Писмо Уӕрӕсейӕ
Алтайы сызгъӕрин хӕхты агурӕм хӕзнатӕ
УАЛДЗӔДЖЫ кӕрон. Диссаджы боныхъӕд. Мах стӕм Республикӕ Алтайы – Сыбырӕн йӕ хуссар-ныгуылӕнырдыгӕй. Нӕ рудзгуытӕй зыны нӕзы хъӕд, йӕ сӕрмӕ та – митсӕр ӕрвхуыз хӕхтӕ. Ацы дард хӕхбӕсты цӕрынц алтайӕгтӕ – сӕхи ӕвзаг кӕмӕн ис, ахӕм азиаг адӕм. Дзырд «Алтай» равзӕрд тюркаг-монгойлаг ӕвзагӕй ӕмӕ нысан кӕны «сызгъӕрин».
Мӕ бинойнагимӕ уырыссаг къухӕйамонгӕ ӕвзаг куы сахуыр кодтам, уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ райдыдтам бӕрӕг кӕнын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн къухӕйамонгӕ ӕвзагыл цы ӕмбырдтӕ ӕмӕ гыццыл къордтӕ ис, уыдон. Уӕрӕсейы цӕры 170 адӕмыхатты бӕрц. Сӕхи ӕвзӕгтӕй уӕлдай ма уыдон се ’ппӕт дӕр дзурынц уырыссаг ӕвзагыл. Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдон та дзурынц уырыссаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл. Гобитӕ кӕрӕдзийыл тынг ӕнувыд сты. Кӕимӕ дзы базонгӕ вӕййӕм, уыдонӕй нын бирӕтӕ ӕхсызгонӕй радзурынц сӕ царды хабӕрттӕ ӕмӕ нӕ хӕдзармӕ бахонынц. Уый зӕгъӕн ис, Алтайы чи цӕры, уыдонӕй дӕр.
Горӕт Горно-Алтайскы куы уыдыстӕм, уӕд базыдтам, уырдыгӕй иу-250 километры дарддӕр, иу гыццыл хъӕуы кӕй цӕры, хъусӕй чи нӕ хъусы, цалдӕр ахӕм адӕймаджы. Зыдтам ӕй, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дзы кӕй цӕры, фӕлӕ сӕ иу дӕр къухӕйамонгӕ ӕвзаг кӕй нӕ зоны. Ӕмӕ сфӕнд кодтам, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы алтайӕгты бабӕрӕг кӕнын. Махмӕ кӕсгӕйӕ, иу гоби лӕг ӕмӕ усы дӕр, Юрий ӕмӕ Татьянӕйы, бафӕндыд немӕ ацӕуын. Немӕ райстам дисктӕ къухӕйамонгӕ ӕвзагыл ӕмӕ DVD-плеер. Стӕй ма райстам термос, бутербродтӕ, къалбас ӕмӕ гуылтӕ къабуска ӕмӕ картофимӕ. Фӕстагмӕ сӕрӕй къӕхты онг нӕхи бапырх кодтам джыбыты хосӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы ран арӕх сты, ӕмӕ адӕймагыл куы фӕхӕцынц, уӕд энцефалитӕй фӕрынчын вӕййы.
Нӕ фӕндаг цыд рӕсугъд хӕхты ’хсӕн. Уӕлдӕфы уыд жасмины ӕмӕ сирены адджын тӕф. Алы сулӕфтӕй дӕр не уӕнг рог кодта! Сагтӕ кӕрдӕгыл куыд хызтысты, уый куы федтам, уӕд нӕ дисӕн кӕрон бынтондӕр нал уыд. Алтайӕгтӕ цӕрынц хъӕдын хӕдзӕртты зестӕй ӕмбӕрзт сӕртимӕ. Бирӕ хӕдзӕртты фарсмӕ та вӕййы, айыл, зӕгъгӕ, кӕй хонынц, ахӕм ӕхсӕзтигъон цъупсӕр хӕдзӕрттӕ. Иуӕй-иутӕ та дзы вӕййынц тымбыл ӕмӕ ӕмбӕрзт вӕййынц бӕласы цъарӕй. Уыцы айылты алтайӕгтӕй бирӕтӕ фӕцӕрынц майӕ сентябры онг, иннӕ рӕстӕг та фӕцӕрынц сӕ иннӕ хӕдзӕртты.
