Дӕ фыдӕбон дын исчи уыны ӕви нӕ, уый ахсджиаг у?
ВЕСЕЛЕИЛ ӕмӕ Аголиавӕн арӕзтадон куыстытӕ ӕнӕзонгӕ нӕ уыдысты. Египеты ма цагъартӕ куы уыдысты, уӕд бирӕ самандуртӕ сарӕзтаиккой. Фӕлӕ сӕ ууыл, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕнын дӕр нӕ фӕндыд. Ӕниу уыцы рӕстӕджытӕ аивгъуыдтой. Ныр сын бахӕс кодтой, цатырӕн цыдӕриддӕр хъуыди, уыдӕттӕ саразын ӕмӕ хъуамӕ суыдаиккой ӕппӕты хуыздӕр ӕрмгуыстгӕнджытӕ (Рац. 31:1–11). Фӕлӕ цы диссаджы дзауматӕ хъуамӕ сарӕзтаиккой, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ цалдӕр адӕймаджы йеддӕмӕ ничи уыдтаид. Мыййаг сын уый хъыг уыди? Цымӕ ахсджиаг уыд, сӕ куыст сын адӕм фендзысты ӕви нӕ, уый? Стӕй дӕуӕн дӕр дӕ фыдӕбон исчи уыны ӕви нӕ, уый ахсджиаг у?
ДИССАДЖЫ ДЗАУМАТӔ УЫДТОЙ ӔРМӔСТ ЦАЛДӔР АДӔЙМАДЖЫ
Цатыры дзауматӕй иуӕй-иутӕ ӕцӕгдӕр уыдысты диссаджы рӕсугъд арӕзт. Зӕгъӕм, бадзырды чырыны сӕрӕн йӕ дыууӕ кӕроны цы сызгъӕрин херувимтӕ уыд, уыдон. Апостол Павел ныффыста, афтӕмӕй уыцы сызгъӕрин херувимтӕ уыдысты «кадджын» (Дзут. 9:5). Ахъуыды-ма кӕн, куыд рӕсугъд уыдаиккой! (Рац. 37:7–9).
Веселеил ӕмӕ Аголиав кӕй сарӕзтой, уыцы мигӕнӕнтӕ абон куы ссардтаиккой, уӕд уый аккаг уыдаиккой, цӕмӕй сӕ ӕппӕты зындгонддӕр музейты ӕвдыстаиккой. Уым сӕ бирӕ адӕм уыдтаиккой ӕмӕ сыл дис кодтаиккой. Фӕлӕ уыцы диссаджы дзауматӕ арӕзт куы ’рцыдысты, уӕд сӕ, цымӕ, бирӕтӕ уыдтой? Херувимтӕ уыдысты Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты, ӕмӕ сӕ уыдта ӕрмӕстдӕр хистӕр сауджын, уымӕй дӕр афӕдз ӕрмӕст иу хатт, Сыгъдӕггӕнӕн бон-иу уырдӕм куы бахызт, уӕд (Дзут. 9:6, 7). Уӕдӕ сӕ цалдӕр адӕймаджы йеддӕмӕ ничи федта.
КУЫ НИЧИ ДӔ ӔППӔЛА, УӔДДӔР ДӔ КУЫСТӔЙ РАЙГОНД У
Веселеил кӕнӕ Аголиавы бынаты куы уыдаис ӕмӕ диссаджы рӕсугъд дзауматӕ саразыныл куы фӕфыдӕбон кодтаис, фӕлӕ дын сӕ ӕрмӕст цалдӕр адӕймаджы куы федтаид, уӕд цы ахъуыды кодтаис? Абон адӕм сӕ куыстӕй райгонд вӕййынц, иннӕтӕ сын дзы куы феппӕлынц ӕмӕ йыл куы фӕдис кӕнынц, ӕрмӕстдӕр уӕд, уымӕн ӕмӕ сын уый ууыл дзурӕг вӕййы, ӕмӕ сӕ куыстӕн аргъ ис. Фӕлӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц. Веселеил ӕмӕ Аголиавау махӕн дӕр ӕхсызгон у Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ нын сӕйрагдӕр у йӕ хорзӕх ссарын.
