Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Диссаджы лӕвар Японийӕн

Диссаджы лӕвар Японийӕн

ЯПОНИЙЫ горӕт Нагойы 2013 азы 28 апрелы цы ахсджиаг фембӕлд уыд, уым Разамонӕг советӕй ӕфсымӕр Энтони Моррис фехъусын кодта диссаджы хабар: япойнаг ӕвзагыл рацыд ног публикаци, «Библи – Матфейы фыст хорз хабар». Уыцы фембӕлды чи уыд, стӕй Интернеты уылты трансляцимӕ чи каст, уыдон се ’ппӕт дӕр, 210 000 адӕймагӕй фылдӕр, фырцинӕй се ’мдзӕгъдӕй нал ӕнцадысты.

Ацы 128-фарсон чиныджы текст ист ӕрцыд «Ног дунейы тӕлмац»-ӕй. Фӕлӕ ацы чиныг у бынтон ӕндӕрхуызон конд. Ӕфсымӕр Моррис бамбарын кодта, сӕрмагондӕй Японийы цӕрӕг адӕмӕн кӕй ӕрцыд арӕзт. Цымӕ ацы чиныг ӕндӕрхуызон цӕмӕй у? Мыхуыры рауадзын ӕй цӕмӕн бахъуыд? Ӕмӕ йӕм адӕм цы цӕстӕй ракастысты?

АЦЫ ЧИНЫГ ӔНДӔРХУЫЗОН ЦӔМӔЙ У?

Ацы чиныг чи райста, уыдонӕй бирӕтӕ тынг бадис кодтой, куыд конд у, ууыл. Япойнаг ӕвзагыл ныхӕстӕ фыссӕн ис галиуырдыгӕй рахизырдӕм кӕнӕ та уӕлейӕ бынмӕ. Алыхуызон литературӕйы, уыимӕ нӕ публикациты дӕр, текст фыст вӕййы галиуырдыгӕй рахизырдӕм. Фӕлӕ ацы чиныджы текст фыст у уӕлейӕ бынмӕ, япойнаг ӕвзагыл газетты ӕмӕ аивадон литературӕйы куыд вӕййы, афтӕ. Япойнӕгтӕй бирӕтӕн афтӕ кӕсын ӕнцондӕр у. Уымӕй уӕлдай ма, Библийы алы фарсыл дӕр уӕлейӕ цы фыстытӕ вӕййы, уыдон ацы чиныджы фыст сты тексты мидӕг дӕлсӕргӕндты хуызӕн, цӕмӕй-иу адӕймаг фена, дзырд дзы цӕуыл цӕуы, уый.

Японийы цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уыцы чиныг уайтагъд райдыдтой кӕсын. 80 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, иу ахӕм хо загъта: «Матфейы чиныг уый размӕ дӕр бирӕ хӕттыты бакастӕн, фӕлӕ ацы чиныджы текст уӕлейӕ бынмӕ фыст кӕй у ӕмӕ дзы дзырд цӕуыл цӕуы, уый тексты мидӕг фыст кӕй ис, уый руаджы ноджы хуыздӕр бамбӕрстон, Йесо адӕмӕн хохыл кӕй дзырдта, уыцы ныхӕстӕ». Иу ӕрыгон хо та загъта: «Ацы чиныг бакастӕн иу хаттӕн. Ӕнӕуи сахуыр дӕн, галиуырдыгӕй рахизырдӕм фыст чи у, ахӕм текстыл, фӕлӕ япойнӕгтӕй бирӕтӕн ӕнцондӕр кӕсӕн вӕййы, уӕлейӕ бынмӕ фыст чи вӕййы, ахӕм текст».

РАУАГЪТОЙ ЙӔ ЯПОЙНӔГТӔН

Цымӕ япойнӕгтӕн Библийӕ ӕрмӕст ацы чиныг дӕр стыр ӕххуыс цӕмӕн фӕуыдзӕн? Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ япойнӕгтӕй бирӕтӕ Библи никуы кастысты, фӕлӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ бакӕсой. Бирӕтӕ сӕ Библи уынгӕ дӕр никуы фӕкодтой, ӕмӕ сын ныр ис фадат, цӕмӕй йын йӕ иу хай бакӕсой.

Фӕлӕ цымӕ Матфейы чиныг цӕмӕн равзӕрстой? Уымӕн ӕмӕ япойнӕгтӕн сӕ фылдӕр дзырд «Библи» куы фехъусынц, уӕд ахъуыды кӕнынц Йесо Чырыстийыл. Ӕмӕ ацы чиныг дӕр уымӕн ӕрцыд ӕвзӕрст, ӕмӕ дзы дзырд цӕуы Йесойы хӕдзарвӕндаджы тыххӕй ӕмӕ йӕ райгуырды тыххӕй, стӕй ма дзы фыст ис, адӕмӕн хохыл кӕй дзырдта, уыцы зындгонд ныхӕстӕ ӕмӕ, фӕстаг бонты тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый дӕр. Уыдӕтты тыххӕй та япойнӕгтӕй бирӕты фӕнды базонын.

Японийы хъусынгӕнджытӕ зӕрдиагӕй бавнӕлдтой ацы ног чиныг парахат кӕнынмӕ. Фӕдӕттынц ӕй, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы фӕхъусын кӕнынц ӕмӕ, фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонмӕ ногӕй куы бацӕуынц, уӕд. Иу хо ныффыста: «Ныр, кӕм хъусын кӕнын, уым мӕ бон у фылдӕр адӕмӕн Хуыцауы Ныхас парахат кӕнын. Ацы чингуытӕ нын цы бон радтой, растдӕр дзы уыцы бон иу чиныг кӕмӕндӕр раттон».

АДӔМ АЦЫ ЧИНЫГМӔ ЦЫ ЦӔСТӔЙ РАКАСТЫСТЫ?

Хъусынгӕнджытӕ ацы ног чиныг адӕмӕн куыд фӕдӕттынц? Япойнӕгтӕй бирӕтӕн зонгӕ сты ахӕм ныхӕстӕ, «нарӕг дуар», «налхъуыт хуыты размӕ ма ӕппарут» кӕнӕ «райсом цы уыдзӕн, ууыл макуы катай кӕнут», зӕгъгӕ (Матф. 6:34; 7:6, 13). Ӕмӕ йӕ куы базонынц, уыдон Йесо Чырыстийы ныхӕстӕ сты, уӕд тынг бадис кӕнынц. Бирӕтӕ Матфейы чиныджы уыцы ныхӕстӕ куы бакӕсынц, уӕд фӕзӕгъынц: «Алкӕддӕр мӕ фӕндыд, цӕмӕй Библи иу хатт уӕддӕр бакастаин».

Хъусынгӕнджытӕ, ацы чиныг кӕмӕн радтой, уыдонмӕ ногӕй куы бацӕуынц, уӕд сын уыцы адӕм арӕх фӕзӕгъынц, уайтагъд дзы иуцасдӕр кӕнӕ йӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй бакастысты. 60 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, иу ахӕм нӕлгоймаг загъта: «Бирӕ хӕттыты йӕ бакастӕн ӕмӕ тынг райгондӕй баззадтӕн. Уӕ хорзӕхӕй, Библийӕ ма мын ноджыдӕр истытӕ бацамонут».

Ацы чиныг ма фӕдӕттынц, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты дӕр. Иуахӕмы нӕ хотӕй иу ацы чиныг радта иу ӕрыгон сылгоймагӕн ӕмӕ ма йын ныууагъта, Интернеты йын цы почтӕ ис, уый адрис дӕр. Иу сахаты фӕстӕ йӕм уыцы сылгоймаг ныффыста, иуцасдӕр дзы кӕй бакаст ӕмӕ йӕ фылдӕр базонын кӕй фӕнды. Иу къуырийы фӕстӕ сылгоймагимӕ райдыдтой Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ, бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ӕмбырдтӕм цӕуын дӕр райдыдта.

Ацы чиныгӕй Японийы ӕмбырдтӕм арвыстой 1 600 000 экземплярӕй фылдӕр. Ӕмӕ дзы алы мӕй дӕр Ӕвдисӕнтӕ байуарынц дӕсгай мин экземпляры. Ацы чиныг рауадзджытӕн сӕ нысан цы у, уый бӕрӕг у, чиныджы разныхасы цы фыст ис, уымӕй: «Ныфс нӕ ис, ацы чиныг куы бакӕсай, уӕд дӕ ноджы тынгдӕр кӕй бафӕнддзӕн Библи хуыздӕр базонын».