Нӕ кӕстӕртӕн
Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сӕфт
Хӕслӕвӕрд. Скӕн ӕй, кӕм дӕ ничи хъыгдардзӕн, ахӕм бынаты. Библи куы кӕсай, уӕд дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма ды дӕр уым дӕ: цы аразынц, уый дӕхи цӕстӕй уыныс, цы дзурынц, уый хъусыс. Дӕхи сӕвӕр сӕйраг архайджыты бынаты ӕмӕ бацархай, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарыныл.
АХЪУЫДЫ КӔН АЦЫ СКЪУЫДДЗАГЫЛ. БАКӔС РАЙДИАНЫ 19:1–14.
Ныффысс, дӕумӕ гӕсгӕ, Лоты уазджытӕ цыхуызӕн уыдысты, уый.
․․․․․
Цавӕр адӕм дзы ӕрӕмбырд?
․․․․․
ЛӔМБЫНӔГДӔР АХЪУЫДЫ КӔН. БАКӔС РАЙДИАНЫ 13:7–13.
Лот Содомы цӕмӕн ӕрцард?
․․․․․
Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы цӕрджытӕн мӕлӕты тӕрхон цӕмӕн рахаста?
․․․․․
БАКӔС РАЙДИАНЫ 19:15–26.
Йегъовӕ Лоты тыххӕй цы сарӕзта?
․․․․․
Лоты ус фӕстӕмӕ цӕмӕн фӕкаст?
․․․․․
Цӕхдур цӕмӕн фестад?
․․․․․
ЦЫ БАЗЫДТАЙ, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ. НЫФФЫСС, ЗОНДӔН ЦЫ РАЙСТАЙ...
Йегъовӕ фыддзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уымӕй.
․․․․․
Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд равдыста, уымӕй.
․․․․․
Йегъовӕ йӕ адӕмы тӕрхоны размӕ кӕй бафӕдзӕхсы, уымӕй.
․․․․․
Лоты хабарӕй дын стырдӕр пайда цы ӕрхаста ӕмӕ цӕмӕн?
․․․․․