Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

 НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

Хурыскӕсӕн бӕстӕмӕ рӕстдзинады рухс бакалд

Хурыскӕсӕн бӕстӕмӕ рӕстдзинады рухс бакалд

Токиойы адӕмӕн уӕрстой хуынды гӕххӕттытӕ, Осакӕйы та сӕ ӕркалдтой хӕдтӕхджытӕй

ИУГОНД ШТАТТЫ пилигримӕй (цӕуӕг цӕстдарӕгӕй) чи лӕггад кодта, иу ахӕм япойнаг ӕфсымӕр 1926 азы 6 сентябры фӕстӕмӕ Японимӕ ӕрыздӕхт, цӕмӕй уым миссионерӕй лӕггад кодтаид. Уым йӕ размӕ ӕрбацыд, Японийы журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» чи иста, уыцы иунӕг адӕймаг. Уыцы нӕлгоймаг горӕт Кобейы ӕрӕмбырд кодта, Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕндыд, ахӕм адӕмы къорд. Библииртасджытӕн Японийы фыццаг конгресс уыди уыцы горӕты, 1927 азы 2 январы. Уыцы конгрессы уыди 36 адӕймаджы ӕмӕ дзы 8 адӕймаджы та донаргъуыд райстой. Уый хорз райдиан уыд, фӕлӕ цымӕ уыцы гыццыл къордӕн сӕ бон куыд бауыдаид, Японийы цы 60 милуан адӕймаджы цард, уыдонмӕ Библийы рӕстдзинады рухс фӕхӕццӕ кӕнын?

1927 азы майы зӕрдӕргъӕвд Библииртасджытӕ скодтой зиу – адӕмы хуыдтой Библийыл арӕзт раныхӕстӕм байхъусынмӕ. Фыццаг раныхас хъуамӕ уыдаид горӕт Осакӕйы, ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕнӕхъӕн горӕты уынгты сӕвӕрдтой, раныхасы тыххӕй фыст кӕм уыд, ахӕм хъусинӕгтӕ ӕмӕ стыр афишӕтӕ, стӕй ма горӕты зындгонд адӕммӕ арвыстой 3 000 хуынды гӕххӕтты. Байуӕрстой ма 150 000 хуынды гӕххӕтты, стӕй Осакӕйы стырдӕр газеттӕм дӕр раныхасы фӕдыл хъусинаг радтой. Ахӕм хъусинаг ма скодтой поезды билеттыл дӕр, сӕ нымӕц уыд 400 000. Раныхас цы бон уыд, уыцы бон та дыууӕ хӕдтӕхӕгӕй горӕты сӕрмӕ 100 000 хуынды гӕххӕтты ӕркалдтой. Горӕты цы стыр галуан уыд, Осакӕ Асахи, зӕгъгӕ, уым ӕрӕмбырд 2 300 адӕймаджы бӕрц, цӕмӕй байхъуыстаиккой раныхасмӕ, «Хуыцауы Паддзахад хӕстӕг у», зӕгъгӕ. Галуаны бынат кӕмӕн не сфаг, уыдон та уыдысты иу мины бӕрц. Раныхасы фӕстӕ хъусджытӕн сӕ бон уыди фарстатӕ раттын, ӕмӕ дзы 600 адӕймагӕй фылдӕр баззад. Уый фӕстӕ цалдӕр мӕйы дӕргъы раныхӕстӕ уыд Киотойы ӕмӕ ныгуылӕн Японийы ӕндӕр горӕтты дӕр.

1927 азы октябры Библииртасджытӕ Токиойы дӕр спълан кодтой раныхӕстӕ радзурын. Ӕмӕ та ацы хатт дӕр хуынды гӕххӕттытӕ арвыстой зындгонд адӕммӕ, зӕгъӕм, премьер-министрмӕ, парламенты уӕнгтӕм, дины ӕмӕ ӕфсады разамонджытӕм. Библииртасджытӕ ма спайда кодтой афишӕтӕй дӕр, газеттӕм хъусинаг радтой ӕмӕ 710 000 хуынды гӕххӕтты байуӕрстой. Уый фӕрцы, Японийы сӕйраг горӕты цы ӕртӕ раныхасы уыд, уыдонмӕ ӕдӕппӕтӕй байхъуыста 4 800 адӕймаджы.

ЗЫНГЗӔРДӔ ЧИНЫГХӔСДЖЫТӔ

Кацуо ӕмӕ Хагино Миура

Чиныгхӕсджытӕ (пионертӕ) бирӕ фыдӕбон кодтой, цӕмӕй хорз хабар хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр хъусын кодтаиккой. Японийы фыццаг чиныгхӕсджытӕй сӕ иу, Мацуэ Исии, ӕмӕ йӕ сӕрыхицау, Дзизо, ӕрзылдысты Японийы бӕстӕйӕн йӕ фылдӕр хайыл – цӕгаты чи ис, уыцы  горӕт Саппоройӕ Сендайы онг, стӕй Токио, Йокогамӕ, Нагойӕ, Осакӕ, Киото, Окаямӕ ӕмӕ Токусимӕйы. Хо Исии ӕмӕ иу ацӕргӕ хо, Сакико Танака, цыдысты стыр хицӕуттӕм дӕр. Сӕ уӕлӕ-иу уыди, ахӕм уавӕрты дарын кӕй ӕмбӕлд, ахӕм кимонотӕ. Кӕимӕ аныхас кодтой, уыцы хицӕуттӕй сӕ иу загъта, цӕмӕй йын чингуытӕй «Арфа Божия» ӕмӕ «Освобождение» фӕйнӕ 300 экземпляры ӕрбахастаиккой ӕмӕ сӕ ахӕстӕтты библиотекӕты сӕвӕрдтаид.

