Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2013 азы уагъд «Ног дунейы тӕлмац» англисаг ӕвзагыл

2013 азы уагъд «Ног дунейы тӕлмац» англисаг ӕвзагыл

«НОГ ДУНЕЙЫ ТӔЛМАЦ» англисаг ӕвзагыл мыхуыры куы рацыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ йыл цалдӕр хатты бакуыстой ӕмӕ-иу дзы цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ скодтой. Фӕлӕ ӕппӕты фылдӕр ивындзинӕдтӕ арӕзт ӕрцыд, 2013 азы чи рацыд, уыцы тӕлмацы. Зӕгъӕм, ныр дзы бирӕ стихты ис къаддӕр дзырдтӕ. Библийы сӕйраг терминтӕй дӕр дзы кӕцыдӕртӕ ивд ӕрцыдысты. Иуӕй-иу сӕртӕ арӕзт ӕрцыдысты ӕмдзӕвгӕйы хуызы, стӕй дзы фылдӕр ис, текст хуыздӕр бамбарынӕн чи ӕххуыс кӕны, ахӕм фиппаинӕгтӕ дӕр. Ацы статьяйы уыцы ивындзинӕдтӕн се ’ппӕты кой скӕнын нӕ бон нӕ бауыдзӕн, фӕлӕ дзы уӕддӕр сӕйрагдӕр ивындзинӕдтӕй цалдӕрмӕ ӕркӕсӕм.

Библийы сӕйраг терминтӕй дзы кӕцытӕ фӕивтой? Айразмӕйы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй дзырдтӕ «шеол», «гадес» ӕмӕ «уд» ныр ӕндӕрхуызон тӕлмацгонд сты. Фӕлӕ ма ивд ӕрцыдысты ӕндӕр терминтӕ дӕр.

Зӕгъӕм, раздӕр «хӕлд митӕй» тӕлмацгонд чи уыд, уыцы грекъаг дзырд амоны, адӕймаг, Хуыцауы закъӕтты ныхмӕ чи у, ахӕм стыр тӕригъӕд куы сараза ӕмӕ йӕхи ӕнӕфсармӕй, ӕдзӕсгомӕй куы ’вдиса, уымӕ. Ныр уыцы дзырд тӕлмацгонд ӕрцыд дзырдбастӕй «ӕдзӕсгом митӕ», уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй грекъаг дзырды хъуыды хуыздӕр ӕвдыст цӕуы. «Ӕбуалгъ миты» бӕсты та фыст ӕрцыд дзырдбаст «ӕнӕуаг цӕл-минас кӕнын», уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй кӕсджытӕн ӕнцондӕр ӕмбарӕн у (Гал. 5:19–22).

Раздӕр алы ран дӕр уыцы иухуызон чи уыд тӕлмац, уыцы терминтӕ ныр тӕлмацгонд ӕрцыдысты контекстмӕ гӕсгӕ. Зӕгъӕм, дзуттаг дзырд ола́м раздӕр тӕлмацгонд цыди, ӕбӕлвырд рӕстӕгмӕ чи амоны, ахӕм дзырдтӕй. Фӕлӕ ма уыцы дзуттаг дзырдӕн ис ахӕм хъуыды дӕр, ӕнустӕм, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ныр уыцы дзырд контекстмӕ гӕсгӕ тӕлмацгонд кӕй ӕрцыд, уый фенӕн ис, Псаломы 90:2 ӕмӕ Михейы 5:2 куы абарӕм, уӕд.

