Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чи уыд Авраам?

Чи уыд Авраам?

ЗӔХХЫЛ тӕккӕ стырдӕр динтыл тынг бандӕвтой цалдӕр адӕймаджы. Уыдонӕй иу уыд Авраам *. Иудейтӕ, пысылмӕттӕ ӕмӕ йӕ чырыстӕттӕ нымайынц кадджын адӕймагыл ӕмӕ дзурынц, зӕгъгӕ, йӕ уырнындзинадӕн ӕмбал нӕ уыд. Библи йӕ хоны, «уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр... сӕ фыд» (Ромӕгтӕм 4:11).

Авраам ахӕм кадджын ӕмӕ цытджын адӕймагыл нымад цӕмӕн у? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ Библи ӕрмӕстдӕр Авраамы хоны Хуыцауы хӕлар! (Исай 41:8; Иаковы 2:23).

Ӕнӕуи та Авраам уыди мах хуызӕн адӕймаг. Уый дӕр ӕмбӕлд мах хуызӕн зындзинӕдтыл, фӕлӕ ӕнтыстджынӕй сӕ сӕрты хызти. Уыцы хъуыддаг йӕ къухы куыд ӕфтыд, уый базонын дӕ фӕнды? Ӕркӕсӕм-ма, Библи уыцы диссаджы адӕймаджы тыххӕй цы дзуры, уымӕ.

Кӕм райгуырд

Авраам райгуырд н. э. размӕ 2018 азы горӕт Уры (Райдиан 11:27–31). Ур уыди стыр ӕмӕ хъӕздыг горӕт. Адӕм дзы куывтой ӕнӕуд ӕмӕ мард гуымирытӕн, кӕнӕ хуыцӕуттӕн. Авраамы фыд Фаррӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыцы гуымирытӕн куывта (Йесо Навин 24:2). Фӕлӕ Авраамы фӕндыд ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн * кувын.

Авраамы цӕмӕн бафӕндыд Йегъовӕйӕн кувын? Авраам ма ӕрӕййӕфта Нойы фырт Симы, уымӕн ӕмӕ райгуырд, Сим куы амард, уымӕй 150 азы размӕ. Кӕд-иу Авраам йемӕ ныхӕстӕ кодта, уӕд ыл, ӕвӕццӕгӕн, йӕ ныхӕстӕ тынг бандӕвтой. Авраам, ӕвӕццӕгӕн, Симӕй базыдта, Доны хъаймӕты рӕстӕг удӕгасӕй куыд баззад, уый. Ӕвӕццӕгӕн ма бамбӕрста, Симы ӕмӕ йӕ бинонты Доны хъаймӕты чи фервӕзын кодта, уыцы Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕнӕмӕнгдӕр кувын кӕй хъӕуы.

Ӕцӕг Хуыцау чи у, уый Авраам Симӕй базыдта ӕви ӕндӕр кӕмӕйдӕр, уӕддӕр йӕ цард цӕхгӕр фӕивта. Зӕрдӕтӕм чи кӕсы, уыцы Хуыцау Йегъовӕ Аврааммӕ куы ӕркаст ӕмӕ йӕм хорз миниуджытӕ куы федта, уӕд ын баххуыс кодта, цӕмӕй дзы хуыздӕр адӕймаг рауадаид (Ӕмбисӕндтӕ 17:3; 2 Азфыстыты 16:9).

Йӕ царды хабӕрттӕ

Авраам уыд амондджын ӕмӕ фӕрнӕйдзаг адӕймаг. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлди, фӕлӕ уыдоны фӕрцы бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр. Ӕркӕсӕм ын йӕ царды хабӕрттӕй цалдӕрмӕ.

Авраам ма Уры куы царди, уӕд ын Хуыцау загъта, цӕмӕй йӕ райгуырӕн зӕхх ныууагътаид ӕмӕ йын кӕдӕм загътаид, уырдӕм ацыдаид. Кӕд Авраам ӕмӕ Саррӕ нӕ зыдтой, Хуыцау сӕ кӕдӕм ӕрвыста ӕмӕ цӕмӕн, уӕддӕр ӕм байхъуыстой. Сӕ дыууӕ дӕр рараст сты Урӕй ӕмӕ суанг сӕ мӕлӕты онг Ханааны зӕххыл цардысты цатырты (Хъуыддӕгтӕ 7:2, 3; Дзуттӕгтӕм 11:8, 9, 13).

Авраам ӕмӕ Саррӕйӕн зӕнӕг куы нӕма уыд, уӕд сын Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, бирӕ адӕм сӕ кӕй рацӕудзӕн. Йегъовӕ ма загъта, Авраамы байзӕддаджы фӕрцы зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты (Райдиан 11:30; 12:1–3). Йегъовӕ ма уыцы ныхӕстӕ уый фӕстӕ дӕр Авраамы зӕрдыл ӕрлӕууын кодта ӕмӕ йын загъта, йӕ байзӕддӕгтӕ кӕй уыдзысты, арвыл стъалытӕ куыд бирӕ сты, афтӕ (Райдиан 15:5, 6).

