«Афон мын нӕма уыд»
«Афон мын нӕма уыд»
Бырӕттӕласӕн машинӕйы шофыр нӕ сарӕхст ӕмӕ скъуырдта, фӕндаджы фарс чи фӕцӕйцыд, уыцы лӕг ӕмӕ усы ӕмӕ 23-аздзыд лӕппуйы. Уыцы хабары фӕстӕ Нью-Йорчы иу газеты фыст уыд, зӕгъгӕ, лӕг ӕмӕ ус дзыхъмард фесты, лӕппу та йӕхимӕ иуцасдӕр не ’рцыд. Уый фӕстӕ куы бамбӕрста, цы йыл ӕрцыд, уый, уӕд загъта: «Нӕ мӕ уырны, ахӕм хабар мыл ӕрцыд, уый. О Хуыцау, баххуыс мын кӕн». Стӕй ма загъта: «Ӕвӕццӕгӕн мын афон нӕма у».
ӔВӔЦЦӔГӔН ма ахӕм хабӕрттӕ фехъуыстай. Адӕймаг исты бӕллӕхӕй куы аирвӕзы, уӕд иннӕтӕ фӕдзурынц, афон ын нӕма уыд, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ӕвирхъау мардӕй куы амӕлы, уӕд та фӕзӕгъынц, «йӕ адзал уыд» кӕнӕ «Хуыцауы афтӕ бафӕндыд». Адӕм куыдфӕнды ма хъуыды кӕной, йӕ амонд афтӕ уыд, йӕ ныхыл фыст уыд, йӕ хъысмӕт ахӕм уыд кӕнӕ Хуыцауы афтӕ бафӕндыд, уӕддӕр уыцы ныхӕстӕн сӕ хъуыды иу у – адӕймагӕн йӕ цард рагацау фыст уыд ӕмӕ йӕ бон ницы у аивын. Ууыл адӕм рагӕй ӕууӕндынц. Уымӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕ уыд, зӕгъгӕ, фӕзӕгъынц, исчи куы амӕлы ӕмӕ исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ ӕндӕр исты куы ’рцӕуы, уӕд дӕр.
Зӕгъӕм, рагон вавилойнӕгтӕ ӕууӕндыдысты, адӕймаджы цард стъалытӕй аразгӕ кӕй у. Уымӕ гӕсгӕ уӕлӕрвтӕм кастысты, цӕмӕй базыдтаиккой, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый. Грекъӕгтӕ ӕмӕ ромӕгтӕ та куывтой хъысмӕты ус-хуыцӕуттӕн, зӕгъгӕ, уыцы хуыцӕуттӕй аразгӕ у, адӕймагыл хорзӕй ӕмӕ ӕвзӕрӕй цы ӕрцӕудзӕн, уый. Афтӕ сӕм каст, цыма сӕ сӕйраг хуыцӕуттӕ Зевс ӕмӕ Юпитер ус-хуыцӕутты раз ницы уыдысты.
Индустӕ ӕмӕ буддисттӕ ӕууӕндынц, адӕймаг цалдӕр хатты кӕй цӕры. Ӕмӕ йыл ныр цытӕ цӕуы, уый баст у йӕ раздӕры хъуыддӕгтимӕ, иннӕ царды йӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый та йӕ абоны хъуыддӕгтӕй кӕнгӕ у. Ӕндӕр диныл хӕст чи у, уыимӕ чырыстон аргъуантӕм чи цӕуы, уыдон дӕр афтӕ хъуыды кӕнынц, адӕймагӕн алцыдӕр йӕ ныхыл фыст кӕй у.
Кӕд абон адӕм ахуыргонд сты ӕмӕ бирӕ зонынц, уӕддӕр ӕууӕндынц, сӕ царды алы хъуыддаг дӕр ӕмӕ сӕ мӕлӕт сӕ хъысмӕтӕй аразгӕ кӕй у ӕмӕ йӕ сӕ бон аивын кӕй нӕу. Ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс? Цымӕ ӕцӕгдӕр царды цытӕ цӕуы, хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр, суанг адӕймагӕн йӕ райгуырд ӕмӕ йӕ мӕлӕт дӕр йӕ ныхыл фыст сты? Дӕуӕн дӕр дӕ цард хъысмӕтыл баст у? Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, Библи ацы фарстатӕн цы дзуапп дӕтты, уымӕ.
[Ныв барлӕвӕрдӕй 3 фарсыл]
Ken Murray/New York Daily News