Библийы арӕх ӕмбӕлынц, «мыггаг»-ӕй тӕлмацгонд чи уыд, уыцы дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырдтӕ, ӕмӕ амонынц, таугӕ кӕй фӕкӕнынц, ахӕм мыггагмӕ дӕр ӕмӕ адӕймаджы байзӕддагмӕ дӕр. Раздӕр англисаг «Ног дунейы тӕлмац»-ы ацы дзырдтӕ алы ран дӕр, уыимӕ Райдианы 3:15 дӕр, тӕлмацгонд цыдысты дзырд «мыггаг»-ӕй. Фӕлӕ англисагау байзӕддаджы кой куы фӕкӕнынц, уӕд дзырд «мыггаг»-ӕй нал фӕпайда кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ 2013 азы уагъд тӕлмацы Райдианы 3:15 ӕмӕ ма уыцы стихимӕ баст чи у, ӕндӕр ахӕм стихты фыст ис «байзӕддаг» (Райд. 22:17, 18; Рарг. 12:17). Ӕндӕр рӕтты та уыцы дзырдтӕ тӕлмацгонд ӕрцыдысты контекстмӕ гӕсгӕ (Райд. 1:11; Пс. 22:30; Ис. 57:3).

Бирӕ дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕ дзы комкоммӕ тӕлмацгонд цӕуылнӕуал ӕрцыдысты? 2013 азы англисаг ӕвзагыл чи рацыд, уыцы «Ног дунейы тӕлмац»-ы Уӕлӕмхасӕны A1 фыст ис, зӕгъгӕ, цавӕрдӕр дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕ комкоммӕ куы ратӕлмац кӕнай, ӕмӕ сӕ хъуыды раст куы нӕ рауайа кӕнӕ ӕнцон бамбарӕн куы нӕ уой, уӕд сӕ хъӕуы сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ ратӕлмац кӕнын, ӕмӕ уый схонӕн ис хорз тӕлмац. Цавӕрдӕр дзырдбӕстытӕ иу ӕвзагӕй иннӕмӕ комкоммӕ ратӕлмац кӕнӕн ис, кӕсджытӕн истӕуыл дзурӕг куы уой, ӕрмӕстдӕр уӕд. Зӕгъӕм, бирӕ ӕвзӕгтыл ис, Раргомады 2:23 чи ис, ахӕм дзырдбаст, «зӕрдӕтӕм... кӕсын», зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы ӕвзӕгтӕм ис комкоммӕ ратӕлмац кӕнӕн. Фӕлӕ уыцы стихы дзырдбаст «уыргтӕм... кӕсын», чи зоны, афтӕ ӕнцон бамбарӕн ма уа. Уымӕ гӕсгӕ уыцы дзырдбаст ныр тӕлмацгонд у, «арфӕмбӕхст хъуыдытӕ», зӕгъгӕ. Ӕндӕр ахӕм цӕвиттон ис Дыккаг закъоны 32:14. Раздӕр «мӕнӕуы уыргты фиу»-ӕй чи уыд тӕлмацгонд, уыцы дзырдбаст ныр тӕлмацгонд у, «мӕнӕуы хуыздӕр», зӕгъгӕ, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ хъуыды ӕнцондӕр бамбарӕн у. Ноджыдӕр ма иу дзырдбаст, «мӕ былтӕ сунӕтгонд не сты», зӕгъгӕ, фылдӕр ӕвзӕгтыл у зынӕмбарӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тӕлмацгонд ӕрцыд афтӕ: «Мӕ бон дзӕбӕх дзурын нӕу» (Рац. 6:12).

Дзырдбӕстытӕ «Израилы фырттӕ» ӕмӕ «сидзӕр лӕппутӕ» ныр «израилӕгтӕ» ӕмӕ «сидзӕр сывӕллӕттӕй» тӕлмацгонд цӕмӕн ӕрцыдысты? Дзуттаг ӕвзаджы нӕлгоймагмӕ ӕмӕ сылгоймагмӕ алыхуызон дзырдтӕ фӕамонынц. Фӕлӕ, нӕлгоймагмӕ чи амоны, уыцы дзырдтӕй иуӕй-иутӕ хатгай сылгоймӕгтӕм дӕр фӕамонынц. Зӕгъӕм, Библийы кӕцыдӕр контекстты дзырдбаст «Израилы фырттӕ» фӕамоны куыд нӕлгоймӕгтӕм, афтӕ сылгоймӕгтӕм дӕр, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ныр ацы дзырдбаст арӕхдӕр тӕлмацгонд цӕуы, «израилӕгтӕ», зӕгъгӕ (Рац. 1:7; 35:29; 2 Пад. 8:12).

