Адӕм агурынц дзуапп сӕ фарстатӕн
«[Чырысти] чи у, уый фӕдыл, ӕвӕццӕгӕн, алы адӕймагмӕ дӕр ис йӕхи хъуыды. Уырнӕгтӕ стӕм ӕви нӕ, уӕддӕр нӕ алчидӕр хъуыды кӕны, „чи у уыцы адӕймаг?“, зӕгъгӕ» (СТЭН ГАТРИ, ФЫССӔГ).
АДӔМЫ тынг фӕнды Чырыстийы тыххӕй фылдӕр базонын. Йесойы тыххӕй цы чингуытӕ рацӕуы, уыдон уайтагъд алхӕнынц. Йӕ царды тыххӕй цы кинотӕ сисынц, уыдонмӕ кӕсын дӕр адӕм тынг уарзынц. Фӕлӕ сӕм уӕддӕр Чырыстийы тыххӕй ӕвзӕры бирӕ фарстатӕ, ӕмӕ, ӕцӕгдӕр чи уыди, уый фӕдыл сӕм ис алыхуызон хъуыдытӕ.
Зӕгъӕм, цалдӕр азы размӕ дыууӕ журналисты Интернеты уылты адӕммӕ радтой ахӕм фарста: «Чырысти чи уыди?» Цы дзуаппытӕ райстой, уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдысты ахӕмтӕ:
● «Ӕвӕццӕгӕн уыди ахуыргӕнӕг, ӕмӕ, адӕмыл куыд тыхсти, уымӕй алкӕмӕн дӕр у фӕзминаг».
● «Йесо уыд хуымӕтӕг адӕймаг, фӕлӕ хуымӕтӕг адӕймаджы цард нӕ кодта».
● «Ахӕм адӕймаг цард ӕви нӕ, уый ничи зоны».
● «Чырысти уыди Хуыцауы Фырт. Йесо уый тыххӕй райгуырд, амард ӕмӕ райгас, цӕмӕй нӕ нӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзын кӕна. Чырысти абон дӕр цӕры ӕмӕ та ногӕй зӕхмӕ ӕрцӕудзӕн».
● «Мӕн уырны, Йесо Чырысти Хуыцауы иунӕг фырт кӕй у, ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг адӕймаг дӕр кӕй уыд ӕмӕ хуыцау дӕр».
● «Чырысти кӕй уыд, ууыл ӕууӕндӕн нӕй. Йӕ царды хабӕрттӕ иууылдӕр сты аргъӕуттӕ, ӕмӕ сыл чи ’ууӕнды, уыдон сты сывӕллӕттӕ».
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы хъуыдытӕ иууылдӕр раст уой, уымӕн гӕнӕн нӕй. Цымӕ нӕм Чырыстийы тыххӕй цы фарстатӕ ис, уыдонӕн раст дзуаппытӕ кӕм ссарӕн ис? Ацы журнал мыхуыры чи уадзы, уыдон фидарӕй зонынц, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Библийӕ кӕй ис базонӕн, Чырысти ӕцӕгдӕр чи у, уый * (2 Тимофеймӕ 3:16).
Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Чырыстийы тыххӕй адӕммӕ арӕхдӕр цы фарстатӕ фӕзыны, уыдонӕн Библи цавӕр дзуапп дӕтты, уымӕ. Чырысти загъта, зӕгъгӕ мыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый фервӕздзӕн (Иоанны 3:16). Дӕ хорзӕхӕй, Библийы уыцы фарстатӕн цы дзуаппытӕ ис, уыдонмӕ ӕркӕс ӕмӕ стӕй ахъуыды кӕн, Чырыстийы тыххӕй дӕ фылдӕр базонын хъӕуы ӕви нӕ. Стӕй йыл кӕй ӕууӕндыс, уый дӕ бон хъуыддагӕй равдисын куыд у, ууыл.
[Фиппаинаг]
^ 11 абз. Фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 2 сӕр, «Библи – чиныг Хуыцауӕй». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.