Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Мӕрдтӕн сӕ бон удӕгӕстӕн истӕмӕй баххуыс кӕнын у?

Мӕрдтӕн сӕ бон удӕгӕстӕн истӕмӕй баххуыс кӕнын у?

НЫГУЫЛӔН Африкӕйы иу лӕппуйы, йӕ ном Тамбӕ, хъуыди скъолайы экзаментӕ раттын *. Йӕ мад ын дзырдта, кӕй йӕ хъӕудзӕн, сӕ хӕстӕджытӕй чи амард, уыдоны ӕххуыс, цӕмӕй йӕ экзаментӕ хорз ратта. Палермойы та (Итали) туристтӕ фӕцӕуынц зӕппӕдзтӕм (катакомбӕтӕм) мӕрдтӕм бакӕсынмӕ. Чидӕртӕ хъуыды кӕнынц, уыцы мӕрдтӕн сӕ бон кӕй у удӕгӕсты хъахъхъӕнын. Америкӕйы та бирӕ адӕм алы аз дӕр ӕрцӕуынц гыццыл горӕт Лили Дейлмӕ (штат Нью-Йорк). Уыцы горӕты цӕрынц, ӕнӕуынгӕ тыхтимӕ чи ныхас кӕны, бирӕ ахӕм дӕснытӕ. Адӕмы фӕфӕнды сӕ мард хиуӕттӕй кӕнӕ ӕмбӕлттӕй ӕххуыс ракурын.

Ӕнӕхъӕн дунейы бирӕты уырны, мӕрдтӕн сӕ бон кӕй у удӕгӕстӕн ӕххуыс кӕнын. Ды та цы хъуыды кӕныс? Чи зоны, дӕуӕн дӕр афтӕ дзырдтой кӕнӕ дӕ хиуӕттӕй йе та де ’мбӕлттӕй бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, искӕмӕн йӕ зынаргъ адӕмӕй исчи куы фӕзиан вӕййы, уӕд ӕй фӕмысы. Ӕнӕуынгӕ тыхтимӕ чи ныхас кӕны, уыцы дӕснытӕ зӕрдӕ ’вӕрынц, сӕ бон кӕй у, чи амард, уыдонимӕ дзурын. Уыцы дӕснытӕй иуы ныхӕстӕ фыст уыдысты иу журналы, зӕгъгӕ, «кӕдфӕнды дӕр ис мӕрдтӕй ӕххуыс ракурӕн» («Time»). Цымӕ ӕцӕгдӕр уый гӕнӕн ис? Мӕрдтӕн сӕ бон у удӕгӕстӕн истӕмӕй баххуыс кӕнын? Библи ацы фарстатӕн дӕтты бӕлвырд дзуаппытӕ ӕмӕ сӕ куы базонай, уӕд дӕм, чи зоны, диссаг дӕр фӕкӕсой.

Адӕймаг куы амӕлы, уӕд ма искуы фӕцӕры?

Библийы хуымӕтӕг, ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕй фыст ис, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый тыххӕй. Екклесиасты 9:5 стихы кӕсӕм: «Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты, мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц». Цымӕ мӕрдтӕ исты ӕмбарынц? 6 стих зӕгъы: «Фесӕфт сӕ уарзт дӕр ӕмӕ сӕ фыдӕх дӕр, хӕлӕг дӕр нал кӕнынц. Ӕмӕ хуры бын цы хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдонӕй сын хай никуыуал уыдзӕн». Зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Библийы Чырыстийы тыххӕй дӕр фыст ис, зӕгъгӕ, куы амард, уӕд ингӕны цасдӕр фӕци (Хъуыддӕгтӕ 2:31).

Чырысти удӕгас куы уыд, уӕд бирӕтӕн ӕххуыс кодта, фӕлӕ зыдта кӕй амӕлдзӕн, уый. Цымӕ афтӕ хъуыды кодта, мардӕй дӕр ма мӕ бон уыдзӕн адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, зӕгъгӕ? Нӕ, афтӕ нӕ хъуыды кодта. Йӕ мӕлӕты тыххӕй куы дзырдта, уӕд уыцы рӕстӕг абарста ӕхсӕвимӕ, ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, ӕхсӕвы ничиуал ницы сараздзӕн (Иоанны 9:4). Чырысти хорз зыдта, иугӕр адӕймаг йӕ цардӕй ахицӕн, уӕд никуыуал цӕры (Исай 26:14).