Афтӕ у йӕ хабар, нӕлгоймӕгтӕм чи амоны, уыцы дзуттаг дзырдӕн дӕр, «фырттӕ», зӕгъгӕ. Раздӕр-иу чи рацыд, уыцы «Ног дунейы тӕлмац»-ы Райдианы 3:16 уыцы дзырд тӕлмацгонд уыди, «сывӕллӕттӕ», зӕгъгӕ. Фӕлӕ ма уыцы дзырд ӕмбӕлы, зӕгъӕм, Рацыды 22:24, ӕмӕ ныр уым дӕр афтӕ у, «уӕ сывӕллӕттӕ [дзут. «фырттӕ»] сидзӕртӕй баззайдзысты», зӕгъгӕ. Ӕндӕр рӕтты та дзырдбаст «сидзӕр лӕппу» ивд ӕрцыд «сидзӕр сывӕллон»-ӕй кӕнӕ «сидзӕр»-ӕй (Дык. з. 10:18; Иов 6:27). Ӕмӕ грекъаг Септуагинтӕйы дӕр афтӕ у.

Дзуттаг мивдисджытӕй бирӕтӕ хуымӕтӕгдӕр хуызы тӕлмацгонд цӕмӕн ӕрцыдысты? Дзуттаг ӕвзаджы мивдисджытӕн сӕйраджыдӕр ис дыууӕ хуызы: ӕнӕххӕст хуыз (амоны, чи нӕма фӕци, ахӕм архайдмӕ) ӕмӕ ӕххӕст хуыз (амоны, чи фӕци, ахӕм архайдмӕ). Англисаг ӕвзагыл-иу чи рацыд, уыцы «Ног дунейы тӕлмац»-ы дзуттаг ӕнӕххӕст мивдисджытӕ раздӕр афтӕ тӕлмацгонд цыдысты, цӕмӕй бӕрӕг уа, дӕргъвӕтин кӕнӕ бирӕ хӕттыты чи ’рцыд, ахӕм архайды кой кӕй цӕуы – зӕгъӕм, мивдисӕгмӕ-иу бафтыдтой дзырд «райдыдта» *. Чи фӕци, ахӕм архайды кой кӕй цӕуы, уый равдисынӕн дӕр иу спайда кодтой цавӕрдӕр сӕрмагонд дзырдтӕй.

2013 азы уагъд тӕлмацы уыцы дзырдтӕ ӕмбӕлынц, хъуыды фӕбӕлвырддӕр кӕнын ӕнӕмӕнг кӕм у, ӕрмӕстдӕр уым. Зӕгъӕм, Хуыцау, «уадз ӕмӕ фӕзынӕд рухс», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд ӕй цалдӕр хатты кӕй загъта, уый равдисын афтӕ ахсджиаг нӕу. Уымӕ гӕсгӕ ног тӕлмацы дзуттаг ӕнӕххӕст мивдисӕг «зӕгъын» ӕмбӕлы ивгъуыд афоны, ома «загъта» (Райд. 1:3). Фӕлӕ, зӕгъӕм, Йегъовӕ Адаммӕ куы дзырдта, уӕд ӕм, куыд зыны, афтӕмӕй, иу хатт нӕ фӕдзырдта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Райдианы 3:9 ныр дӕр фыст ис, «цалдӕр хатты... фӕдзырдта», зӕгъгӕ. Иудзырдӕй, мивдисджытӕ тӕлмацгонд ӕрцыдысты хуымӕтӕгдӕр хуызы, цӕмӕй кӕсджыты ’ргом фылдӕр здӕхт цӕуа архайдмӕ, дзуттаг мивдисджыты ӕххӕст кӕнӕ ӕнӕххӕст хуызмӕ нӕ, фӕлӕ. Стӕй ма уый руаджы тӕлмацгонд текст дзуттаг текстӕй бирӕ стырдӕр нӕ рауад.

Ноджы фылдӕр сӕртӕ арӕзт сты ӕмдзӕвгӕйы хуызы, райдианы куыд уыдысты, растдӕр афтӕ

Ныр дзы ӕмдзӕвгӕйы хуызы арӕзт сӕртӕ фылдӕр цӕмӕн ис? Библийы хӕйттӕй бирӕтӕ фыст ӕрцыдысты ӕмдзӕвгӕйы хуызы. Нырыккон ӕвзӕгтыл ӕмдзӕвгӕйы вӕййы рифмӕ. Фӕлӕ дзуттаг ӕмдзӕвгӕты сӕйрагдӕр мадзӕлттӕ сты параллелизм ӕмӕ контраст – цалдӕр хъуыддаджы кӕрӕдзиимӕ куы абарынц, цӕмӕй рабӕрӕг уа, ӕмхуызон цӕмӕй сты кӕнӕ кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый. Дзуттаг поэзийы сӕйрагдӕр рифмӕ нӕу, фӕлӕ хъуыдыты равӕрд.

Уый размӕ-иу чи рацыд, уыцы «Ног дунейы тӕлмац»-ы Иов ӕмӕ Псаломты чингуытӕ фыст уыдысты ӕмдзӕвгӕйы хуызы, цӕмӕй бӕрӕг уыдаид, заргӕ-иу сӕ кӕй кодтой кӕнӕ-иу сӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ кӕй дзырдтой. Ӕмдзӕвгӕйы хуызы конд тексты цавӕрдӕр хъуыдытӕ тынгдӕр бӕрӕг вӕййынц ӕмӕ текст йӕхӕдӕг дӕр ӕнцондӕр бахъуыды кӕнӕн вӕййы. 2013 азы англисаг ӕвзагыл уагъд тӕлмацы Ӕмбисӕндтӕ, Соломоны зарӕг ӕмӕ ма пехуымпарты чингуыты бирӕ сӕртӕ арӕзт ӕрцыдысты ӕмдзӕвгӕйы хуызы, цӕмӕй, аивадон ӕвзагӕй фыст кӕй уыдысты, уый бӕрӕг уа ӕмӕ дзы цы параллелизмтӕ кӕнӕ контрасттӕ ис, уыдон ирддӕрӕй зыной. Зӕгъӕм, Исайы 24:2 алы рӕнхъы дӕр ис контраст, ӕмӕ уый фӕрцы ноджы ирддӕрӕй зыны, иу адӕймаг дӕр Хуыцауы тӕрхонӕй кӕй нӕ аирвӕздзӕн. Ӕмӕ ацы чингуытӕ ӕмӕ сӕртӕ англисаг тӕлмацы дӕр ӕмдзӕвгӕйы хуызы арӕзт кӕй ӕрцыдысты, уый руаджы бӕрӕг у, чи сӕ фыста, уый ногӕй ӕмӕ ногӕй уыцы иу хъуыды кӕй нӕ фыста, фӕлӕ аивадон мадзӕлттӕй кӕй пайда кодта, цӕмӕй Хуыцауы ныхас адӕймагмӕ тынгдӕр бахъардтаид.

Дзуттаг ӕвзаджы, ӕмдзӕвгӕ кӕм ис ӕмӕ ӕнӕуи текст кӕм ис, уый алы хатт ӕнцон раиртасӕн нӕ вӕййы. Уый тыххӕй Библийы алыхуызон тӕлмацты уыцы иу скъуыддзаг иухуызон фыст нӕ вӕййы: иуӕй-иу тӕлмацты ӕмдзӕвгӕйы хуызы вӕййы, иуӕй-иуты та – ӕнӕуи тексты хуызы. Ӕмдзӕвгӕйы хуызы фыст кӕцы стихтӕ ӕрцӕудзысты, уый баст вӕййы, тӕлмацгӕнджытӕ дзуттаг текст куыд бамбӕрстой, ууыл. Кӕцыдӕр тӕлмацты иуӕй-иу стихтӕ вӕййынц ӕнӕуи тексты хуызы, фӕлӕ вӕййынц аив ӕвзагӕй фыст, вӕййы дзы алыхуызон параллелизмтӕ, ӕмӕ афтӕмӕй сӕйраг хъуыды ирддӕрӕй фӕзыны.