Авраамыл 99 азы куы цыди, Саррӕйыл та – 90 азы бӕрц, уӕд сын Йегъовӕ загъта, лӕппу сын кӕй райгуырдзӕн. Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ уымӕн уӕвӕн нӕ уыди. Фӕлӕ Авраам ӕмӕ Саррӕ тагъд бамбӕрстой, «Йегъовӕйы бон цы нӕу, ахӕмӕй» кӕй ницы ис (Райдиан 18:14). Иу азы фӕстӕ, Авраамыл 100 азы куы цыд, уӕд ын райгуырд лӕппу ӕмӕ йӕ схуыдта Исахъ (Райдиан 17:21; 21:1–5). Хуыцау загъта, Исахъы уылты зӕххыл адӕм стыр хорздзинӕдтӕй кӕй схайджын уыдзысты.

Цасдӕры фӕстӕ Йегъовӕ Авраамӕн загъта, цӕмӕй йӕ фырт Исахъы нывондӕн ӕрхастаид. Исахъӕн та уӕд нырма ус ӕмӕ зӕнӕг нӕ уыд *. Авраам уыцы курдиат куы фехъуыста, уӕд йӕ зӕрдӕ йӕхи къултыл куыннӕ ныххостаид, фӕлӕ йӕ уӕддӕр фӕндыди Хуыцаумӕ байхъусын ӕмӕ йӕ фырты нывондӕн ӕрхӕссын. Авраамы фидарӕй уырныдта, куы бахъӕуа, уӕд Хуыцау Исахъы кӕй райгас кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцау йӕ ныхас сӕххӕст кӕна (Дзуттӕгтӕм 11:19). Авраам йӕ фырты сӕрмӕ йӕ къух бӕрзонд куы систа, уӕд ӕй Хуыцау баурӕдта, ӕмӕ Исахъ удӕгасӕй баззад. Хуыцау дзы йӕ диссаджы коммӕгӕсдзинады тыххӕй раппӕлыд. Йегъовӕ та йын ногӕй йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, уый размӕ йын цы загъта, уый (Райдиан 22:1–18).

Авраам фӕцард 175 азы. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй «амард зӕрондӕй ӕмӕ цардӕфсӕстӕй» (Райдиан 25:7, 8). Афтӕмӕй Авраамыл сӕххӕст, Хуыцау ма йын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый дӕр, зӕгъгӕ, «амондджынӕй бирӕ фӕцӕрдзынӕ, стӕй ӕрӕнцайдзынӕ» (Райдиан 15:15).

Авраам цы фӕд ныууагъта

Авраам кӕд тынг раджы царди, уӕддӕр абон дӕр не ’ппӕтӕн дӕр бирӕ цӕмӕйдӕрты у фӕзминаг (Дзуттӕгтӕм 11:8–10, 17–19). Ӕркӕсӕм ын йӕ диссаджы миниуджытӕй цыппармӕ. Ӕмӕ райдайӕм йӕ сӕйрагдӕр миниуӕгӕй – уырнындзинадӕй.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Раздӕр Авраамӕн йӕ ном уыди Аврам, йӕ бинойнаджы ном та – Сарӕ. Фӕлӕ сын Хуыцау сӕ нӕмттӕ аивта. Аврамы схуыдта Авраам, нысан кӕны «бирӕ адӕмты фыд», Сарӕйы та – Саррӕ, нысан кӕны «паддзахы ус» (Райдиан 17:5, 15). Ацы цалдӕр статьяйы пайда кӕндзыстӕм нӕмттӕй Авраам ӕмӕ Саррӕ.

^ 6 абз. Библимӕ гӕсгӕ Хуыцауы ном у Йегъовӕ.

^ 14 абз. Кӕс рубрикӕ «Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...», статья «Хуыцау Авраамӕн йӕ фырты нывондӕн цӕмӕн хӕссын кодта?», 23 фарс.

[Рамкӕ 4 фарсыл]

Библийы кадджындӕр лӕгтӕй иу

Библийы Райдианы чиныджы фыццаг дӕс сӕры дзырд цӕуы цалдӕр зындгонд адӕймагыл, зӕгъӕм, Авел, Енох ӕмӕ Нойыл. Фӕлӕ иннӕ 15 сӕры ныхас цӕуы иу адӕймагыл – Авраамыл.

Уымӕй уӕлдай ма, Библи ахсджиаг хабӕртты тыххӕй фыццаг хатт цы дзуры, уыдон баст сты Авраамимӕ. Зӕгъӕм, Авраамы царды хабӕрттӕй базонӕн ис...

фыццаг хатт Хуыцауы кӕй схуыдтой йӕ лӕггадгӕнджыты уарт кӕнӕ хъахъхъӕнӕг (Райдиан 15:1; кӕс Дыккаг закъон 33:29; Псалом 115:9; Ӕмбисӕндтӕ 30:5).

фыццаг хатт дзы ныхас цӕуы, Хуыцауыл ӕууӕндын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй (Райдиан 15:6).

фыццаг хатт дзы ӕмбӕлы ныхас пехуымпар (Райдиан 20:7).

фыццаг хатт дзы ис ныййарӕджы уарзондзинады кой (Райдиан 22:2).