Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон
Чырыстӕттӕ донаргъуыд цӕмӕн исынц?
Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц, ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр кӕуыл хъуыды кодтай, ахӕм фарстатӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты, уыцы фарстатӕй алкӕцыйӕн дӕр Библи цы дзуапп дӕтты, ууыл.
1. Цы у донаргъуыд?
Адӕймаг донаргъуыд куы райсы, уӕд уымӕй равдисы, Хуыцауимӕ йӕ хӕларӕй цӕрын кӕй фӕнды, уый. Уымӕ гӕсгӕ донаргъуыд ӕнахъом сывӕллӕттӕн дӕттӕн нӕй. Донаргъуыд райсын йӕ бон у, ӕмбарынхъом чи у, ома Хуыцауы тыххӕй базонын ӕмӕ Чырыстийы фӕдыл цӕуын йӕ бон кӕмӕн у, уыдонӕн (Хъуыддӕгтӕ 8:12; 1 Петры 3:21). Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ та свӕййӕм, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ куы базонӕм ӕмӕ сӕ куы феххӕст кӕнӕм, уӕд. (Бакӕс Матфейы 28:19, 20.)
Чырыстийы апостолты заманты-иу бирӕтӕ Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй базоныныл фӕстиат нӕ кодтой. Зӕгъӕм, иу нӕлгоймаг куыддӕр базыдта, фервӕзӕн Чырыстийы мӕлӕты фӕрцы кӕй ис, афтӕ йӕ ахуыргӕнинаг сси. Абон дӕр бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм свӕййынц Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 8:26–31, 35–38.)
2. Йесо донаргъуыд цӕмӕн райста?
Йесойыл 30 азы бӕрц куы цыд, уӕд ын Аргъауӕг Иоанн Иорданы цӕугӕдоны донаргъуыд радта – ӕнӕхъӕнӕй йӕ доны бын фӕкодта. Йесо донаргъуыд кӕй райста, уымӕй равдыста, Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыд (Дзуттӕгтӕм 10:7). Уымӕ хауд, йӕ цард адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй нывондӕн кӕй хъуамӕ радтаид, уый дӕр. Чырысти цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ дӕр уарзта йӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр йӕ коммӕ каст. (Бакӕс Марчы 1:9–11; Иоанны 8:29; 17:5.)
3. Чырыстӕтты донаргъуыд исын цӕмӕн хъӕуы?
Чырыстийӕ уӕлдай мах стӕм тӕригъӕдджын. Фӕлӕ Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй радта, уый фӕрцы нӕ бон у Хуыцауимӕ бафидауын (Ромӕгтӕм 5:10, 12; 12:1, 2). Махӕн ис диссаджы фадат, цӕмӕй нӕ Хуыцау йӕ сывӕллӕттыл банымайа (2 Коринфӕгтӕм 6:18). Ӕмӕ уый тыххӕй цы кӕнын хъӕуы? Адӕймаг хъуамӕ Йегъовӕмӕ скува ӕмӕ йын йӕхи снывонд кӕна, ома йын дзырд ратта, цӕрӕнбонты йын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕндзӕн. Уый фӕстӕ хъуамӕ донаргъуыд райса, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр базоной, йӕхи Хуыцауӕн кӕй снывонд кодта, уый. (Бакӕс Матфейы 16:24; 1 Петры 4:2.)
4. Цы кӕнын дӕ хъӕуы, цӕмӕй донаргъуыд райсай?
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи фӕахуыр кӕнынц, Хуыцауимӕ хӕларӕй цӕрын кӕй фӕнды, уыдонӕй алкӕимӕ дӕр. Библи куы ахуыр кӕнай ӕмӕ ӕмбырдтӕм куы цӕуай, уӕд Хуыцауы ноджы тынгдӕр уарздзынӕ ӕмӕ дӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн. Уый фӕрцы цардмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсдзынӕ ӕмӕ дӕм хорз миниуджытӕ фӕзындзӕн. Куы архайай, цӕмӕй дӕм уарзондзинад, уырнындзинад ӕмӕ ӕндӕр хорз миниуджытӕ уа, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Хуыцауӕн цы дзырд радтай, уымӕ гӕсгӕ цӕрай ӕмӕ йын ӕнустӕм лӕггад кӕнай. (Бакӕс Иоанны 17:3; Дзуттӕгтӕм 10:24, 25.)
Фылдӕр базонӕн ис ацы чиныгӕй, «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», кӕс 18 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.