2013 азы уагъд тӕлмацы ма алы чиныджы райдианы дӕр цыбыртӕй фыст ис, цӕй кой дзы цӕуы, уый тыххӕй. Ӕмӕ уый уӕлдай стыр ӕххуыс у, Соломоны зарӕджы чи кӕй фӕдыл дзуры, уый бамбарынӕн.

Дзуттаг ӕмӕ грекъаг къухфыстытӕ дарддӕр дӕр кӕй иртӕстой, уый ног тӕлмацыл куыд фӕзынд? Фыццаг «Ног дунейы тӕлмац» арӕзт ӕрцыд дзуттаг масоретаг текстмӕ гӕсгӕ ӕмӕ, ӕууӕнчы аккаг чи у, уыцы грекъаг текстмӕ гӕсгӕ, Весткотт ӕмӕ Хорты текст, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Библийы рагон къухфыстытӕ дарддӕр дӕр кӕй иртӕстой, уый руаджы фӕбӕлвырддӕр, райдианы кӕцыдӕр стихты цы фыст уыд, уый. Фӕзынд ма Мард денджызы тыхтӕтты къопитӕм ӕркӕсыны фадат дӕр. Грекъаг къухфыстытӕй дӕр фылдӕр раиртӕстой. Стӕй ма бирӕ къухфыстытӕ ныр бакӕсӕн ис компьютеры, ӕмӕ сӕ уый руаджы ӕнцондӕр у кӕрӕдзиимӕ абарын, ӕмӕ афтӕмӕй сбӕрӕг кӕнын, дзуттаг ӕмӕ грекъаг тексттӕй растдӕр кӕцы у, уый. Ног дунейы тӕлмацы комитет уыцы фадӕттӕй спайда кодта, цӕмӕй кӕцыдӕр стихтӕ хуыздӕр раиртӕстаид, ӕмӕ уый фӕстӕ скодта цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ.

Зӕгъӕм, грекъаг Септуагинтӕйы 2 Самуилы 13:21 ис ахӕм ныхӕстӕ: «Фӕлӕ йӕ фырт Амноны зӕрдӕ нӕ фӕриссын кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзта, йӕ фыццаггуырд кӕй уыди, уый тыххӕй». «Ног дунейы тӕлмац»-ы ацы ныхӕстӕ раздӕр нӕ уыдысты, уымӕн ӕмӕ масоретаг тексты не сты. Фӕлӕ Мард денджызы тыхтӕтты кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ, 2013 азы англисаг ӕвзагыл чи рацыд, уыцы тӕлмацы дӕр ныффыстой. Афтӕ у йӕ хабар, Фыццаг Самуилы чиныджы Хуыцауы ном ноджыдӕр фондз хатты кӕй ныффыстой, уымӕн дӕр. Грекъаг тексттӕ хуыздӕр кӕй раиртӕстой, уый тыххӕй Матфейы 21:29–31 хъуыдыты равӕрд фӕивта. Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй кӕцыдӕр ивындзинӕдтӕ арӕзт ӕрцыдысты ӕрмӕстдӕр иу кӕцыдӕр грекъаг текстмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ, алыхуызон къухфыстыты цы ссардтой, уымӕ гӕсгӕ.

Адон сты, 2013 азы англисаг ӕвзагыл уагъд тӕлмацы цы ивындзинӕдтӕ арӕзт ӕрцыд, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутӕ. Уыцы ивындзинӕдты фӕрцы «Ног дунейы тӕлмац» ныр бирӕ ӕнцондӕр кӕсӕн ӕмӕ ӕнцондӕр ӕмбарӕн у. Ӕцӕгдӕр, «Библи – Ног дунейы тӕлмац» у, адӕмимӕ чи ныхас кӕны, уыцы Хуыцауы стыр лӕвар!

^ 10 абз. Кӕс «Библи – Ног дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ», Уӕлӕмхасӕн 3С (англ.).