Йе ’мбал Лазӕр куы амард, уӕд Чырысти мӕлӕт абарста, адӕймаг фынӕй куы вӕййы, уыимӕ (Иоанны 11:11–13). Ӕмӕ фынӕй адӕймагмӕ та ӕххуысмӕ нӕ фенхъӕлмӕ кӕсӕм, афтӕ нӕу? Фынӕй адӕймаг ницы фембары ӕмӕ искӕмӕн исты хорздзинад саразын дӕр йӕ бон нӕу.

Мӕлӕты фӕстӕ ма уд цӕргӕйӕ баззайы?

Бирӕтӕ цӕрӕнбонты хъусынц, зӕгъгӕ, адӕймагӕн ис ӕнӕуынгӕ уд ӕмӕ йӕ буар куы амӕлы, уӕд йӕ уд та цӕргӕйӕ баззайы. Фӕлӕ ацы хъуыддаг Библи ӕндӕрхуызон амоны. Йӕ фыццаг чиныг Райдианы 2:7 стих нын ӕмбарын кӕны, уд цы у, уый. Фыст дзы ис, зӕгъгӕ, Хуыцау фыццаг адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕд «сси удӕгас адӕймаг». Адӕймаг ӕнӕхъӕнӕй у уд. Цӕрӕгойтӕ дӕр сты удтӕ (Райдиан 1:20–25). Уӕдӕ адӕймаг кӕнӕ цӕрӕгой куы амӕлы, уӕд амӕлы йӕ уд дӕр. Библи уый тыххӕй комкоммӕ дзуры (Иезекил 18:4).

Фӕлӕ, чи зоны, исчи зӕгъа: «Арӕх куы ис фехъусӕн, чидӕр марды хъӕлӕс кӕй фехъуыста кӕнӕ йӕ суанг уынгӕ дӕр кӕй фӕкодта». Ахӕм хабӕрттӕ цыдӕр ныфс бауадзынц, сӕ хиуӕттӕ кӕнӕ се ’мбӕлттӕ кӕмӕн амардысты, уыцы адӕмы. Ӕмӕ цӕуын райдайынц, ӕнӕуынгӕ тыхтимӕ чи ныхас кӕны, уыцы дӕснытӕм, цӕмӕй уыдоны уылты мӕрдтимӕ аныхас кӕной.

Цымӕ уыдон ӕцӕг хабӕрттӕ сты? Кӕд о, уӕд афтӕ нӕ уайы, ӕмӕ Библи раст нӕ дзуры? Йесо Чырысти Хуыцауы Ныхас нымадта ӕцӕгдзинадыл (Иоанны 17:17). Ӕцӕгдзинад та йӕхӕдӕг йӕхи ныхмӕ нӕ вӕййы. Библи нын бӕлвырд ӕмбарын кӕны, мӕрдтӕн сӕ бон удӕгӕстӕн баххуыс кӕнын у ӕви нӕ. Уым фыст ис, мардӕй ӕххуыс чи агуырдта, ахӕм лӕджы тыххӕй. Ацы хабармӕ лӕмбынӕг куы ’ркӕсӕм, уӕд бамбардзыстӕм, хъуыддаг ӕцӕгӕй куыд у, уый.

Паддзах мард адӕймагӕй ӕххуыс агуырдта

Ацы хабар ӕрцыд цӕгат Израилы. Паддзах Саул йе ’фсад ӕрӕмбырд кодта тохы быдырмӕ – хъуамӕ схӕцыдаид филистимӕгты стыр ӕфсадимӕ. Саул филистимӕгты ’фсад куы федта, «уӕд фыртӕссӕй йӕ зӕрдӕ барызт». Ацы хабары размӕ паддзах Саул ӕцӕг Хуыцауӕн нал куывта. Ныр ӕй ӕххуыс куы бахъуыд, уӕд та ӕрцагуырдта Йегъовӕйы, фӕлӕ йын уый дзуапп нӕ лӕвӕрдта. Хуыцауы пехуымпар Самуил дӕр уыд мард. Кӕмӕй ма ракуырдтаид ӕххуыс? (1 Самуилы 28:3, 5, 6).

Саул ацыд Аендормӕ. Уым цард, ӕнӕуынгӕ тыхтимӕ чи ныхас кодта, ахӕм сылгоймаг. Саул ын загъта, цӕмӕй мард «Самуилмӕ фӕдзырдтаид», ӕмӕ сӕм чидӕр фӕзынд. Уыцы «Самуил» Саулӕн загъта, филистимӕгтӕ сыл кӕй фӕуӕлахиз уыдзысты ӕмӕ Саул та йӕ фырттимӕ кӕй фӕмард уыдзӕн, уый (1 Самуилы 28:7–19). Цымӕ ӕцӕгдӕр уый Самуил раздӕхт мӕрдтӕй?

