Армагеддон ӕцӕгӕй цы у?
«Дӕлимонтӕ... рацыдысты ӕппӕт дунейы паддзӕхтӕм... Ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон цы бынат хуыйны, уырдӕм» (зулаив ӕй нӕхӕдӕг ныффыстам) (РАРГОМАД 16:14, 16, «Ног Фӕдзӕхст», 2004).
АРМАГЕДДОН Библимӕ гӕсгӕ у цавӕрдӕр бынаты ном. Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй уыцы бынат зӕххыл бӕлвырд ран никуы уыд.
Уӕдӕ уӕд дзырд «Армагеддон» цӕмӕ амоны? Адӕм исты хабары кой кӕнгӕйӕ, зӕгъӕм, хӕсты кой кӕнгӕйӕ, арӕх ацы дзырдӕй цӕмӕн фӕпайда кӕнынц?
Ӕрӕмбырд сты, Армагеддон чи хуыйны, уыцы бынатмӕ
«Армагеддон»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый комкоммӕ нысан кӕны «Мегиддойы хох». Зӕххыл ахӕм хох никуы уыди, фӕлӕ ис ахӕм бынат, Мегиддо, зӕгъгӕ. Уый ис, рагон Израилы адӕм кӕм цардысты, уырдыгӕй цӕгатырдӕм. Мегиддо лӕууы, кӕддӕр дыууӕ сӕйраг фӕндаджы кӕуылты цыдысты, уым, ӕмӕ уырдӕм хӕстӕг ӕрцыд бирӕ стыр хӕстытӕ. Уымӕ гӕсгӕ-иу хӕсты кой кӕнгӕйӕ адӕмӕн сӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд Мегиддо *.
Фӕлӕ, Мегиддойы чи хӕцыд, сӕйраг уый нӕу. Сӕйрагдӕр у, цӕмӕн хӕцыдысты, уый. Мегиддо уыди, Йегъовӕ Хуыцау израилӕгтӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕххыл (Рацыд 33:1; Йесо Навин 12:7, 21). Хуыцау сын расомы кодта, чидӕриддӕр сӕм ӕрбабырса, уыдонӕй сӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ йӕ ныхас нӕ фӕсайдта (Дыккаг закъон 6:18, 19). Зӕгъӕм, ханаайнаг паддзах Иавин ӕмӕ ӕфсады хистӕр Сисарӕ се ’фсӕдтимӕ израилӕгтӕм куы ’рбабырстой, уӕд сӕ Йегъовӕ растдӕр Мегиддойы раз фервӕзын кодта (Тӕрхонгӕнджыты 4:14–16).
Уӕдӕ дзырд «Армагеддон»-ӕн ис стыр нысаниуӕг. Уый амоны, дыууӕ хъомысджын ӕфсады кӕрӕдзиимӕ кӕй схӕцдзысты, уымӕ.
Раргомады чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй тагъд Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ зӕххон хицӕутты ахӕм зондыл сараздзысты, цӕмӕй се ’фсӕдты ӕрӕмбырд кӕной ӕмӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацӕуой ӕмӕ сын сӕ хъуыддаг ӕрлӕууын кӕной. Фӕлӕ уыцы фыдгӕнджыты Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн, ӕмӕ милуангай адӕм фӕцагъды уыдзысты (Раргомад 19:11–18).
Библийы Хуыцауы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, уый у «фӕлмӕнзӕрдӕ... мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт» (Нееми 9:17). Ӕмӕ кӕд Йегъовӕ ахӕм Хуыцау у, уӕд уыйбӕрц адӕмы цӕмӕн фесафдзӕн? Афтӕ цӕмӕн бакӕндзӕн, уый бамбарынӕн дзуапп базонын хъӕуы ахӕм фарстатӕн: 1) Хӕст чи райдайдзӕн? 2) Хуыцау хабӕрттӕм ӕнцад цӕуылнӕ кӕсдзӕн? 3) Уыцы хӕсты фӕстӕ цы уыдзӕн?
1. ХӔСТ ЧИ РАЙДАЙДЗӔН?
Армагеддоны хӕст Хуыцау нӕ райдайдзӕн. Уыцы хӕст райдайдзысты «ӕппӕт дунейы паддзӕхтӕ», ома ацы дунейы хицӕуттӕ. Хуыцау та хорз адӕмы сӕрыл рахӕцдзӕн ӕмӕ сӕ фесафынвӕнд чи кӕндзӕн, уыдонӕй сӕ фервӕзын кӕндзӕн. Фӕлӕ зӕххон хицӕуттӕ уыцы хӕст цӕмӕн райдайдзысты? Уыдон сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ се ’фсӕдтӕ дӕр Хӕйрӕджы къухы хъазӕнхъултӕй уӕлдай не сты, ӕмӕ сӕ ракӕндзӕн, Йегъовӕ Хуыцауӕн ӕгас дунейы дӕр цы лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдоны ныхмӕ (Раргомад 16:13, 14; 19:17, 18).