Кацуо ӕмӕ Хагино Миура хо Исиийӕ райстой чингуытӕ ӕмӕ уайтагъд бамбӕрстой, рӕстдзинад кӕй ссардтой, уый. 1931 азы донаргъуыд райстой ӕмӕ стӕй чиныгхӕсджытӕ систы. 1930 азмӕ ’ввахс рӕстдзинад базыдтой Харуичи ӕмӕ Тане Ямада, стӕй ма сӕ хиуӕттӕй дӕр бирӕтӕ. Харуичи ӕмӕ Тане райдыдтой чиныгхӕсджытӕй лӕггад кӕнын, сӕ чызг Юкико та Токиойы Вефилы лӕггад кӕнын райдыдта.

«СТЫР ИИУЙТӔ» ӔМӔ «ГЫЦЦЫЛ ИИУЙТӔ»

«Стыр Ииуйы» цыди ӕхсӕз пионеры

Уӕды заман машинӕтӕ тынг зынаргъ уыдысты, фӕндӕгтӕ та – ӕвзӕр. Ӕмӕ уый тыххӕй Кацуми Миноура ӕмӕ иннӕ ӕрыгон чиныгхӕсджытӕ пайда кодтой, мотор кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм фургонтӕй. Хуыдтой сӕ, бӕхуӕрдоныл-иу тынг тагъд чи цыд ӕмӕ Израилы паддзах чи сси, уыцы Ииуйы номӕй (2 Пад. 10:15, 16). «Стыр Ииуйтӕ» уыдысты ӕртӕ, сӕ дӕргъ уыди 2,2 метры, сӕ уӕрх – 1,9 метры, сӕ бӕрзӕнд та – 1,9 метры, ӕмӕ дзы алкӕцыйы дӕр цыди ӕхсӕз пионеры. «Гыццыл Ииуйтӕ» та уыдысты 11, ӕмӕ дзы цыди дыууӕ адӕймаджы. Уыцы гыццыл фургонтӕ-иу бафидар кодтой велосипедтӕм, аразгӕ та сӕ скодтой Японийы филиалы. «Ииуйтӕ» аразынӕн чи ӕххуыс кодта, уыцы ӕфсымӕр, Киичи Ивасаки, загъта: «Алы „Ииуйӕн“ дӕр уыди ӕмбӕрзӕн, стӕй машинӕйы акумулятор, цӕмӕй дзы рухс уыдаид». Чиныгхӕсджытӕ ӕгас Японийыл дӕр парахат кодтой рӕстдзинады рухс, сӕ «Ииуйтӕ» ӕвӕллайгӕйӕ ластой хӕхтӕм ӕмӕ кӕмттӕм, цӕгатмӕ ӕмӕ хуссармӕ – Хоккайдойӕ суанг Кюсюмӕ.

«Гыццыл Ииуйы» та – дыууӕ

Чиныгхӕссӕг Икумацу Ота радзырдта: «Горӕтмӕ-иу куы бахӕццӕ стӕм, уӕд-иу нӕ „Ииуй“ баурӕдтам доныбыл кӕнӕ быдыры. Фыццаг-иу бацыдыстӕм горӕты хицӕуттӕм, зӕгъӕм, мэрмӕ, ӕмӕ-иу уый фӕстӕ нӕ литературӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ парахат кодтам. Се ’ппӕтыл дӕр-иу куы ’рзылдыстӕм, уӕд-иу ӕндӕр горӕтмӕ ацыдыстӕм».

Горӕт Кобейы 36 Библииртасӕджы сӕ фыццаг конгресс цы бон ауагътой, уый уыди, «гыццыл хъуыддӕгтӕ цы бон ӕрцыд арӕзт, уыцы бон» (Зах. 4:10). Фӕлӕ 1932 азы, уыцы хабарӕй ӕрмӕстдӕр фондз азы фӕстӕ, Японийы уацамынды хыгъд радтой 103 чиныгхӕссӕг ӕмӕ хъусынгӕнӕджы, ӕмӕ апарахат кодтой 14 000 чиныгӕй фылдӕр. Абон Японийы стыр горӕтты, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хорз хабар хъуыстгонд цӕуы, ӕмӕ 220 000 хъусынгӕнӕджы бӕрц «хурыскӕсӕн бӕстӕйыл» парахат кӕнынц рӕстдзинады рухс. (Нӕ архивтӕй Японийы.)