Ахъуыды-ма кӕнӕм ацы хабарыл. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, мард «сыджытмӕ аздӕхы» ӕмӕ «уыцы бон фесӕфынц йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр» (Псалом 146:4). Саул дӕр ӕмӕ Самуил дӕр зыдтой, Хуыцау кӕй нӕ уагъта, ӕнӕуынгӕ тыхтимӕ чи дзырдта, уыдонмӕ цӕуын. Саул кӕддӕр йӕхӕдӕг архайдта, цӕмӕй Израилӕй фесӕфтаид дӕсныты ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты (Левит 19:31).

Ахъуыды-ма кӕнӕм ахӕм хъуыддагыл дӕр. Зӕгъӕм, Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Самуил амард ӕмӕ ма йӕ уд кӕмдӕр цӕры. Фӕлӕ, цымӕ, Хуыцауы закъоны сӕрты ахызтаид, цӕмӕй дӕсныфӕрсӕджы уылты Саулимӕ фембӕлдаид? Йегъовӕйы нӕ фӕндыд Саулимӕ ныхас кӕнын. Ӕмӕ уӕд дӕсныйӕн йӕ бон суыдаид афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Саулимӕ Самуилы уылты аныхас кодтаид? Уымӕн гӕнӕн нӕй. Уӕдӕ уыцы «Самуил» нӕ уыд Хуыцауы пехуымпар. Уый уыд ӕнӕуынгӕ тых – мард Самуилы хуызы чи рацыд, уыцы дӕлимон.

Дӕлимонтӕ сты, раджы заманты Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕдтӕ (Райдиан 6:1–4; Иудӕйы 6). Уыдон зонынц, алы адӕймаг дӕр цыхуызӕн у, куыд дзуры ӕмӕ куыд архайы, уый. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бон у, чи амард, уыцы адӕймаджы фӕзмын. Дӕлимонтӕ архайынц, цӕмӕй адӕмы баууӕндын кӕной, Библи кӕй ныхмӕ дзуры, ахӕм хъуыддӕгтыл. Уӕдӕ диссаг нӕу, Библи нӕ кӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй нын иумӕйагӕй мацы уа ӕнӕуынгӕ тыхтимӕ! (Дыккаг закъон 18:10–12). Дӕлимонтӕ абон дӕр адӕмы сайынц.

Ныр, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбарӕм, бирӕтӕ цӕмӕн фӕзӕгъынц, кӕй «фехъуыстой» кӕнӕ кӕй «федтой», чи амард, уыцы хиуӕтты. Иуӕй-иутӕм уыдӕттӕ, чи зоны, хорз фӕкӕсынц, фӕлӕ, ахӕм хабӕрттӕ чи кӕны, уыцы ӕнӕуынгӕ тыхтӕ ӕрмӕстдӕр адӕмы сайыныл архайынц * (Ефесӕгтӕм 6:12). Иу хъуыддагыл-ма ахъуыды кӕнӕм. Йегъовӕ у уарзӕгой Хуыцау ӕмӕ ныл тыхсы. Зӕгъӕм, чи нын амард, уый кӕмдӕр цӕры ӕмӕ йӕ бон у йӕ хиуӕттӕн кӕнӕ йе ’мбӕлттӕн баххуыс кӕнын, уӕд ын нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕг уыцы бар нӕ раттид ӕмӕ ахӕм хъуыддаг йӕ цӕсты «ӕлгъаг» уаид? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! (Дыккаг закъон 18:12; 1 Петры 5:7). Уӕдӕ, кӕд мӕрдтӕн сӕ бон нӕу махӕн баххуыс кӕнын, уӕд кӕм агурӕм ӕххуыс?

Ӕххуыс мӕрдтӕн дӕр ӕмӕ удӕгӕстӕн дӕр

Куыд федтам, афтӕмӕй, чи амард, уыдонӕн сӕ бон нӕу удӕгӕстӕн баххуыс кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма мӕрдтӕй ӕххуыс агурын ӕрмӕст ӕнӕпайда хъуыддаг нӕу, фӕлӕ ма у тӕссаг дӕр, уымӕн ӕмӕ, афтӕ чи кӕны, уыдон Хуыцауы закъон халынц ӕмӕ сӕхи дӕлимонты бар кӕнынц.

Библи нын дзуры, ӕппӕты хуыздӕр нын чи баххуыс кӕндзӕн, уый кӕй у не Сфӕлдисӕг Йегъовӕ. Уымӕн йӕ бон у мах мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнын (Псалом 33:19, 20). Хуыцау нын абон дӕр ӕххуыс кӕны. Уӕдӕ, ӕнӕуынгӕ тыхтимӕ чи ныхас кӕны, уыдонӕй уӕлдай нын Йегъовӕ дӕтты ӕцӕг ныфс.

Статьяйы райдианы цы Тамбӕйы кой кодтам, уый базыдта, ӕнӕуынгӕ тыхтимӕ чи ныхас кӕны, уыдонӕй пайда кӕй нӕй, фӕлӕ ӕцӕг ӕххуыс Йегъовӕйӕ кӕй цӕуы. Дӕснытӕ йын дзырдтой, йӕ мард фыдӕлты номыл куы ницы скӕна, уӕд экзаментӕ кӕй нӕ ратдзӕн. Тамбӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи кӕй ахуыр кодта, уымӕ гӕсгӕ зыдта, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый, стӕй, мӕрдты номӕй ӕцӕгдӕр чи дзуры, уый дӕр. Кӕд ӕй йӕ мад дӕснымӕ тыххӕй цӕуын кодта, уӕддӕр Тамбӕ нӕ бакуымдта ӕмӕ йын загъта: «Ацы аз экзаментӕ куы нӕ раттон, уӕд иннӕ аз хуыздӕр бацархайдзынӕн».

Куыд рауад йӕ хабар? Йӕ экзамен иннӕтӕй раздӕр радта! Йӕ мады дисӕн кӕрон нал уыд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕснытыл нал ӕууӕнды ӕмӕ мӕрдты номыл ницыуал кӕны. Тамбӕ базыдта, Йегъовӕ нӕ кӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй «удӕгӕсты тыххӕй мӕрдты ма фӕрсӕм» (Исай 8:19). Библи кӕй ахуыр кодта, уый фӕрцы Тамбӕ фидарӕй зыдта, Хуыцауы закъон куы ’ххӕст кӕна, уӕд ын алцыдӕр кӕй бантысдзӕн (Псалом 1:1–3).

Уӕдӕ нын чи амард, уыдонӕн ма исты ныфс ис? Йегъовӕ ӕрмӕст удӕгӕстӕн не ’ххуыс кӕны, фӕлӕ ма зӕрдӕ ’вӕры, ингӕнты чи ис, уыдон дӕр дзы рох кӕй не сты. Пехуымпар Исай куы загъта, мӕрдтӕн сӕ бон кӕй ницы у, уӕд ма ныффыста: «Чи дын амард, уыдон цӕрдзысты... Райхъал ут ӕмӕ фырцинӕй хъӕр кӕнут, сыджыты чи ис, уыдон!» (Исай 26:19).

Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: ингӕнты чи ис, уыцы миллиардгай адӕмтӕ райгас уыдзысты! Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй Йегъовӕ бӕллы мӕрдты райгас кӕнынмӕ (Иов 14:14, 15). Ацы ныхӕстӕ дӕм, мыййаг, аргъауы хуызӕн кӕсынц? Йесо Чырысти ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл, уымӕн ӕмӕ, чи амард, уыдонӕй загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы цӕсты удӕгас сты (Лукайы 20:37, 38).

Дӕу дӕр нӕ фӕндид фидарӕй ӕууӕндын, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл? * Уӕдӕ дарддӕр дӕр архай, цӕмӕй Хуыцауы хуыздӕр базонай. Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд фендзынӕ, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у баххуыс кӕнын удӕгӕстӕн дӕр ӕмӕ мӕрдтӕн дӕр. Ӕмӕ цы зӕгъы, уыдон та сты «раст ӕмӕ ӕцӕг» (Раргомад 21:4, 5).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Ном у ивд.

^ 18 абз. Ацы фарстайы фӕдыл фылдӕр базонӕн ис брошюрӕйӕ «Духи мертвых. Могут ли они помочь или навредить тебе? На самом ли деле они существуют?» Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 26 абз. Райгасдзинады фӕдыл ма Библи цы зӕгъы, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» 7 сӕрӕй. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Хицӕнгонд текст 23 фарсыл]

Искӕмӕн йӕ зынаргъ адӕмӕй исчи куы фӕзиан вӕййы, уӕд ӕй фӕмысы

[Ныв 24 фарсыл]

Цымӕ паддзах Саул мард пехуымпар Самуилимӕ дзырдта?