Цы хъӕумӕ цыдыстӕм, уырдӕм куы бахӕццӕ стӕм, уӕд нӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ суазӕг кодтой ӕмӕ нӕ стӕй акодтой, хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм лӕг ӕмӕ усмӕ. Нӕ фенд сын ӕхсызгон уыд ӕмӕ нӕ афарстой, кӕцӕй стӕм ӕмӕ цы кусӕм, уыдӕттӕй. Ныхас кӕнгӕйӕ рабӕрӕг, компьютер сӕм кӕй уыд, ӕмӕ диск куы систам, уӕд сӕ бафӕндыд, цӕмӕй йӕм бакастаиккой. Куыддӕр ӕй бакодтам, афтӕ иууылдӕр ныхъхъус сты, раст цыма мах дӕр уым нал уыдыстӕм, уыйау. Сӕ цӕстытӕ мониторӕй атонын нал куымдтой, цы уыдтой, уый-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ сӕхӕдӕг дӕр къухтӕй амыдтой ӕмӕ-иу сӕ сӕртӕ разыйы тылд бакодтой. Се ’ргом сын тыхӕй нӕхимӕ раздӕхтам, цӕмӕй, дискы райдианы цы дзӕнӕты нывтӕ ис, уыдоныл семӕ аныхас кодтаиккам. Диск иу нывыл баурӕдтам ӕмӕ сын радзырдтам, Хуыцау адӕмы тыххӕй цы сараздзӕн ӕмӕ, нывы цы уавӕртӕ ӕвдыст уыд, ахӕм уавӕрты ӕнустӕм цавӕр адӕм цӕрдзысты, уый тыххӕй. Зӕрдиагӕй нӕм кӕй байхъуыстой, уый нын тынг ӕхсызгон уыд. Куы цыдыстӕм, уӕд нын загътой, сӕ хъӕуӕй цалдӕр сахаты цыд кӕмӕ у, уыцы хъӕуы дӕр кӕй цӕрынц гоби лӕг ӕмӕ ус.
Хӕхты ’хсӕн чи цыд, уыцы къӕдз-мӕдз фӕндагыл бахӕццӕ стӕм иу гыццыл хъӕумӕ. Кӕмӕ цыдыстӕм, уыцы бинонты ссардтам – уыдысты лӕг, ус, сӕ лӕппу ӕмӕ усы мад. Не ’рбацыд сын тынг ӕхсызгон уыд. Гыццыл дуарыл сын сӕ айылмӕ куы бахызтыстӕм, уӕд нӕ фындзыл ауад хъӕдӕрмӕджы ӕмӕ мисыны тӕф. Сӕ цары уыд хуынкъ, ӕмӕ уырдыгӕй мидӕмӕ калд рухс. Къуымы уыд агуыридурӕй амад чъырӕйцагъд пец, къултыл та ауыгъд уыд хъулон-мулон сырх гауызтӕ. Фынгыл ӕрӕвӕрдтой алтайаг хӕринаг – адджын сойыфыхтӕ ӕмӕ цай гыццыл пиалӕты. Куы сӕ бафарстам, куыд хъуыды кӕнут, уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы ӕмбӕлттӕ суат, зӕгъгӕ, уӕд хъуыдытӕ кӕнын райдыдтой. Зӕронд ус нын радзырдта, иухатт гыццылӕй, хӕхты цы кувӕн бынат уыд, уырдӕм кувинаг куыд ахаста, уый тыххӕй. Стӕй йе уӕхсчытыл схӕцыд ӕмӕ йӕ мидбылты худгӕйӕ загъта: «Афтӕ цӕмӕн хъуыд аразын, уый нӕ зонын, фӕлӕ нӕм ахӕм ӕгъдау уыд».
Нӕ дисктӕй иу уыд, цы фарстайыл ныхас кодтам, уый фӕдыл. Куы сын ӕй равдыстам, уӕд сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс сты. Бӕргӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй ма-иу уый фӕстӕ дӕр аныхас кодтаиккам, фӕлӕ куыд? Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонмӕ ис СМС-тӕ фыссӕн, фӕлӕ уыцы ран иунӕг антеннӕ дӕр нӕй, ӕмӕ дзы телефонтӕ нӕ кусынц. Уымӕ гӕсгӕ сын загътам, писмотӕ сӕм кӕй фысдзыстӕм.
Уӕдмӕ хур дӕр аныгуылд. Фӕлладӕй, фӕлӕ цингӕнгӕйӕ фӕстӕмӕ дард хӕххон фӕндагыл Горно-Алтайскмӕ араст стӕм. Фӕстӕдӕр бынӕттон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уыцы бинонтӕй афарстам. Куыд базыдтам, афтӕмӕй лӕг алы къуыри дӕр горӕтмӕ фӕцӕуы ӕмӕ уым, къухӕйамонгӕ ӕвзаг чи зоны, иу ахӕм хоимӕ Библи ахуыр кӕны ӕмӕ ӕмбырдтӕм дӕр цӕуы. Нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕ фӕци, ууыл афтӕ тынг цин кӕнӕм, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй.
Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы куыд агуырдтам, уый абарӕн ис, хӕхты ӕмбӕхст хӕзнатӕ куыд агурай, уыимӕ. Нӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы кӕй нӕ бахардз кодтам, уый бамбӕрстам, ӕнӕнхъӕлӕджы дзы «хӕзна» куы ссардтам, уӕд. Алтайы хӕхтӕ алкӕддӕр хондзыстӕм сызгъӕрин, уымӕн ӕмӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзысты, цы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмыл дзы фембӕлдыстӕм, уыдоны.