Абон иуӕй-иу бӕстӕты алы адӕймагӕн дӕр ис уый бар, цӕмӕй йӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй дзура ӕмӕ цыфӕнды диныл дӕр хӕст уа. Ӕмӕ, чи зоны, бирӕтӕм афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ хицауӕдтӕ искӕцы дины ныхмӕ рацӕуой ӕмӕ йӕ фесафынвӕнд скӕной, уымӕн гӕнӕн нӕй. Фӕлӕ ахӕм хабӕрттӕ ӕрцыд 20-ӕм ӕнусы, ӕмӕ абон дӕр ӕрцӕуы *. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр, хицауӕдтӕ Армагеддоны хӕдразмӕ куыд архайдзысты, уый тынг хицӕн кӕндзӕн, дины ныхмӕ ныры онг куыд цыдысты, уымӕй. Фыццаджыдӕр зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ уыцы рӕстӕг динты ныхмӕ кӕмдӕр иу ран нӕ рацӕудзысты, фӕлӕ ӕгас зӕххыл дӕр. Стӕй Йегъовӕ уӕд куыд архайдзӕн, афтӕ никуыма – ӕгас дунейы йӕ ныхмӕ чидӕриддӕр рацӕуа, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр йӕ фыдӕх ныккалдзӕн (Йереми 25:32, 33). Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, уый у, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕст».
2. ХУЫЦАУ ХАБӔРТТӔМ ӔНЦАД ЦӔУЫЛНӔ КӔСДЗӔН?
Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ахуыр кӕны, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрой ӕмӕ се знӕгты дӕр уарзой (Михей 4:1–3; Матфейы 5:43, 44; 26:52). Ӕмӕ уыцы рӕстӕг хицауӕдтӕ сӕ ныхмӕ карзӕй куы рацӕуой, уӕд сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз нӕ райсдзысты, цӕмӕй сӕхи бахъахъхъӕной. Гъемӕ Хуыцау йӕ адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй куы ницы сараза, уӕд сӕ бындзагъд фӕкӕндзысты. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Хуыцауӕн цавӕр ном уыдзӕн? Знӕгтӕ йын йӕ адӕмы куы ныццӕгъдой, уӕд афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕ дурзӕрдӕ у, рӕстӕй нӕ архайы ӕмӕ йӕ бон ницы у. Ӕмӕ уымӕн та гӕнӕн нӕй! (Псалом 37:28, 29).
Хуыцауы иу адӕймаджы фесафын дӕр нӕ фӕнды, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ алкӕй дӕр рагацау фӕдзӕхсы, цы саразинаг у, уымӕй (2 Петры 3:9). Библийы цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдоны фӕрцы нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, раджы заманты-иу знӕгтӕ йӕ адӕмы куы ’фхӕрдтой, уӕд-иу сӕ сӕрыл кӕй рахӕцыд, уый (2 Паддзӕхты 19:35). Библи ма фӕдзӕхсы, фидӕны Хӕйрӕг ӕмӕ, йӕ къухы хъазӕнхъултӕй уӕлдай чи нӕу, уыцы адӕм Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд дӕр та Хуыцау ӕнцад кӕй нӕ кӕсдзӕн. Библийы бирӕ раздӕр фыст ӕрцыд, Йегъовӕ фыдгӕнджыты кӕй фесафдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22; 2 Фессалоникӕгтӕм 1:6–9). Уыцы рӕстӕг знӕгтӕй алчидӕр бамбардзӕн, кӕй ныхмӕ тох кӕны, уый – Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы ныхмӕ (Йезекил 38:21–23).
3. УЫЦЫ ХӔСТЫ ФӔСТӔ ЦЫ УЫДЗӔН?
Армагеддоны хӕсты милуангай адӕм фервӕздзысты. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ зӕххыл сабыр рӕстӕг гъеуӕд райдайдзӕн (Раргомад 21:3, 4).
Раргомады чиныджы фыст ис, Армагеддоны удӕгасӕй кӕй баззайдзысты «тынг бирӕ адӕм», ӕмӕ сӕ банымайӕн дӕр нӕ уыдзӕн (Раргомад 7:9, 14). Ӕмӕ уыдон Хуыцауы разамындӕй сӕххӕст кӕндзысты, ӕппӕты райдианы йӕм цы фӕнд уыди, уый – зӕххӕй Дзӕнӕт скӕндзысты.
Хуыцауы адӕмы ныхмӕ кӕд рацӕудзысты, уый зоныс?
[Фиппаинӕгтӕ]
^ 6 абз. Абон дӕр арӕх вӕййы афтӕ, ӕмӕ хӕсты кой кӕнгӕйӕ адӕмӕн сӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы цавӕрдӕр бынат. Зӕгъӕм, Японийы горӕт Хиросимӕйыл атомон бомбӕ куы ’рӕппӕрстой, уӕд дзы дур дурыл нал баззад. Ӕмӕ абон дӕр, ядерон хӕстӕй тӕссаг кӕй у, уый кой куы фӕкӕнынц, уӕд адӕмӕн сӕ цӕстытыл уыцы горӕт ауайы.
^ 13 абз. Зӕгъӕм, Холокосты рӕстӕг хицауӕдтӕ хъавыдысты иуӕй-иу динтыл хӕст адӕмы ӕмӕ иуӕй-иу адӕмыхӕттытӕ зӕххы цъарӕй фесафынмӕ. Коммунистты рӕстӕг Советон Цӕдисы дӕр кӕцыдӕр динтыл хӕст адӕмы ныхмӕ карзӕй цыдысты. Кӕс 2011 азы 1 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», статья «Фарнуарзаг адӕм сӕ ном ӕгад кӕнын нӕ уадзынц». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
[Ныв 6 фарсыл]
Раджы заманты-иу Йегъовӕ Хуыцау йӕ адӕмы сӕрыл рахӕцыд
[Ныв 7 фарсыл]
Армагеддоны хӕсты та Йегъовӕ йӕ адӕмы сӕрыл рахӕцдзӕн