Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут

Иоас йе ’мбӕлтты тыххӕй Йегъовӕйӕн нал лӕггад кодта

Иоас йе ’мбӕлтты тыххӕй Йегъовӕйӕн нал лӕггад кодта

ИЕРУСАЛИМЫ, Хуыцауы кувӕндон кӕм уыд, уыцы горӕты уӕззау рӕстӕг скодта. Амардтой паддзах Охозийы. Йӕ мӕлӕты фӕстӕ йӕ мад Гофоли цы сарӕзта, уый цӕстытыл ауайын кӕнын дӕр зын у: амарын кодта Охозийы фыртты – йӕхи фыртыфыртты! Цӕмӕн, уый зоныс? ~ * Гофолийы фӕндыд, цӕмӕй йӕхӕдӕг уыдаид паддзах.

Фӕлӕ Гофоли нӕ зыдта, Охозийы кӕстӕр лӕппу Иоасы кӕй фервӕзын кодтой, уый. Иоас куыд фервӕзт, уый зоныс? ~ Йӕ фыды хо Иосавеф ӕй Хуыцауы кувӕндоны бамбӕхста, уымӕн ӕмӕ йӕ лӕг Иодай уыди хистӕр сауджын.

Ӕхсӕз азы дӕргъы ничи зыдта, Иоас кӕм ӕмбӕхст уыд, уый. Иоасӕн бирӕ цыдӕртӕ бацамыдтой Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕ закъӕтты тыххӕй. Авд азы йыл куы сӕххӕст, уӕд Иодай сфӕнд кодта, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрдтаиккой. Фӕнды дӕ базонын, Иодайӕн уый йӕ къухы куыд бафтыд ӕмӕ Иоасы фыдымад, ӕвзӕр паддзах Гофолийыл цы ’рцыд, уый? ~

Иодай Иерусалиммӕ сусӕгӕй ӕрӕмбырд кодта паддзахы хъахъхъӕнджыты. Радзырдта сын, йӕ усимӕ паддзах Охозийы гыццыл лӕппуйы кӕй фервӕзын кодтой. Уый фӕстӕ Иодай Иоасы ракодта хъахъхъӕнджытӕм, ӕмӕ уыдон бамбӕрстой, ӕцӕг паддзах уый кӕй у. Ӕмӕ йӕ сфӕнд кодтой паддзахӕй сӕвӕрын.

Иодай Иоасы кувӕндонӕй ракодта ӕмӕ йын йӕ сӕрыл паддзахы худ ӕркодта. Адӕм «ӕмдзӕгъд кӕнын райдыдтой ӕмӕ загътой: „Ӕгас цӕуӕд паддзах!“» Хъахъхъӕнджытӕ та Иоасы алыварс лӕууыдысты ӕмӕ йӕ хъахъхъӕдтой. Гофоли адӕмы цины хъӕр куы фехъуыста, уӕд кувӕндонмӕ азгъордта ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Сусӕгвӕнд скодтой! Сусӕгвӕнд!» Фӕлӕ Иодай бардзырд радта, цӕмӕй Гофолийы амардтаиккой (2 Паддзӕхты 11:1–16).

Куыд хъуыды кӕныс, Иоас ма уый фӕстӕ дӕр Иодаймӕ хъуыста ӕмӕ раст цы уыд, уый кодта? ~ О, цалынмӕ Иодай удӕгас уыд, уӕдмӕ. Иоас ма рауагъта закъон, цӕмӕй, адӕм мысайнагӕн цы ӕхца хастой, уымӕй Хуыцауы кувӕндон сцалцӕг кодтаиккой, уымӕн ӕмӕ йӕ фыд Охозийы ӕмӕ йӕ фыдыфыд Иорамы рӕстӕг кувӕндон ӕдзӕллаг уавӕрмӕ ӕрцыд. Фӕлӕ ма ӕркӕсӕм, хистӕр сауджын Иодайы мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцыд, уымӕ (2 Паддзӕхты 12:1–16).

Уӕдмӕ Иоасыл цыди 40 азы бӕрц. Йӕхицӕн ӕмбӕлттӕн равзӕрста, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, уыдоны нӕ, фӕлӕ мӕнгхуыцӕуттӕн чи куывта, ахӕмты. Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы кувӕндоны сауджынӕй лӕггад кодта Иодайы фырт Захари. Куыд хъуыды кӕныс, Захари Иоасы ӕвзӕр хъуыддӕгты тыххӕй куы базыдта, уӕд цы сарӕзта? ~

Захари Иоасӕн ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Йегъовӕйы кӕй ныууагътат, уый тыххӕй уӕ уый дӕр ныууадздзӕн». Уыцы ныхӕстӕм Иоас афтӕ тынг смӕсты, ӕмӕ Захарийы дуртӕй амарын кодта. Ахъуыды-ма кӕн: Иоасӕн йӕхи мӕлӕтӕй фервӕзын кодтой, уый та Захарийы амарын кодта! (2 Азфыст 24:1–3, 15–22).

Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? ~ Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй Гофолийы хуызӕн саузӕрдӕ ӕмӕ ӕгъатыр уӕм. Уый бӕсты Чырысти куыд ахуыр кодта, афтӕ кӕндзыстӕм – уарздзыстӕм, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдоны ӕмӕ суанг не знӕгты дӕр (Матфейы 5:44; Иоанны 13:34, 35). Стӕй нӕ зӕрдыл дарӕм: Иоас райдианы куыд кодта, афтӕ нӕ кӕд хорз хъуыддӕгтӕ аразын фӕнды, уӕд хъуамӕ не ’мбӕлттӕ уой, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ нӕ уымӕн лӕггад кӕнынмӕ чи разӕнгард кӕны, уыдон.

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Дӕ сывӕллонимӕ куы кӕсай, уӕд ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон дзуапп ратта.

Фарстатӕ:

○ Иоасы кӕмӕй фервӕзын кодтой ӕмӕ куыд?

○ Иоас паддзах куыд сси ӕмӕ цавӕр хорз хъуыддаг сарӕзта?

○ Иоасӕй ӕвзӕр адӕймаг цӕмӕн рауад ӕмӕ кӕй амардта?

○ Ацы хабарӕй зондӕн райсӕн цы ис?

[Ныв 25 фарсыл]

Иоасы фервӕзын кодтой