕ хӕсс. Кӕд цӕрӕнбонты къӕбинеты фӕкуыстай, уӕд дӕм сау куыст кӕнын зын кӕсдзӕн. «Ӕз фӕкуыстон хицауы бынӕтты иу стыр фирмӕйы, ӕмӕ мын уымӕ гӕсгӕ тынг зын уыд, адӕмы цӕсты кадджын чи нӕ уыд, ахӕм куысты ныллӕууын»,– загъта Остин. Ӕмбисӕндты 29:25 стихы афтӕ фыст кӕй ис, «адӕмӕй тӕрсын къӕппӕгӕй уӕлдай нӕу», зӕгъгӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уым диссагӕй ницы ис, бирӕтӕ Остинау кӕй фӕхъуыды кӕнынц. Иннӕтӕ дӕ цы зӕгъдзысты, ӕдзух ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд уымӕй дӕ бинонты нӕ бафсаддзынӕ. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ адӕм цы ахъуыды кӕндзысты, уымӕй мауал тӕрсай?
Ацы хъуыддаджы дын баххуыс кӕндзӕн сӕрныллӕгдзинад. Овид гостиницӕйы куы нал куыста, уӕд ӕй йӕ раздӕры ӕмкусджытӕй иу йӕ автосервисмӕ кусынмӕ райста. Цӕмӕй-иу машинӕтӕн ахорӕнтӕ ӕмӕ ма-иу сын цы хъуыд, уыдӕттӕ балхӕдтаид, уый тыххӕй-иу ӕй бирӕ цӕуын хъуыд рыг фӕндӕгтыл. Овид дзуры: «Мӕ куыст мӕ зӕрдӕмӕ бӕргӕ нӕ цыд, фӕлӕ мын сӕрныллӕгдзинад баххуыс кодта, цӕмӕй йыл сахуыр уыдаин. Кӕд ам мӕ мызд цыппар хатты къаддӕр у, уӕддӕр мӕ бинонты фаг кӕны». Дӕуӕн дӕр дӕ бон у дӕ уавӕртӕм ахӕм цӕстӕй кӕсын?
Цы дӕм ис, уый фагыл нымай. Иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ, цы йӕм ис, уый фагыл чи нымайы, ахӕм адӕймаг вӕййы амондджын ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ куыд цӕуынц, уымӕй вӕййы райгонд. Фӕлӕ ӕхцахъуаг чи ӕййафы, уый, чи зоны, ацы ныхӕстимӕ ма сразы уа. Фӕлӕ-ма апостол Павелы ныхӕстыл ахъуыды кӕнӕм. Уый хорз зыдта, хъуаг ӕййафын цы у, уый: «Ӕз алы уавӕрты дӕр сахуыр дӕн, цы мӕм вӕййы, уый фагыл нымайын. Ӕз зонын, цы у хъуаг ӕййафын дӕр ӕмӕ цы у, алцыдӕр дын парахатӕй уа, уый дӕр» (Филиппӕгтӕм 4:11, 12).
Гӕнӕн ис, ӕмӕ райсом нӕ уавӕртӕ хуыздӕрырдӕм фӕивой, фӕлӕ ацы дунейы алцыдӕр цӕстыфӕныкъуылдмӕ кӕй ивы, уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, афтӕ дӕр рауайа, ӕмӕ нӕ уавӕртӕ фыддӕр фӕуой. Фӕлӕ апостол Павел Хуыцауы фӕндӕй цы ныхӕстӕ загъта, уыдон нӕ зӕрдӕмӕ куы айсӕм, уӕд нын уый стыр пайда фӕуыдзӕн. Павел загъта: «Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Хуыцауыл иузӕрдион уай, уый стыр пайда у, кӕд, цы нӕм ис, уый фагыл нымайӕм, уӕд. Уӕдӕ нын хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрӕм, уый куы уа, уӕд уый фагыл нымайӕм». Павел афтӕ зӕгъынмӕ нӕ хъавыд, ӕмӕ хъуамӕ ӕнцад бадӕм ӕмӕ мацы кусӕм, фӕлӕ, цы хъуыддӕгтӕ ранымадта, уыдӕттӕм раст цӕстӕй кӕй хъуамӕ кӕсӕм (1 Тимофеймӕ 6:6, 8).
Ӕцӕг амонд цӕмӕй кӕнгӕ у?
Адӕймаг, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, ӕдзух уыдӕттӕ куы ’лхӕна ӕмӕ ӕрмӕст йӕхи удыдзӕбӕхӕн куы цӕра, уӕд ӕцӕг амондджын никуы уыдзӕн. Йесо Чырысти загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у». Адӕймаг ӕцӕг амондджын ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн ӕмӕ йӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ ӕрмӕстдӕр уӕд рухс кӕндзӕн, цы йӕм ис, уымӕй иннӕтӕн куы хай кӕна ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс куы ’фтауа (Хъуыддӕгтӕ 20:35).
Не Сфӕлдисӕг Йегъовӕ тынг хорз зоны цы хъуаг стӕм, уый. Йӕ Ныхасы цы уынаффӕтӕ ис, уыдоны фӕрцы бирӕтӕн сӕ цард фӕхуыздӕр ӕмӕ ӕгӕр нал мӕт кӕнынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы уынаффӕты руаджы адӕймагӕн йӕ царды уавӕртӕ уайтагъд нӕ фӕивдзысты. Фӕлӕ «Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад» йӕ царды фыццаг бынаты кӕмӕн сты, уыдонӕн Чырысти зӕрдӕ бавӕрдта, алкӕддӕр сын кӕй уыдзӕн, ӕнӕмӕнгӕй сӕ цы хъӕуы, уый (Матфейы 6:33).