ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) Июль 2015
Ацы брошюрӕйы ис, 2015 азы 31 августӕй 27 сентябрмӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.
Уыдон уыдысты цӕттӕ – Уӕрӕсе
Бакӕс, бинонджын чи у ӕмӕ бинонтӕ кӕмӕн нӕй, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Уӕрӕсемӕ цӕрынмӕ куыд ӕрцыдысты, цӕмӕй, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, уым лӕггад кӕной. Уыдон сахуыр сты сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр дарын.
Абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уымӕн йӕ арӕнтӕ уӕрӕхдӕр кӕн!
Цымӕ, абон цы «дзӕнӕты» цӕрӕм, уый ӕмӕ ӕнӕуынгӕ кувӕндон иу цӕмӕдӕр амонынц? Павел «ӕртыккаг арвы» кӕй федта, уыцы «дзӕнӕт» цӕмӕ амоны?
Йегъовӕйӕн лӕггад кӕн «фыдбонты» рӕстӕг дӕр
Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма ’рлӕмӕгъ уа ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнай? Ӕркӕс, Хуыцауӕн рагзаманты цингӕнгӕйӕ чи лӕггад кодта, уыцы ацӕргӕ адӕймӕгты цӕвиттонтӕм.
«Уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг»!
Стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд цавӕр хабар цӕудзӕн хъуыстгонд? Уыцы рӕстӕг сӕрст чырыстӕттыл цы ’рцӕудзӕн?
Дӕ фыдӕбон дын исчи уыны ӕви нӕ, уый ахсджиаг у?
Веселеил ӕмӕ нын Аголиавы цӕвиттон ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ рох ма уа иу ахсджиаг хъуыддаг: нӕ фыдӕбон нын куы ничи уына, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ уыны.
Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион у
Чырыстӕттӕ Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Паддзахадыл иузӕрдион цӕй фӕрцы уыдзысты?
Хуыцауӕн кӕм кувӕм, уыцы бынат
Нӕ бон куыд у равдисын, Хуыцауӕн кӕм лӕггад кӕнӕм, уыцы бынатӕн кӕй аргъ кӕнӕм? Паддзахады залтӕ аразынӕн ӕмӕ цалцӕг кӕнынӕн ӕхца кӕцӕй цӕуы?
Зыдтай йӕ?
Библийы фыст ис, Зӕрдӕвӕрд зӕххы бирӕ хъӕдтӕ кӕй уыди. Фӕлӕ абон афтӕ нӕу, ӕмӕ уый тыххӕй чидӕртӕ ууыл, чи зоны, дызӕрдыг кӕной?