Йесойы рӕстӕг дины разамонджытӕ арӕх куывтой адӕмы цӕстмӕ. Фӕлӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн Матф. 6:5, 6). Ӕцӕгдӕр, нӕ куывдтыты тыххӕй иннӕтӕ цы хъуыды кӕнынц, уый нӕу ахсджиаг, фӕлӕ, Йегъовӕ цы хъуыды кӕны, уый. Йегъовӕ цы хъуыды кӕны, уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, нӕ куывдтытӕн аргъ ис ӕви нӕ. Уый хауы, нӕ лӕггады нын цы ӕнтысы, уымӕ дӕр. Адӕм нӕ ӕппӕлынц ӕви нӕ, нӕ куыстӕн йӕ аргъ уымӕй кӕнгӕ нӕу. Сӕйрагдӕр у, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ, «алцыдӕр чи уыны», уый зӕрдӕмӕ, кӕй цӕуы.
амыдта, цӕмӕй Хуыцаумӕ куывтаиккой сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, адӕмы дисы бафтауыны тыххӕй нӕ, фӕлӕ. Цӕмӕн? «Уӕд [уын] хорзӕх уыдзӕни [уӕ] уӕларвон Фыдӕй – алцыдӕр чи уыны, уымӕй» (Цатыр арӕзт куы фӕци, «уӕд мигъ ӕрӕмбӕрзта ӕмбырды цатыр, ӕмӕ цатыр байдзаг Йегъовӕйы кадӕй» (Рац. 40:34). Бӕрӕг уыди, Йегъовӕ райгонд кӕй у! Куыд дӕм кӕсы, уыцы рӕстӕг Веселеил ӕмӕ Аголиав цы хъуыды кодтаиккой? Кӕд, цы дзауматӕ сарӕзтой, уыдоныл сӕ нӕмттӕ фыст нӕ уыдысты, уӕддӕр тынг райгонд уыдаиккой, уымӕн ӕмӕ зыдтой, Хуыцау сын сӕ фыдӕбонӕн кӕй раарфӕ кодта (Ӕмб. 10:22). Бирӕ азты фӕстӕ дӕр сын зӕрдӕрухсы хос уыдаид, цы сарӕзтой, уыдӕттӕй Йегъовӕйы цатыры кӕй пайда кодтой, уый. Ахъуыды-ма кӕн, Веселеил ӕмӕ Аголиав ног дунейы куы райгас уой ӕмӕ, израилӕгтӕ Хуыцауӕн уыцы цатыры 500 азы бӕрц кӕй лӕггад кодтой, уый куы базоной, уӕд куыд тынг цин кӕндзысты!
Абон Йегъовӕйы организацийы чи лӕггад кӕны, уыцы нывгӕнджытӕн, музыканттӕн, къамисджытӕн, тӕлмацгӕнджытӕн ӕмӕ фысджытӕн сӕ нӕмттӕ ничи фӕзоны. Уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ сын сӕ куыст ничи «уыны». Уый зӕгъӕн ма ис, ӕгас дунейы дӕр 110 000 ӕмбырды цы куыст арӕзт цӕуы, уымӕн йӕ фылдӕр хайы тыххӕй дӕр. Чи фены, ӕмбырды ӕхцатӕм йӕ хъус чи дары, уыцы ӕфсымӕр алы мӕйы кӕрон дӕр ӕхцайы хыгъд куыд скӕны? Ӕмӕ чи фены, секретарь ӕмбырды уацамынды хыгъд куыд бацӕттӕ кӕны? Кӕнӕ чи фены, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Паддзахады зал куыд цалцӕг кӕнынц, уый?
Веселеил ӕмӕ Аголиавӕн сӕ диссаджы рӕсугъд дзауматӕ ӕмӕ хорз куысты тыххӕй, сӕ царды кӕрон сӕрыстырӕй кӕй ӕвдыстаиккой, ахӕм хӕрзиуджытӕ, майдантӕ кӕнӕ грамотӕтӕ нӕ радтой. Уыдон схайджын сты, уыдӕттӕй бирӕ зынаргъдӕр цы уыд, уымӕй – Йегъовӕйы хорзӕхӕй. Мах фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ сын сӕ куыстӕн кӕй аргъ кодта. Цӕй уӕдӕ мах дӕр Веселеил ӕмӕ Аголиавау сӕрныллӕгӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм.