Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ уын уӕ бинонты цард хъахъхъӕнӕд

Йегъовӕ уын уӕ бинонты цард хъахъхъӕнӕд

«Горӕт Йегъовӕ куы нӕ хъахъхъӕна, уӕд дзӕгъӕлы лӕууы хъахъхъӕнӕг» (ПС. 127:1ӕ).

1, 2. а) 24 000 израиладжы Хуыцауы диссаджы арфӕдзинадӕй ӕнӕхай цӕмӕн фесты? ӕ) Уыцы рагон хабар махӕн зондзонӕн цӕмӕн у?

ИЗРАИЛӔГТӔ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уымӕй гыццыл раздӕр сӕ нӕлгоймӕгтӕй мингӕйттӕ «райдыдтой Моавы чызджытимӕ хӕтын». Уый тыххӕй 24 000 израиладжы Йегъовӕйы къухӕй фӕцагъды сты. Ахъуыды-ма кӕн, Хуыцау сын зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕхмӕ бацӕуынмӕ куыд тынг бирӕ фенхъӕлмӕ кастысты ӕмӕ сӕ куыд гыццыл хъуыди, цӕмӕй йӕ сӕхи бакодтаиккой! Фӕлӕ, хъыгагӕн, уыцы диссаджы хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай фесты, уымӕн ӕмӕ сӕ тӕригъӕдджын монцты фӕдыл ацыдысты (Ным. 25:1–5, 9).

2 Уыцы хабар Библийы фыст ӕрцыд, «цӕмӕй дзы мах, ацы дуджы кӕрон чи цӕры, уыдон, нӕхицӕн зонд райсӕм» (1 Кор. 10:6–11). Мах цӕрӕм «фӕстаг бонтӕн» сӕ тӕккӕ кӕрон, ӕмӕ ног дуне тынг ӕввахс у (2 Тим. 3:1; 2 Пет. 3:13). Фӕлӕ, хъыгагӕн, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ ӕнӕгъдаудзинадмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсын райдыдтой. Уый аххосӕй сӕ тӕригъӕдджын монцты фӕдыл ацыдысты, ӕмӕ ныр ӕвзарынц, се ’взӕр хъуыддӕгтӕ сӕ цӕмӕ ӕркодтой, уыдӕттӕ. Ахӕм адӕм куы не ’рфӕсмон кӕной, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ фидӕны ӕнусон арфӕдзинӕдтӕй дӕр ӕнӕхай фӕуой.

3. Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус Йегъовӕйы разамындмӕ хъусой ӕмӕ сын сӕ бинонты цард хъахъхъӕна? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

3 Дуне абон куыд хӕлд у, афтӕ никуы уыд. Ӕмӕ цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзиимӕ ӕнгом уой, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйы разамындмӕ хъусой ӕмӕ сын Хуыцау сӕ бинонты цард хъахъхъӕна. (Бакӕс Псалом 127:1.) Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон куыд у сӕ бинонты цард хъахъхъӕнын. Уый тыххӕй хъуамӕ сӕ зӕрдӕтӕ хъахъхъӕной, Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕной, сӕ удыхъӕд ногмӕ ивой, кӕрӕдзиимӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ ныхас кӕной ӕмӕ сыл кӕрӕдзийы раз цы хӕс ис, уый ӕххӕст кӕной.

УӔ ЗӔРДӔТӔ ХЪАХЪХЪӔНУТ

4. Афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ чырыстон ӕнӕгъдау ми бакӕны?

4 Цымӕ афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ чырыстон ӕнӕгъдау ми бакӕны? Арӕх алцыдӕр райдайы, адӕймаг цӕмӕ фӕкӕсы, уымӕй. Йесо уый афтӕ бамбарын кодта: «Сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг» (Матф. 5:27, 28; 2 Пет. 2:14). Ӕнӕгъдау ми чи бакодта, уыдонӕй бирӕтӕ уый размӕ кастысты порнографимӕ кӕнӕ, Интернеты цы ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ февдисынц, уыдонмӕ. Стӕй ма кастысты, ӕнӕгъдаудзинады тыххӕй фыст кӕм ис, ахӕм чингуытӕ дӕр. Чидӕртӕ та сӕ кастысты, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн цы вӕййы, уый ӕргом кӕм февдисынц, ахӕм кинотӕм ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй ӕргом кӕм фӕдзурынц, ахӕм телепередачӕтӕм кӕнӕ та, ӕнӕгъдау митӕ кӕм февдисынц, ахӕм спектакльтӕм. Иуӕй-иутӕ та цыдысты ӕхсӕвыгон клубтӕм, бӕгънӕгӕй кӕм фӕкафынц, ахӕм рӕттӕм кӕнӕ, адӕймагӕн йӕ буары монцтӕ кӕмӕй ссудзынц, ахӕм массажтӕ кӕм фӕкӕнынц, уыцы салонтӕм.

5. Нӕ зӕрдӕтӕ цӕмӕн хъуамӕ хъахъхъӕнӕм?

5 Чидӕртӕ сӕ буары монцты фӕдыл уымӕн ацӕуынц, ӕмӕ се ’ргом аздахынц, сӕ цардӕмбал чи нӕу, уымӕ. Мах цӕрӕм, хиуыл хӕцын кӕм нӕ зонынц ӕмӕ хӕлд митӕ ӕхцондзинады хос кӕм сты, ахӕм дунейы. Уымӕй уӕлдай ма, ӕнӕххӕст зӕрдӕ мӕнгард кӕй у, уый тыххӕй адӕймаг ӕнцонтӕй бауарзы ӕндӕр кӕйдӕр. (Бакӕс Йеремийы 17:9, 10.) Йесо загъта: «Зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ, марын, цардӕмбалыл гадзрахатӕй цӕуын, хӕтын» (Матф. 15:19).

6, 7. а) Адӕймаг ӕвзӕр фӕндтӕн йӕ зӕрдӕйы бынат куы скӕны, уӕд ӕй уый цӕмӕ ӕркӕны? ӕ) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй тӕригъӕд ма саразӕм?

6 Бинонтӕ кӕмӕн ис, дыууӕ ахӕм адӕймаджы кӕрӕдзийы зӕрдӕмӕ цӕуын куы райдайынц ӕмӕ сӕм ӕвзӕр фӕндтӕ куы фӕзыны, уӕд райдайынц, ӕрмӕстдӕр сын сӕ цардӕмбӕлттимӕ дзурӕн цӕуыл ис, уыдӕттыл ныхас кӕнын. Бирӕ нӕ рацӕуы, афтӕ райдайынц фадӕттӕ агурын, цӕмӕй фылдӕр рӕстӕг иумӕ ӕрвитой. Арӕхӕй-арӕхдӕр фембӕлынц ӕмӕ сӕхи афтӕ фӕдарынц, цыма ӕнӕнхъӕлӕджы фембӕлдысты. Сӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ цас тыхджындӕр кӕнынц, уыйас сын зындӕр вӕййы, раст цы у, уый кӕнын. Кӕрӕдзиимӕ ӕнгомӕй-ӕнгомдӕр куыд фӕкӕнынц, афтӕ сын зынӕй-зындӕр вӕййы уыцы тӕгтӕ атонын, кӕд ӕй фӕзонынц, раст кӕй нӕ кӕнынц, уӕддӕр (Ӕмб. 7:21, 22).

7 Рӕстӕг рацӕуы, ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг уагӕвӕрдтӕ бынтондӕр ферох вӕййынц. Сӕ зӕрдӕты ӕвзӕр фӕндтӕ кӕй фӕзыны ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ, цӕуыл не ’мбӕлы, уыдӕттыл кӕй фӕныхас кӕнынц, уый сӕ уымӕ ӕркӕны, ӕмӕ райдайынц, ӕрмӕстдӕр лӕг ӕмӕ усӕн чи ӕмбӕлы, ахӕм митӕ кӕнын – сӕ кӕрӕдзийы къухтыл хӕцын, пъатӕ кӕнын ӕмӕ кӕрӕдзийыл узӕлын. Сӕ «зӕрдӕйы фӕнд... [сӕ] сцырен кӕны ӕмӕ йӕ фӕдыл... ацӕуынц». Ӕппынфӕстаг уыцы фӕнд ахӕм тыхджын свӕййы, ӕмӕ ӕнӕгъдау ми бакӕнынц (Иак. 1:14, 15). Уыцы дыууӕ адӕймаджы Йегъовӕйӕн уый бар куы лӕвӕрдтаиккой, цӕмӕй сын бинонты цардмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн баххуыс кодтаид, уӕд уыцы тӕригъӕд ницы хуызы сарӕзтаиккой. Фӕлӕ, хъыгагӕн, афтӕ нӕ бакодтой. Цымӕ адӕймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй бинонты цардмӕ раст цӕстӕй кӕса?

ХУЫЦАУМӔ ӔВВАХСДӔР КӔНУТ

8. Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕнӕгъдаудзинадӕй нӕхи хизӕм?

8 Бакӕс Псалом 97:10. Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ кӕй стӕм, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕнӕгъдаудзинадӕй нӕхи хизӕм. Хуыцауы рӕсугъд миниуджыты тыххӕй цас фылдӕр базонӕм, уыйас нӕ тынгдӕр фӕфӕнды, цӕмӕй «Хуыцауы фӕзмӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзон хъӕбултӕ стӕм». Уый фӕрцы нӕм фӕзыны хъарутӕ, цӕмӕй «хӕтынӕй ӕмӕ алы чъизи хъуыддагӕй» дард лидзӕм (Еф. 5:1–4). Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «хӕтгӕ чи кӕны ӕмӕ йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдонӕн Хуыцау кӕндзӕн тӕрхон», ӕмӕ уый йӕ зӕрдыл чи дары, уыцы бинонтӕ ӕппӕт хъарутӕй фӕархайынц, цӕмӕй кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой (Дзут. 13:4).

9. а) Иосиф фӕлварӕны фидар цӕй фӕрцы фӕлӕууыд? ӕ) Иосифы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

9 Иуӕй-иу чырыстӕттӕ ӕнӕгъдаудзинадмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсын райдайынц, фӕскуыст сӕ рӕстӕг се ’нӕуырнӕг ӕмкусджытимӕ кӕй фервитынц, уый тыххӕй. Чидӕртӕ та фӕлварӕнтыл сӕмбӕлынц куысты рӕстӕг дӕр. Раст ахӕм уавӕры уыди ӕрыгон Иосиф дӕр. Уый уыдта, йӕ хицауы бинойнаджы зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы. Уыцы сылгоймаг ын алы бон дӕр дзырдта, цӕмӕй йемӕ ӕмуат ӕрцыдаид. Иухатт ын «йӕ дарӕсыл ныххӕцыд ӕмӕ йын загъта: „Мемӕ схуысс!“». Фӕлӕ йын Иосиф нӕ бакуымдта ӕмӕ алыгъд. Цымӕ йын цы баххуыс кодта, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты йӕхи ма фӕчъизи кодтаид? Иосифӕн йӕ фидар фӕнд уыди, Хуыцауимӕ йын цы хӕлардзинад уыд, уый бахъахъхъӕнын. Ӕмӕ кӕд Иосиф ӕнӕ куыстӕй баззад ӕмӕ йӕ ахӕстоны дӕр бакодтой, уӕддӕр ын Йегъовӕ арфӕ кодта (Райд. 39:1–12; 41:38–43). Уӕдӕ куысты уӕм ӕви ӕндӕр искуы, хъуамӕ нӕхи хизӕм, фӕлварӕн нын чи суыдзӕн, ахӕм уавӕртӕй.

УӔ УДЫХЪӔД НОГМӔ ИВУТ

10. Лӕг ӕмӕ ус сӕ удыхъӕд ногмӕ куы ивой, уӕд сын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн?

10 Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй ног удыхъӕд конд у «Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ». Ӕмӕ йӕ удыхъӕд ногмӕ чи ивы, уыцы бинонтӕн ӕнӕгъдау хъуыддаг бакӕнынӕй афтӕ тӕссаг нӕу (Еф. 4:24). Мах нӕ удыхъӕд ногмӕ фӕивӕм, «хӕтындзинад, чъизи митӕ, монцӕй судзын, фыдбылыз фӕндтӕ, стӕй зыд кӕныны» ныхмӕ кӕй тох кӕнӕм, уый фӕрцы ӕмӕ афтӕмӕй «марӕм» нӕ тӕригъӕдджын буары фӕндтӕ. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:5, 6.) Дзырд «марын» уымӕ амоны, ӕмӕ ӕнӕгъдау фӕндты ныхмӕ фидар фӕлӕууыны тыххӕй хъуамӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕхи хизӕм, ӕнӕгъдау хъуыдытӕ ӕмӕ нӕм фӕндтӕ цӕй тыххӕй фӕзына, уыдӕттӕй (Иов 31:1). Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый фӕрцы ахуыр кӕнӕм «ӕвзӕрдзинадӕй» не сӕфт уынын ӕмӕ «хорз цы у», ууыл фидар хӕцын (Ром. 12:2, 9).

11. Лӕг ӕмӕ ус сӕ удыхъӕд ногмӕ кӕй фӕивынц, уый сӕ бинонты цардыл куыд фӕзыны?

11 Лӕг ӕмӕ ус сӕ удыхъӕд ногмӕ куы фӕивынц, уӕд сӕм фӕзыны, Йегъовӕмӕ цы миниуджытӕ ис, уыдон (Кол. 3:10). Кӕрӕдзийы зын сӕ зӕрдӕмӕ куы исой, стӕй хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон куы уой, уӕд уыдзысты ӕнгом ӕмӕ сын Йегъовӕ дӕр арфӕ кӕндзӕн (Кол. 3:12). Стӕй ма сӕ «зӕрдӕты мидӕг хицау уыдзӕн Чырыстийы фарн», ӕмӕ уый фӕрцы бинонтӕ «а» ӕмӕ «о»-йӕ цӕрдзысты (Кол. 3:15). Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи «фӕлмӕн уарзтӕй» куы уарзой, уӕд-иу кӕрӕдзийӕн балӕггад кӕнынмӕ ӕмӕ кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ сӕ «иу иннӕйы разӕй фӕуыдзӕн» (Ром. 12:10).

12. Дӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, бинонтӕм цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, цӕмӕй амондджын уой?

12 Иу бинонты куы бафарстой, зӕгъгӕ уын цавӕр миниуджытӕ ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй амондджын уат, уӕд уыцы бинонты хистӕр, Сид, загъта: «Ӕдзухдӕр кӕуыл фӕкусӕм, уыцы миниуджытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр у уарзондзинад. Стӕй ма бамбӕрстам, тынг ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй фӕлмӕн уӕм». Йӕ бинойнаг Соня йӕ ныхӕстимӕ сразы ӕмӕ загъта: «Хӕларзӕрдӕдзинад дӕр ӕнӕмӕнг у. Стӕй ма фӕархайӕм, цӕмӕй сӕрныллӕг уӕм, кӕд уый алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр».

КӔРӔДЗИИМӔ ЗӔРДӔЙӔ-ЗӔРДӔМӔ НЫХАС КӔНУТ

13. Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты ӕмӕ цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?

13 Цӕмӕй бинонтӕ амондджын уой, уый тыххӕй хъуамӕ кӕрӕдзиимӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕной. Хъыгагӕн, иуӕй-иу лӕгтӕ ӕмӕ устытӕ, ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ ӕмӕ ма суанг сӕ куыйтӕ ӕмӕ сӕ гӕдытимӕ куыд фӕлмӕнӕй фӕныхас кӕнынц, кӕрӕдзиимӕ афтӕ нӕ фӕдзурынц! Бинонты ’хсӕн «фыдӕх, маст, знӕт, хъӕр-хъӕлӕба [ӕмӕ] ӕфхӕрӕн ныхас» куы вӕййы, уӕд лӕг ӕмӕ ус сабыргай кӕрӕдзийӕ адард вӕййынц (Еф. 4:31). Уайдзӕфтӕ ӕмӕ ӕлхыскъ ныхас бинонтӕн зиан йеддӕмӕ ницы хӕссы. Уӕдӕ лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ фӕлмӕн ныхас кӕной ӕмӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарой (Еф. 4:32).

14. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

14 Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, «ис рӕстӕг хъусӕй лӕууынӕн» (Еккл. 3:7). Фӕлӕ уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ мадзуратӕ кӕной. Германийӕ иу сылгоймаг уый тыххӕй загъта: «Ахӕм уавӕрты дӕ цардӕмбалмӕ куы нӕ дзурай, уӕд ын ӕрмӕст уымӕй дӕр йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕндзынӕ». Стӕй ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Адӕймаг куы смӕсты вӕййы, уӕд ын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, цӕмӕй йӕхи баурома ӕмӕ мацы зӕгъа. Фӕлӕ, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдон иууылдӕр ракалай, уый дӕр хорз нӕу. Афтӕмӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнӕрхъуыдыйӕ ахӕм исты зӕгъай кӕнӕ саразай, ӕмӕ дӕ цардӕмбалы зӕрдӕ фӕриссын кӕнай. Ӕмӕ уӕд уавӕр фыддӕр цы фӕуа, ӕндӕр хуыздӕр нӕ фӕуыдзӕн». Лӕг ӕмӕ ус сӕ зындзинӕдтӕ кӕрӕдзийыл хъӕр кӕнгӕ кӕнӕ мадзуратӕ кӕнгӕйӕ нӕ фескъуыддзаг кӕнынц. Уыдон фӕархайынц, цӕмӕй-иу иу хъуыдымӕ тагъддӕр ӕрцӕуой ӕмӕ быцӕу кӕнын ма райдайой. Ӕмӕ уый фӕрцы кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕнынц.

15. Бинонтӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ куы ныхас кӕной, уӕд сын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн?

15 Бинонтӕ ма кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр фӕкӕнынц, фаг рӕстӕг куы рахицӕн кӕнынц, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн, сӕ зӕрдӕты цы ис, уый радзурой. Стӕй, цы дзурӕм, ӕрмӕст уый нӕу ахсджиаг, фӕлӕ ма йӕ куыд дзурӕм, уый дӕр. Уӕдӕ суанг зын уавӕрты дӕр архай, цӕмӕй дӕ ныхӕстӕ дӕр ӕмӕ дӕ хъӕлӕсы уаг дӕр фӕлмӕн уой. Афтӕмӕй дӕ цардӕмбалӕн ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ исын. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 4:6.) Лӕг ӕмӕ ус сӕ бинонты царды мӕсыг фидардӕр кӕндзысты, зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ куы ныхас кӕной ӕмӕ кӕрӕдзийӕн, «хъӕугӕ сахат адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ» куы дзурой, уӕд (Еф. 4:29).

Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзиимӕ зӕрдӕйӕ-зӕрдӕмӕ куы ныхас кӕной, уӕд уыдзысты ноджы ӕнгомдӕр (кӕс 15 абзац)

КӔРӔДЗИЙЫ РАЗ УЫЛ ЦЫ ХӔС ИС, УЫЙ ӔХХӔСТ КӔНУТ

16, 17. Лӕг ӕмӕ усыл кӕрӕдзийы раз цы хӕс ис, уый ӕххӕст кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?

16 Бинонтӕ ма ӕнгом уыдзысты, алчидӕр сӕ, иннӕмӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл куы хъуыды кӕна, уӕд дӕр (Фил. 2:3, 4). Лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийыл тыхсой – кӕрӕдзийыл узӕлой ӕмӕ кӕрӕдзийы сӕ уарзтӕй рӕвдауой. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 7:3, 4.)

17 Хъыгагӕн, иуӕй-иу бинонтӕ кӕрӕдзимӕ сӕ уарзондзинад не ’вдисынц ӕмӕ афтӕ цӕрынц, цыма лӕг ӕмӕ ус дӕр не сты. Нӕлгоймӕгтӕй иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дӕ бинойнагимӕ фӕлмӕн уай ӕмӕ йыл узӕлай, уыдӕттӕ лӕджы митӕ не сты. Фӕлӕ Библийы фыст ис: «Лӕгтӕ, уӕ устытимӕ цӕрут, ӕмбарут сӕ, афтӕмӕй» (1 Пет. 3:7). Лӕг хъуамӕ ӕмбара, йӕ бинойнаджы раз ыл цы хӕс ис, уымӕ ӕрмӕст ӕмуат ӕрцӕуын кӕй нӕ хауы. Хъуамӕ йемӕ ӕнӕуи дӕр фӕлмӕн уа ӕмӕ йӕ рӕвдауа. Уӕд сылгоймагӕн, се ’хсӕн цы вӕййы, уый ӕхсызгондӕр уыдзӕн. Лӕг дӕр ӕмӕ ус дӕр кӕрӕдзи куы уарзой ӕмӕ кӕрӕдзийыл куы тыхсой, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн, кӕрӕдзийы раз сыл цы хӕс ис, уый ӕххӕст кӕнын.

18. Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр кӕной?

18 Йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи рацыд, уыцы адӕймаг йӕхи ницӕмӕй сраст кӕндзӕн. Фӕлӕ, ахӕм тӕригъӕд кӕй саразы, уымӕн арӕх йӕ аххосӕгтӕй иу вӕййы, йӕ цардӕмбал ӕй рӕвдыдцух кӕй уагъта, уый (Ӕмб. 5:18; Еккл. 9:9). Лӕг ӕмӕ усыл кӕрӕдзийы раз цы хӕс ис, уый фӕдыл сӕ Библи дӕр фӕдзӕхсы, «уыцы хъуыддаджы уӕ кӕрӕдзийӕн „нӕ“ ма дзурут», зӕгъгӕ. Ӕмӕ, зӕгъӕм, уыцы хъуыдаджы кӕрӕдзийӕн «нӕ», зӕгъгӕ, загътой, уӕддӕр хъуамӕ дыууӕйӕ дӕр разы уой, фӕлӕ цыбыр рӕстӕгмӕ. Цӕмӕн? «Цӕмӕй, уӕхиуыл хӕцын кӕй нӕ фӕразут, уый аххосӕй уӕ Сайтан ма рӕдийын кӕна» (1 Кор. 7:5). Уымӕй стырдӕр бӕллӕх ма цы хъуамӕ уа, ӕмӕ бинонтӕ, «сӕхиуыл хӕцын кӕй нӕ фӕразынц», уый тыххӕй Сайтанӕн уый бар куы раттой, цӕмӕй сӕ искӕй фӕрӕдийын кӕна! Бинонтӕй алчидӕр хъуамӕ «хъуыды кӕна иннӕйы пайдайыл, йӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ». Ӕмӕ уӕд, кӕрӕдзийы раз сыл цы хӕс ис, уый ӕххӕст кӕндзысты, сӕ хӕс кӕй у, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ уый фӕрцы та кӕрӕдзимӕ ӕнгомӕй-ӕнгомдӕр кӕндзысты (1 Кор. 10:24).

УӔ БИНОНТЫ ЦАРД ДАРДДӔР ДӔР ХЪАХЪХЪӔНУТ

19. Нӕ фидар фӕнд цы хъуамӕ уа ӕмӕ цӕмӕн?

19 Абон мах лӕууӕм ног дунейы къӕсӕрыл. Ӕмӕ куыд кӕуинаг уаид нӕ уавӕр, Моавы быдырты чи бабын, уыцы 24 000 израилагау мах дӕр нӕ буары монцты фӕдыл куы ацӕуиккам! Павел уыцы израилӕгты кой куы скодта, уӕд чырыстӕтты бафӕдзӕхста: «Уӕдӕ афтӕ чи хъуыды кӕны, ӕмӕ фидар лӕууы, уый йӕхимӕ кӕсӕд, цӕмӕй ма ахауа» (1 Кор. 10:12). Цӕмӕй уӕ бинонтӕ ӕнгом уой, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйыл ӕмӕ кӕрӕдзийыл иузӕрдион уат (Матф. 19:5, 6). Ныр нӕ уӕлдай тынгдӕр хъӕуы «ӕппӕт хъарутӕй архайын, цӕмӕй ӕппынфӕстаг... [Йегъовӕйы] раз ӕрлӕууӕм ӕнаиппӕй, сыгъдӕгӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕргӕйӕ» (2 Пет. 3:13, 14).